Географион равæрдмæ гæсгæ æмæ цæрджыты нымæц хынцгæйæ, нæ Республикæйы районтæй иууыл егъаудæрыл нымад цæуы  Цхинвалы район. Районы æдæппæт нымадæуы 15 хъæууон администрацийы. Уыцы администрациты сконды сты бирæнымæц хъæутæ. Уыцы хъæутæй бирæтæ сты гуырдзиаг-ирон паддзахадон арæнтæм æввахс кæнæ сæ уæлæ. Уымæ гæсгæ арæнтæм æввахс бирæ рæтты цæрджытæ æмбæлынц зындзинæдтыл.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитет цы пресс-туртæ организаци кæны, уыдоны руаджы та республикæйы паддзахадон æмæ æнæпаддзахадон информацион фæрæзты минæвæрттæ ацы бонты базонгæ сты Цхинвалы районы адæмы цардыуаг, проблемæтæ æмæ æнтыстытимæ. 

Балцы райдианы Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Уахтанг, йæ хæдивджытæ æмæ районы мидхъуыддæгты хайады сæргълæууæг Гæбæраты Радионимæ бабæрæг кодтой Хелцуайы хъæуы скъола æмæ клуб, базонгæ сты бынæттон цæрджыты уавæртæ æмæ проблемæтимæ.

Хъæуы арæзт цæуы хæрзвадат уавæртæ

Гуырдзыйы æнæраст политикæйы аххосæй Хуссар Ирыстоны адæм 1989 азæй суанг 2008 азмæ цы зындзинæдтæ баййæфтой, уыдон сæ дæрзæг фæд ныууагътой Хелцуайы хъæуыл. Зæгъæн ис афтæ, æмæ ацы хъæу цадæггай æндидзы æртхутæгæй. Хъæуы цæрджытæн кæд сæ фылдæр хай цардагур фæлыгъдысты сæ райгуырæн уæзæгæй, уæддæр уæзæджы фарн уæлахиз кæны æппæт зындзинæдтыл æмæ ацы хъæуы цæрджытæ дæр фæстæмæ здæхынц сæ цæрæнбынæттæм.

Районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Уахтангы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ Инвестицион программæйы фæлгæтты хъæуы ивд цæуынц рухсы цæджындзтæ. Бирæ азты дæргъы уыдон ивд нæ цыдысты æмæ уыдысты æдзæллаг уавæры. Ныртæккæ дæр хъæуы уынгты фенæн ис, нæ республикæйы унитарон куыстуат «Энергоресурс»-ы кусджытæ активон куыст кæй кæнынц электроадæттæн цæджындзтæ æмæ хæххытæ уадзыныл.

Скъола.  Клуб. Библиотекæ

Советон дуджы ацы хъæуы нæргæ скъолайы астæуккаг нымадæй ахуыр кодта 200 ахуырдзауы бæрц. Ацы скъолайыл йæ фæд ныууагъта нæ фыдбоны сыхæгты тугмондаг политикæ, пырх æрцыд æмæ ахуыры процесс уагъд цыд горæты æндæр æмæ æндæр ахуыргæнæндæтты, цалынмæ сын скъолайæн ног бæстыхай арæзт æрцыд 1999 азы, уæдмæ.

Ныртæккæ Хелцуайы хъæуы астæуккаг скъолайы, хъыгагæн, цыппар ахуыргæнинаг йедтæмæ нæй.

«Нæ скъола раздæр кæд нæргæ скъола уыд, уæддæр азæй азмæ къаддæр кæны ахуыргæнинæгты нымæц. Фарон азимæ абаргæйæ нæм ацы ахуыры аз ис æрмæст-дæр иу рауагъдон. Уый мæгуырауæрдæм æндавы махыл –  ахуыргæнджытыл дæр. Ацы хъуыддаг æз бæттын ууыл, æмæ хъæуы цæрджытæй бирæтæ сæ ахуырдзау фæси-вæды кæнынц горæтмæ», – дзырдта скъолайы къухдариуæггæнæг.

Скъола абоны онг дæр никæй ном хæссы, уымæ гæсгæ йæ къухдариуæгады фæнд у, цæмæй хæсса, гуырдзиаг лæгмарты къухæй райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ хъæуы фæсивæдæй хъæбатырæй чи фæмард, уыдонæй искæй рухс ном. 

 Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, скъолайы ахуыргæнджытæ сæ зонындзинæдтæ æнæв-гъауæй лæвар кæнынц. Куыд алы скъолайы, афтæ ам дæр уæвынад кæнынц алыхуызон кружоктæ – математикæ, хими æмæ биологийæ. Районы администрацийы æххуысæй скъола ифтонг у нырыккон хъармгæнæн системæйæ, электроны рухс куынæ уа, ахæм рæстæгмæ цæмæй цæттæ уой, уый тыххæй ма уæлæмхас ифтонг сты сугæй дæр.

Скъолайы къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Венерæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ахуыргæнинæгтæ æрхæссынц призон бынæттæ республикон олимпиадæтæй.

Районы къухдариуæгад аразы алы уавæртæ дæр, цæмæй рæзгæ фæлтæр сæ сæрибар рæстæг æрвитой æмбæлон здæхты. Уый тыххæй хъæуы астæу цы дыу-уæуæладзыгон клуб уæвынад кæны, уым ис алы уавæртæ дæр, цæмæй архайой на-ционалон кæфтытæ æмæ зарджытæ пропагандæ кæныныл. Библиотекæйы æрмæст чингуытæ фæрсынæй дарддæр организаци цæуынц алыхуызон конкурстæ, кружоктæ, уагъд дзы цæуынц алыгъуызон бæрæгбонон æмæ юбилейон мадзæлттæ. Библиотекæйы уæвынад кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты, нæ зындгонд фысджыты нæмттыл сæрмагонд къуымтæ. Ифтонг  у куыд ирон, афтæ уырыссаг æмæ æндæр фысджыты чингуытæй. Чиныгкæсджыты нымæц у 42 бæрц, уыдоны ‘хсæн сты, сæрдыгон улæфты рæстæджы хъæумæ чи  ‘рцæуы, уыдон дæр.

Библиотекæйы сæргълæууæг Чысиаты Татьянæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сын сæ чингуыты фонд фæфылдæр кæныны хъуыддаджы стыр æххуыс кæны Черкесскæй се ‘мзæххон Хуыгаты Эдик.

Арæнтæ æмæ цæрджытæ

2008 азы хæсты фæстæ Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæнтæ бæлвырд куы æрцыдысты, уæд, хъыгагæн, бирæ ирон хъæуты цæрджытæй кæмæн сæ цæрæн хæдзæрттæ, кæмæн йæ цæхæрадæттæ ахаудысты Гуырдзыстоны территоримæ. Ахæм стыр проблемæйыл сæмбæлдысты Хелцуа æмæ Зардиаты хъæуы цæрджытæ дæр. Уый фæстиуæгæн уыдонæй бирæтæ æмбæлынц царды зындзинæдтыл. Арæнтыл хизынæн ис сæрмагонд режим æмæ уадзæн гæххæттытæ, уымæ гæсгæ хатт фæзын вæййы хъæуæг рæстæджы арæнтыл ахизыны хъуыддаг.

Мах, журналисттæ, æвдисæн уыдыстæм, Зардиаты хъæуы уадзæн пунктмæ æввахс Евроцæдисы минæвæрттæ арæнтæм хæстæг куыд истой ирон территорийы  къамтæ. Фæлæ куыддæр сæ цæст махыл схæцыд, афтæ  сæхи дард айстой паддзахадон арæ-нæй.

Арæнмæ æввахс цæрæг Тъехты Павел нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ йæ царды уавæртæ фæзын сты арæнтæ сбæлвырд кæныны фæстæ. Йе ‘фсымæр æмæ йæ сыхæгты цæрæн хæдзæрттæ баззадысты гуырдзыйы территорийыл. Йæхæдæг ахæсты уыд гуырдзымæ. 2008 азы 15 октябры йæ фос агургæйæ йыл бамбæлдысты гуырдзиаг полициæгтæ æмæ йæ æрцахстой. Аххосджын æй кодтой, уæрæсейаг рауагъд рæмудзæн æрмæг æм кæй ссардтой, уый тыххæй. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон азымтæ уыдысты æнæбындур. Тъехты  лæппу ахæстоны фæбадт 14 мæйы. Адæймаджы бартæ хъахъхъæнджыты фæрцы Павел дæр хъаст бахаста Страсбурджы тæрхондонмæ æмæ йын бафыстой компенсаци, раст кæй уыд, уый тыххæй æмæ сæрибар дæр æрцыд. Йæ Райгуырæн зæхмæ æрбаздæхынæй фæстæмæ уый дарддæр кæны йæ царды хабæрттæ. Кæд цалдæр азы æййæфта зындзинæдтæ, уæддæр æм сæ хъус дарынц бынæттон хæдразамынады кусджы-тæ æмæ сын зæгъы бузныг.

Бынæттон цæрджытæ уарзынц фæллой кæнын

Чысиаты Гена æмæ хъæуы æндæр цæрджытæ архайынц дыргъдоны æмæ цæхæ-радоны куыст райтынг кæныныл. Сæхи тыхтæ æмæ фæрæзтæй ныссагътой атъами æмæ чылауийы талатæ, чи та цæхæрадоны халсæртты куыст кæны. Фæлæ, цæмæй уалдзæгæй фæззæгмæ хъæздыг тыллæг æрзайын кæнай, уый тыххæй хъæуы уавæр-тæ. Уыдоны сæйраг та у донхæры дон. Сæрмагонд донцъирæны руаджы уыдон сæ тыллæг донæй цух нæ уагътой. Уыцы хъуыддаг домы стыр финансон хæрдзтæ. Æрæджы сæхи тыхтæй ныссагътой электроадæттæн цæджындзтæ. Уыдон фæстæмæ исын кæ-нынц «Электросеть»-ы кусджытæ, зæгъгæ, æрцыдысты æнæзакъонæй сагъд, уымæн æмæ, дам дзы цæрæн хæдзæрттæ нæй. Ацы куыстуат электроны рухс уадзы æрмæстдæр цæрæн бынæттæм. Ацы проблемæимæ зонгæ сты бынæттон къухдариуæгад дæр æмæ уавæртæм гæсгæ бæстон æрцæудзæн.

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ хъæуы хъæууон фæллойгæнæджы фарс балæууын, цæмæй сæндидзын кæнæм нæ хъæууон хæдзарад, скусын кæнæм рагæй фæстæмæйы зæрæстон зæххытæ æмæ сæ пайда цæуа нысанмæздæхтæй. Ацы куыстуарзаг лæппутæ фыдæбон кæнынц бæркадджын тыллæг æркæныныл, кæцытæ реализаци кæнынц бынæттон базарадон бынæтты æмæ цæрджытæ æлхæнынц бынаты нæхимæ æркæнгæ тыллæг.

Хелцуайы хъæуы цæрджытæ ма цы проблемæтыл æмбæлынц, уыдоны ‘хсæн ис фæндаджы уавæр. Уæзласæн машинæтæ рыг сыстын кæнынц хъæуы астæу æмæ цæрджытæ тынг тыхсынц. Бынæттон къухдариуæгад куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ фидæны ис ацы фæндагыл асфальт сæвæрыны фарст дæр.

Къæбулты Маринæ,

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.