Советон дуджы Знауыры районы уыд размæдзыд хъæууон хæдзарад, хъæздыг уыд дзидза, æхсыры продукттæй, халсæрттæ æмæ дыргъты æркондæй. Æрмæст Ирыстоны нæ ифтонг кодта йæ æркæнгæ тыллæгæй, фæлæ ма сæ æрвыста Гуырдзыстоны столицæ Тбилисмæ дæр. Фæлæ, куыд зонæм, афтæмæй, Советон Цæдисы ныппырхæй æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуыдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн район æрцыд æдзæллаг уавæрмæ. Районы цæрджытæй бирæтæ хуыздæр цардагур фæлыгъдысты æндæр рæттæм. Ныппырх сты фæндæгтæ, хъæууон хæдзарад дæр æрхауд æдзæллаг уавæрмæ. Фæлæ ныр Стыр Уæрæсейы æххуысы æмæ нæ республикæйы къухдариуæгады арæхстджын архайды фæрцы йæ хуыз хорзæрдæм фæивта район. Цхинвалæй Знауырмæ сарæзтæуыд сосæ фæндаг, арæзт æмæ цалцæг æрцыдысты æмæ дарддæр дæр цæуынц фæндæгтæ, скъолатæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ æмæ æнд.

Цæмæй æппæт уыдæттæ бынаты бæрæг æрцыдаиккой, уый сæраппонд Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитет радон хатт сорганизаци кодта пресс-тур Ирыстоны рæсугъддæр къуымтæй сæ иу — Знауыры районмæ. Фыццаг уал информацион фæрæзты минæвæрттæ бацыдысты районы администрацийы бæстыхаймæ. Бæстыхай у капиталон цалцæгкæнинаг, уымæн æмæ рагæй нæ уыд цалцæггонд, фæлæ йæ ныр капиталонæй цалцæг кæнынц.

Районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Рустам куыд радзырдта, афтæмæй администрацийы бæстыхайы хатæнтæй ивгъуыд аз цалцæг æрцыдысты æртæ кабинеты. Ныр дæр кусынц, æмæ Джиойы фырты ныхæстæм гæсгæ, азы кæронмæ хъуамæ цалцæг æрцæуа 7 кабинеты. Фидæнмæ дæр фæнд кæнынц 15 хатæны сцалцæг кæнын.

«Финанстæ нын кæй нæма рахицæн чындæуыд, уый тыххæй нын ис проблемæтæ, фæлæ цæмæй ма фæстиат кæнæм, уый тыххæй кæм нæхи фæрæзтæй, кæм хæстæ райсæм, афтæмæй кæнæм цалцæггæнæн куыстытæ», — банысан кодта администрацийы сæргълæууæг.

Джиоты Рустам куыд банысан кодта, афтæмæй фæнд кæнынц Терегуан æмæ Бехъмары хъæууон администрациты бæстыхæйтты дæр капиталонæй сцалцæг кæнын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз районы администраци хъуамæ сцалцæг кæна фæндæгтæ районы 18 хъæумæ. Ныридæгæн уал цалцæггонд æрцыдысты фæндæгтæ авд хъæумæ. Фæндæгты иумиаг дæгъ у 15 километры бæрц.

«Абон уал кусæм Зиулеты хъæусоветы здæхты, цалцæг кæнæм фæндæгты, скъуыддзаг кæнæм донифтонгады æмæ электроэнергийы фарстатæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис проблемæтæ дæр, фæлæ уыдон дæр аскъуыддзаг кæндзыстæм, æрмæстдæр хъæуы бабыхсын», — банысан кодта Джиоты Рустам æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ иу километр фæндаджы цалцæг лæууы 150 мин сомы.

Фæндæгтæ цалцæг цæуынц бынæттон хомысæй — Хслиты хъæуы сæрмæ цы хуыры карер ссардæуыд, фыццаг уал уыцы хуыр калынц фæндæгтыл, стæй йыл ныккалынц, «Иртальк»-ы цур цы сырх хуыр ссардтой, уый.

«Сырх хуыр куы ныккалæм æмæ йыл уый фæстæ къæвда куы æрцæуы, уæд фæндаг асфальты хуызæн слæгъз вæййы», — бахахх кодта районы администрацийы сæргълæууæг.

Рустамы ныхæстæм гæсгæ уыцы сырх хуыр бæззы арæзтадон куыстытæн дæр — бетон кæнынæн æмæ æндæртæн.

Администрацийы сæргълæууæг дарддæр куыд фехъусын кодта, афтæмæй «цалцæг цæуы районы стадион дæр. Стадионы алыварс, кæцы у 400 метры, æхгæд æрцæудзæн. Ныридæгæн æххæст æрцыдысты 100 метры дæргъæн æндадзæн куыстытæ. Куыд фæнд кæнæм, афтæмæй куыстытæ хъуамæ фæуой дыууæ мæймæ».

Дарддæр куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныридæгæн цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Мугуты хъæуы скъолайы.

«Скъолайы бирæ сывæллæттæ кæй нæй, уый тыххæй аскъуыддзаг кодтам ацы аз уал скъолайы фыццаг уæладзыг сцалцæг кæнын, фидæнмæ та сцалцæг кæндзыстæм дыккаг уæладзыг. Скъолайы сæвæрдтам пластикæй рудзгуытæ, арæзт дзы æрцæудзæн хъармгæнæн системæ дæр», — банысан кодта районы администрацийы сæргълæууæг.

Уыимæ иумæ ма уый фехъусын кодта, зæгъгæ, «ацы аз Цъорбисы скъола рацарæзт æрцыд скъолайы агъоммæ сывæллæтты уагдонмæ. Ныридæгæн уыцы рæвдауæндон кусы. Сывæллæтты ахуырадон-хъомыладон архайдæн дзы ис æппæт уавæртæ дæр. Ныридæгæн хæрзарæзт цæуы Знауыры поселочы сывæллæтты фæзуат дæр».

 

Джиоты Рустам куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз администраци фæнд кæны Хъорнисы медицинон амбулатори сцалцæг кæнын, уыимæ иумæ ма хъæуты уынгты хъуамæ арæзт æрцæуа электроны рухсытæ дæр.

«Знауыры районы ис 68 хъæуы æмæ хъæуы рæстæг, цæмæй скъуыддзаг æрцæуой се ’рвылбонон проблемæтæ», — бахахх кодта Джиоты Рустам.

Уый фæстæ Джиоты Рустам журналисты акодта æмæ сын фенын кодта, поселочы фæндæгты цалцæггæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый. Ныридæгæн уал фæндæгтыл калд цæуы хуыр, фæндаггæрæтты та арæзт цæуы къанаутæ.

Администрацийы сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй Хетæгкаты Къостайы, Знауыры æмæ Сталины уынгтæ ацы аз æрцæудзысты асфальтгонд.

Дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ куыд федтой, афтæмæй ацы аз ивд æрцыдысты æмæ дарддæр дæр ивд цæуынц поселочы бирæфатерон цæрæн хæдзæртты æмбæрзтытæ дæр.

Дарддæр журналисттæ уыдысты хъæрмуатон хæдзарадты. Хъæрмуæтты æвзарты уындæй зæрдæ райы. Джиоты Рустам куыд радзырдта, афтæмæй районы ис 17 хъæрмуатон хæдзарады. Уыдон донхæргонд цæуынц æртахон системæйæ. Ацы хæдзарадты хицæуттæй сæ иу — Кокойты Светæ куыд радзырдта, афтæмæй фарон райстой 1600 килограммы помидорты тыллæг, уый та, йæ ныхæстæм гæсгæ, уыд æмбæлонæй къаддæр, уымæн æмæ уæд рæстмæ нæма зыдтой хъæрмуатмæ зилын, фæлæ сæ ныр ныфс ис бирæ фылдæр тыллæджы райстæй. Ныридæгæн дæр бæрæг у, хъæздыг тыллæг кæй райсдзысты, уый. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта Джиоты Рустамы адресыл, ацы хъæрмуат сын кæй балæвар кодта, уый тыххæй.

«Ацы аз, æвæццæгæн, фылдæр тыллæг райсдзыстæм. Нæ продукци базары æргътæй къаддæрмæ реализаци кæнæм Цхинвалы. Ацы аз ныссагътам æрыскъæф дæр æмæ дзы райстам хорз тыллæг, уый дæр ауæй кодтам горæты. Сагъд ма нын ис болгайраг цывзы, хъæдындз…», — радзырдта Кокойты Светæ.

Администрацийы сæргълæууæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй районы хъæрмуатон хæдзарадты нымæц фылдæрæй фылдæр кæны. РХИ-йы Президент хъæрмуæттæ цы бирæсывæллонджын бинонтæн балæвар кодта, уыдон дæр æмæ ма хъæуы цæрджытæй хъæрмуаттæ йæхæдæг чи сарæзта æмæ сын сæ пайда чи банкъардта, уыдон сын сæ нымæц фылдæр кæнынц сæхи фæрæзтæй. Раст базилгæйæ, иу хъæрмуат, астæуккаг нымадæй, дæтты фондз тоннæйы бæрц помидорты тыллæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фидæны фæнд кæнынц хъæрмуатон хæдзарадты хицæуттæн Цхинвалы магазин бакæнын, цæмæй сын æнцондæр уа сæ продукци реализаци кæнын.

Прессæйы кусджытæ уыдысты Знауыры районы мæргъты фермæйы дæр. Фермæйы ис хæдзарон кæрчыты цъиутæ, цицыртæ æмæ уæрццытæ. Уыдоны дæр реализаци кæнынц Цхинвалы.

Джиоты Рустам куыд загъта, афтæмæй мæргътæн хæрын кæнынц алыгъуызон биобафтауæггæгтæ нæ, фæлæ хуымæтæг холлаг. Уый фæстиуæгæн сæ райсæн ис экологионæй сыгъдæг продукци. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстæдæр реализаци кæндзысты куыд карчы, афтæ уæрццы æйчытæ дæр.

Знауыры поселочы уынгты азилгæйæ, æхсызгондзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кодта уый, æмæ дзы фенæн уыд ног хæдзæртты арæзтадтæ дæр. Рустамы ныхæстæм гæсгæ, цæрджытæ хæдзæрттæ аразынц сæхи фæрæзтæй, кæмæндæрты та хæдзæрттæ аразы хицауад. Журналисттæ бынаты уыдысты æмæ федтой, Хслиты хъæумæ хæстæг цы хуыры карер ис, уый, афтæ ма федтой фæндæгтæ куыд цалцæг цæуынц, уый дæр.

P.S. Журналисттæ цы федтой, уымæй райгондæй баззадысты, районыл бæрæгæй зыны хæдзардзин къухдариуæггæнæджы æрмдзæф, фæлæ ма дзы дыргъкуысткæнынад дæр куы сæндидзид, уæд Знауыры район, раздæрау, уаид ноджы бæркадджындæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.