УФ-йы Сгуыхт артист, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист, Республикæ Абхазы Адæмон артист, К.С.Станиславскийы номыл УСФСР-йы Паддзахадон премийы лауреат Годжыцаты Исахъ. Райгуырд 1930 азы 15 марты Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуы. Йæ сабибонтæй фæстæмæ йæ уд хъардта аивадæн. Æрдзæй рахаста кафын, зарын, актеры дæсныйадмæ арæхстдзинад.

Исахъы хо дæ, зæгъгæ мæ афæрсынц, мæ мыггаг мын чи базоны уыдон. Æз ацы фарстæй тыхсæгау бакæнын, уымæн æмæ Исахъы æз цæргæйæ нæ зыдтон æввахсмæ, кæд æй театры сценæйыл уыдтон, уæддæр. Бæргæ, куы йæ зыдтаин, фæлæ мын никуы бантыст. Студент ма уыдтæн, æмæ уæды рæстæджы зын цардæй адæймаджы никуы равдæлд. Театр та уарзтон. Уарзтон, уымæн æмæ кæддæр мæхæдæг дæр режиссер суæвынмæ бæллыдтæн. Хорз сахуыр кодтон Станиславскийы тетралон теори. Сæйраг дзы уыд уый, æмæ актер хъуамæ йе ‘нкъарæнтæ афтæ равдиса, æмæ йын æгæр куыднæ фæуа. Уыцы хъуыддаг хуыдта «не переиграть», зæгъгæ. Стæй ма пайда кодта магион «нæ мæ уырны»-йæ. Ома, актер роль куы æххæст кæна, уæд хъуамæ йæхи авæра йæ саразинаг фæлгондзы бынаты, зæгъгæ, æз уый бынаты куы уыдаин, уæд мæхи куыд дардтаин.

Иу дзырдæй, æз нæма райгуырдтæн, афтæмæй Исахъ алыгъд цæрынмæ æмæ кусынмæ Цæгат Ирыстонмæ. Цалынмæ æз рæзыдтæн, хъомыл кодтон, уæдмæ уый сарæзта дæсгай сценæйон фæлгæндзтæ, сси зындгонд актер, зарæггæнæг. Цалынмæ æз мæ  бæллицты уацары уыдтæн, уæдмæ Исахъ та бахæццæ ис йæ тæккæ кадмæ, растдæр зæгъгæйæ та йæ цардвæндаг кæронмæ феввахс ис… Æз Дзæуджыхъæуы универститеты студент куы уыдтæн, уæд ма йын фæсте сурæгау ауыдтон йæ фæстаг спектакль  “Пæсæйы фæндон”, уый дзы æххæст кодта Мысырханы роль. Критиктæ тынг стыр аргъ скодтой уыцы спектаклы Исахъ Мысырханы фæлгондз куыд сарæзта, уымæн. Спектаклы фæстæ театры режиссер Хуыгаты Геор ахæм фыстæг ныффыста Исахъмæ: «Исак, дорогой! Сегодня ты дал «тон» новому театру. Твоя Мысырхан  из разряда работ большого мастера сцены. Поздравляю тебя с огромной творческой победой! Новых свершений сценических и здоровья! 23 февраля, 1990 года».

Нæ фембæлдыстæм. Уыдтон æй æрмæст сценæйыл. Уыйхыгъд ыл æмбæлын райдыдтон ныр, хъусын ын йæ зарджытæм, кæсын йæ саразгæ театралон фæлгæндзтæм, дзурынц мын йе студентон бонты тыххæй.

Чи йæ уыдта, уыдон æй хуыздæр зыдтой, кæй зæгъын æй хъæуы. Гугкаты Евелинæ мæнæ куыд фæдзуры йæ мысинæгты, дзургæ та сæ тынг арæх кæны: «Высоцкий дæр не ‘мкъурсон уыди (Мæскуыйы Аивадон Академион Театры скъола-студийы – Г.Н.), æмæ-иу арæх уый цагъта гитарæйыл, Исахъ та заргæ кодта. (Уый уыди 1956 азы – Г.Н.). Уыцы рæстæджы рацыд Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр»-ы ног рауагъд. Мах дзы балæвар кодтам бирæтæн, æмæ Высоцкийы зæрдæмæ тынг фæцыд «Додой» уырыссагау, уымæн æмæ-иу æй Исахъ ныззарыди гитарæйы цагъдмæ. Ахуыргæнджытæ-иу сагъдæй баззадысты, æмæ-иу хъуыстой уыцы зарæгмæ, афтæ тынг цыди сæ зæрдæмæ. Æмæ Исахъ Высоцкийæ къаддæр нæ зарыди…» .

Дунейы иууыл зындгонддæр арктертимæ барынц Исахъы. Цæгат Ирыстоны «Иры кадæн» зæгъгæ, уыцы телепрограммæйы амонæг Тедеты Индирæ Исахъы схуыдта ирон Чарли Чаплин. Цæгат Ирыстон-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг Цæриаты Валери та йæ абарста, Ильф æмæ Петровы «Тринадцать стульев»-ы Остап Бендеры æппæты хуыздæр фæл-гондз чи сарæзта, уыцы зындгонд уырыссаг актер Сергей Юрскиимæ, стæй дунейы бирæ зындгонд актертимæ. МААТ-йы скъола-студийы йæ ахуыргæнæг та йæ схуыдта йæхицæй хуыздæр иуæй-иу ролты хъазгæйæ. Æвæццæгæн йæ арæзт фæлгондзтæ аивадон æгъдауæй уыдысты ног, зæрæстон, сатæг уддзæфæй дзаг, æмæ уымæ гæсгæ адæмы дисы æф-тыдтой. Ахæм вæййы æназым уды æрмдзæф, уымæн æмæ вæййы фыдæхдзинадæй хызт. Уымæ гæсгæ дзырдта Цæриаты Валери, зæгъгæ-иу Исахъ цыфæнды æппæрццаг фæлгондзы дæр сраст кодта сценæмæкæсæджы цæсты.

Тынг цæуы мæ зæрдæмæ чысыл Исахъы фæлгондз: «Æрдæгфæлдæхт быруйы цур, уазал дуртыл йæхи бандадзгæйæ, лæууы фондзаздзыд лæппу, лæзæрд хæлаф йæ уæлæ, афтæмæй. Уый у Исахъ. Уазалы ныцъцъæх. Йе згæгъуыз сæрыхъуынтæ ныппыхцыл сты алырдæмыты. Йæ сабион цæсгом нал зыны ставд дзыгъуыртæй. Йе ‘нгасыл æгасæйдæр зыны стыр æхцондзинад. Бæрæгбон ын у абон – æниу бæрæгбон йæ сыхæгтæм ис. Уым цæл кæнынц, зарынц, цин кæнынц æмæ хъусынц патефонмæ! Патефон та чысыл лæппуйæн у йе стыр бæллицц!». Бæлвырд æй нæ зонын, чи сныв кодта ацы удæгас фæлгондз, фæлæ ацы иунæг ныв фенгæйæ дæр адæймаг бамбардзæни, уый хуымæтæджы саби кæй нæ уыд!

Йæхæдæг та йæхицæй афтæ зæгъы: «Æз райгуырдтæн æд зарæг. Ацы ныхас мын хъæр ныхас нæу, уымæн æмæ æцæгдæр афтæ уыди. Авдаздзыд лæппуйæ, Хуссар Иры ма куы цардтæн, уæд цыдтæн уæлыгæс. Уæд æз ныззарыдтæн фыййауы зарæг, æмæ мын музыкæйы бæсты та уыди æхситт, уый дæр æххæст кодтон мæхæдæг…».

Нæ номдзыд дзæнæттаг поэт Хаджеты Таймураз тынг хъыг кодта Исахъы мæлæтыл. Æгæрыстæмæй ма Хуыцауы ныхмæ дæр рацыд, æлгъыст фæу, зæгъгæ. Æвæццæгæн та йæ риуы сызмæлыд сæрбæрзонд Нарты туг. Ныббарæд ын æй… Мæнæ йын куыд зæрдæрисгæйæ кодта хæрзбон:

Хæрзбон, нæ Иры уаз хъæбул, дæ ном

Æнус-æнус уыдзæн нæ дзырд, – уый зонын:

Кæс-ма, нызмæлы арф рæбынты дон,

Сæнайы хох йæ урс дзыккутæ тоны…

 

Тыджыты Юри та ахæм диссаджы рæнхъытæ ныффыста Исахъы номыл:

 

Дæу уарзы Ир – дæ уæздандзинад, зонд…

О, систой дын дæ сыгъдæг ном бæрзонд.

Зæхыл цы фарны уадындзæй æрцагътай,

Зæххыл цы фарны дидинæг ныссагътай!

Поэты ныхæстæ цардæй бирæ хатт иппæрд вæййынц, чи бамбардзæн поэты! Фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма Исахъ, æцæгæйдæр, дидинджытæ ныссагъта зæххыл æмæ йын ныр райдайдзысты зайын, ракæлдзæн сæ хæрздæф. Йæ зарджытæ «Постхæссæг», «О, уыцы дыууæ сау цæсты!», «Хур аныгуылд…», «Мæйрухс асырдта талынджы», «Изæр хуымты», «Нæ хъæу», «Бæрæгбоны зарæг» æмæ æндæртæ зæрдæмæ æрвитдзысты æнахуыр рухсы тынтæ. Раст зæгъгæйæ, мæнæн ме ‘нкъарæнтæ бынтон хæдхуыз сты, уымæн æмæ йын йæ зарæджы зæлты арын цавæрдæр æнахуыр удмæ хæстæг зæливæнтæ, раст цыма нæ фыдæлты хæдзары къæбицы бадын æмæ мын ме ‘рвад уыцы ран кæны йæ зарджытæ. Хъусынц æм нæ хъæубæстæ, нæ Ир!

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.