Президенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Гаглойты Алан райста æууæнчы грамотæтæ Уæрæсейы Федерацийы Боливариаг Республикæ Венесуэлæйы Æххæстбарджын Минæвар Хесус Рафаэль Саласар Веласкесæй.

Æууæнчы грамотæтæ дæттыны церемони уыд 3 ноябры Президенты администрацийы стыр залы.

Цытджын церемонийы фæстæ Гаглойты Алан æмæ Веласкес ныхас кодтой дыууæфарсон æмгуысткæнынады дарддæры рæзты фæндæгтыл.

«Æхсызгон мын у нæ зæххыл хæларадон бæстæйы минæвары фенд. Мах æй хорз æмбарæм, нæ зын рæстæджыты æмæ хæсты пырхæнтæ æндидзын кæныны райдиан 2009 азы Венесуэлæйы хицауиуæгад Уго Чавесы сæргълæудæй куыд райста ахсджиаг æмæ æхсарджын уынаффæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй», — загъта Президент.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны нысан у Боливариаг Республикæ Венесуэлæимæ ахастыты рæзын æмæ фидар кæнын.

«Махæн нæ нысан у экономикæйы, культурæйы æмæ æддагполитикон фадыджы нæ ахастытæ райрæзын кæнын», — загъта хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг.

Йæ рады Хесус Рафаэль Саласар Веласкес бузныг загъта Гаглойты Аланæн, зæрдиагæй йæ кæй райста, уый тыххæй.

«Алан Эдуарды фырт, фыццаджы дæр мæ фæнды раарфæ кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй дæ кæй равзæрстой, уый сæраппонд. Мæ зæрдæ дын зæгъы ацы вазыгджын куысты æнтыстытæ», — загъта уый.

Гаглойты Алан æмæ Хесус Рафаэль Саласар Веласкес банысан кодтой, цæттæ кæй сты, дыууæ республи-кæйы ’хсæн цы сразыдзинæдтæ арæзт æрцыд, уыдонæн ног импульс радтынмæ.

«Боливариаг адæм кæддæриддæр сымахимæ сты. Нæ фарсхæцынадæй уæ кæддæриддæр ныфс уæт!» — загъта минæвар.

Фембæлды кæрон дыууæ фарсы кæрæдзийæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.