Мæскуыйы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæймаджы барты фæдыл Æххæстбарджын Татьяна Москальковайы фембæлд.

Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур адæймаджы барты фæдыл Æххæстбарджын Тасойты Инал, Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Татьяна Москалькова æрдзырдта Уæрæсейы Федерацийы адæймаджы барты фæдыл Æххæстбарджыны институты сырæзты историйыл, æмбæстæгты куырдиæттимæ кусын æмæ организацийы æхсæнадæмон архайды тыххæй, фенын кодта музейон æмæ демонстрацион стендтæ, рабадтыты æмæ уынаффæ кæныны залтæ.

Бибылты Анатоли æмæ Татьяна Москалькова æруынаффæ кодтой æмгуыстады фарстытæ, æхсæнадæмон мадзæлтты адæймаджы барты фæдыл хуссарирыстойнаг Æххæстбарджыны хайадисты перспективæтыл.

Фембæлды рæстæджы ма æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны Президенты цур Æххæстбарджыны аппараты кусджыты ахуырадон процесстæм бахæссыны фадатыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.