РХИ –йы Президент Бибылты Анатолийы Барамындмæ гæсгæ РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Фидараты Юри хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты цытæн майданæй. Уый ма сæрмагонд лæвар йæ хуссайраг коллегæ Хъотайты Марияйы къухæй  райста, сæрмагонд лæвар нæ Национ банчы рауадзгæ æвзист монетæтæ.

Йæ рады Фидараты Юри дæр йæ коллегæйæн балæвар кодта къухæй куыст кæуыл æрцыд, ахæм куклæ.

Газет «Южная Осетия»-йы сæйраг редактор Чилæхсаты Александр дæр афтидармæй нæ ацыд йæ цæгаттаг коллегæтæм – уый та балæвар кодта хуссарирыстойнаг зындгонд ныгæнæджы конд ныв йæ коллегæ, газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Касаты Аланæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.