Президент Бибылты Анатоли фембæлд Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл Министрады сæрмагонд скондимæ.

  «Мæнæн алыхатт дæр тынг æхсызгон вæййы ардæм æрбацæуын, кæддæр цы адæмимæ куыстон, уыдонимæ фембæлын», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, ведомствойы æндидзыны рæстæджы бирæ бантыст саразын.

«Махæн бантыст æппæт уавæртæ дæр саразын ведомствойы материалон-техникон базæ сифтонг кæнынæн, афтæ ма нæ фæсивæдæн фæзынд Уæлвæткон уавæрты министрады фæрцы Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ба-цæуынæн», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Уæлвæткон уавæрты министрады кусджыты куыстмызды проблемæ скъуыддзаг æрцыд æмæ ацы аз уыдон райсдзысты сæ ног куыстмызд 2022 азы январæй бахынцгæйæ.

Ныхас цыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты тыххæй, кæцытæ уагъд æрцæудзысты 10 апрелы. Бибылты Анатоли æрдомдта алкæмæй дæр, цæмæй равдисой сæ æмбæстагон позици æмæ хъæлæс радтой, хæстæгон кæнæ хæларадон бастдзинæдтыл  бындуриуæггæнгæйæ нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны фидæны æмæ рæзтыл хъуыды кæнгæйæ.

Уымæй уæлдай ма æруынаффæ кодтой социалон фадыджы фарстытыл.

«Махæн бантыст республикæйы бюджет мобилизаци кæнын, 859 милуан сомы онг æй фæфылдæр кæнгæйæ. Æз афтæ нымайын æмæ уый у хорз фæстиуæг. Уый фæрцы махæн бантыст стипендитæ, пенситæ, алыгъуызон социалон бафыстытæ фæфылдæр скæнын, хæдзæртты раз территоритæ хæрзарæзт кæнын æмæ бирæуæладзыгон хæдзæртты лифтытæ сæвæрын», – загъта Президент.

Уый банысан кодта, проблемæтæ скъуыддзаг кæй цыдысты фæд-фæдылонæй, фадæттæ æмæ приоритеттæ хынцгæйæ, кæцытæ нысан æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты домæнтæм гæсгæ.

«Иууыл стырдæр проблемæ, кæцы Хуссар Ирыстоны тыхсын кодта алкæй дæр уыд электроэнергийы проблемæ. Электроадæттæн хаххыл авариты тыххæй-иу, уæлдайдæр зымæджы, республикæ арæх баззад æнæ рухсæй. Фæлæ ивгъуыд азы уыцы проблемæ скъуыддзаг æрцыд, скусын кодтой резервон электроадæттæн хахх, æмæ æнæхъæн зымæг иу хатт дæр нæ ахицæн рухс», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны районты газификаци абон бон ис боны фæткы.

«Хъæуты фыццаг проблемæ у газификаци. Ныфс уын æвæрын, мах кæй бацæттæ кодтам æппæт документтæ дæр ацы проект сæххæст кæныны тыххæй, баззад ма дзы формалон хуызы нюанстæ аскъуыддзаг кæнын», – банысан кодта уый.

Фемæблды кæронбæттæны Президент бузныджы ныхæстæ загъта Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæн сæ службæйы тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ведомствойæн цæрджыты ‘хсæн ис егъау кад, уымæн æмæ Уæлвæткон уавæрты министрад алыхатт дæр æххуыс кæны, зындзинæдты цы адæм бахауынц, уыдонæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.