Санкт-Петербурджы фембæлдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Уæрæсейы Федерацийы акционерон æхсæнад «Газпром»-ы правленийы Сæрдар Алексей Миллер.

Фембæлды æруынаффæ кодтой æмгуыстады размæцыд æмæ перспективæтыл. Сæйраджыдæр, æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауадты ‘хсæн фыстæрцæуæг «Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Газпром-Южная Осетия»-йы акцитæ æлхæнын-уæй кæнын æмæ дарддæры архайды уавæрты тыххæй» Сразыдзинад æмæ æмгуыстады реализаци кæныны фарстатыл.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.