Цхинвалы, йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты 58 армийы æфсæддон службæгæнæг Бахъаты Андрейы, кæцы йæ цардæй ахицæн Украинæйы специалон операцийы рæстæджы службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ.

Хъайтарæн хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Андрейæн йæ раздæры  æм-службæгæнджытæ, хиуæттæ, хæлæрттæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнады минæвæрттæ.

Паддзахады сæргълæууæг мæсæллæйы ныхæстæ загъта фæмардуæвæджы бинонтæн. Уый банысан кодта, Бахъаты Андрей кæй хауы ахæм фæлтæрмæ, кæцы схъомыл ис хæстон рæстæджы.

«Уыцы фæлтæрæн сабыр цард райдыдта 2008 азæй. Уый уыд чысыл, Хуссар Ирыстоны хæст куы райдыдта, цы районы райгуырд, уым та æнæрлæугæйæ цыдысты æхстытæ. Куыд, 2004 азы æмæ 2008 азы хæстыты рацæуæг адæймаг, афтæ Андрей иуварс не ‘рлæууыд. Ахæм уынаффæйæн хъæуы уды хъæддыхдзинад æмæ ныфсхатдзинад», – загъта Президент.

Йæ рады, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов банысан кодта, Бахъаты Андрейы хуызæн адæймæгтыл кæй æнцой кæны дуне.

«Мах йæ фæстаг фæндагыл æрвитæм Ирыстоны æнувыд фырты, Уæрæсейы аккаг фырт, уарзæгой фыд æмæ цардæмбалы. Бахъаты Андрей йæ цард снывонд кодта Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнынæн. Уый комкоммæ каст мæлæтмæ, йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ. Мах хъуамæ дзурæм нæ сывæллæттæн, ахæм адæймæгтæ кæй ис, уый. Цалынмæ ахæм адæймæгтæ уа, уæдмæ уыдзæн сабырад æмæ фидæн», – загъта уый.

Бахъаты Андрей йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Хъайтардзинады орденæй æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæх – «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй.

Бахъаты Андрейæн баззад цардæмбал æмæ дыууæ сывæллоны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.