2022 азы 6-æм январы 31 азы сæххæст гуырдзиаг тыхгæнджытæ фынæй Цхинвалмæ куы  æрбабырстой æмæ ирон адæмæн тугæйдзаг Цыппурс куы сарæзтой,уыцы боныл.

6-æм январы Цхинвалы цæрджытæ æхсæвы сæ тæккæ фынæйыл куы уыдысты, уæд гуырдзиаг дыкъахыг сырдтæ та Уæрæсейы мидæггагон æфсæдты дæлхайы командæгæнæг-уæйгæнæг инæлар Малюшкины гадзрахатон архайды руаджы, маргджын кæлмытау æнæнхъæлæджы æрбахылдысты Цхинвалмæ. Кæд адæм бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыстой сæ горæт хъахъхъæнгæйæ, уæд адæмы цыдæр ныфс бацыд, уæйгæнæг инæлар Малюшкины сидты фæстæ. Уæд Республикæйы къухдариуæгады æнæбафæрсгæйæ Советон Цæдисы мидæггагон æфсæдтæ, кæцытæ хъуамæ хъахъхъæдтаиккой горæты стабилондзинад, систой сæ постытæ æмæ ацыдысты казармæтæм. Райсом раджы адæм æнæхонгæ уазджыты хъæрахст æмæ куыйты рæйдмæ куы райхъал сты, уæд сæ цæстытыл нæ баууæндыдысты, сæхи фыны фæхатыдысты. Горæты уынгтæ бæз-бæз кодтой æнæзонгæ, æнæдаст хотыхджынтæй, сæ уæлæ милицийы формæ, афтæмæй.

Кæд 31 азы рацыд, уыцы æндыгъд январæй, уæддæр хуссарирыстойнаг цæрджыты зæрдыл хорз лæууынц, уыцы бонты цаутæ. Уыцы æндыгъд рæстæджы цауты тыххæй йæхи мысинæгтæ ис зынгæ фыссæг, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитонæн. «Ирон адæмæй куыд  хъуамæ ферох уой нæ цыфыддæр знæгты фыдмитæ. Уыдон ирон адæмæн тынг бирæ хъизæмæрттæ бавза-рын кодтой. Мæ зæрдыл тынг хорз лæу-уы 1991 азы 6-æм январь. Райсом ра-джы, ома нырма талынг уыд, афтæмæй фехъал дæн БРДМ-ты хъæлæба æмæ куыйты рæйынмæ. Уайтагъд рацыдтæн æддæмæ æмæ уынын Хъайтарты уынг байдзаг æнæхонгæ уазджытæй. Хабар бамбаргæйæ фæстæмæ фездæхтæн æмæ  мæ сыхæгтæн бамбарын кодтон цы уавæры бахаудтам, уый тыххæй. Уайтагъд æрæмбырд стæм Исахъы æмæ Хъайтарты уынгтæ кæм иу кæнынц, уым. Уырдæм æрбацыд бирæ адæм. Фыртыхстæй цы акодтаиккам, уый нал зыдтам. Къахдзæфæй-къахдзæфмæ æд  хæцæнгæрзтæ æмæ хъыхъхъаг куыйтимæ лæууыдысты æнæдаст гуырдзиаг тыхæйисджытæ. Фарстам сæ, зæгъгæ, уæ цы хъæуы Ирыстоны зæххыл, цæмæ нæм æрбацыдыстут? Гуырдзиаг милиционерты ‘хсæн уыдысты ахæсттæтæй кæй рауагътой, ахæм фыдгæнджытæ дæр. 6-æм январы фыццаг æмбисы, ома, цалынмæ туг нæ ныккалд, уæдмæ адæмы цыдæр ныфс уыд, зæгъгæ, Мæскуыйæ фæдзурдзысты тбилисаг къухдариуæгадмæ æмæ сæ бандитты акæндзысты горæтæй. Уыцы зымæгон бон адæм хъуамæ банысан кодтаиккой Чырыстийы райгуырды бон æмæ хъуыды дæр ничи акодтаид исты æнамонд цау æрцæуыныл, уæлдай дæр та туг ныккæлдзæн, ууыл. Фæлæ нæ фыдбойнаджы сыхæгтæ ницæуыл æлгъ кæнынц, алцыдæр сæ сæрмæ хæссынц.

Хъайтарты уынджы адæмы ‘хсæн мæ цæст схæцыд мæ зонгæ ксуисаг лæппуйыл, кæцымæ уыд автомат æмæ мæ уæд цыдæр ныфс бацыд. Фæстæдæр гуырдзиæгтæ æхсын куы райдыдтой, уæд уый иннæ лæппутимæ бацыдысты модæты ательейы бæстыхаймæ æмæ уырдыгæй æхстой гуырдзиæгты. Хъайтарты уынгæй нæ фæндаг акодтам Цæрæн массивы онг, цæмæй уавæр нæхи цæстæй федтаиккам. Бæгæныфыцæн заводы районы горæты цæрджыты иу къорд  гуырдзиæгты аппæрста Исахъы уынджы ‘рдæм. Уæдмæ фе-хъуыстон, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ ба-ыдтой зонад-иртасæн институты бæс-тыхаймæ. Ацы хабар фехъусгæйæ мæ зæрдæ ахсайдта æмæ атындзыдтон мæ куысты бынатмæ. Фæстæмæ здæхгæйæ Лужковы уынджы амбæлдтæн гуырдзыйы фыццаг амæттаг, милицийы старшина Коцты Григорийы мадыл. Уый кæугæ фæцæйлыгъд рынчындонмæ. Æз ын ныфсытæ авæрдтон, фæлæ уый бæлвырдæй зыдта йæ фырты йын кæй амардтой, уый. Афтæмæй райдыдта гуырдзиаг-ирон хæст, кæцы ахæссыд дæргъвæтин азты дæргъы. Кæд уый размæ, 1989 азы ноябры мæйæ 1991 азы январы онг гуырдзиаг-ирон ныхмæлæудæн уыд пассивон характер, уæд 6-æм январь та ссис хæстон ных-мæлæуды райдиан бон. Кæй зæгъын æй хъæуы, Малюшкин уæрæсейаг постытæ сисыны тыххæй уынаффæ йæхæдæг нæ райстаид, фæлæ уæддæр уый хæсджын уыд, цæмæй бафæдзæхстаид Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады. Ахæм адæймагдзинад куы равдыстаид, уæд ын абон дæр хуссарирыстойнаг цæрджытæ арфæ кæниккой Востриков, Лаптев, Баранкевичæн куыд арфæ кæнынц, афтæ. Фæлæ йæ адæм бахъуыды кодтой, куыд гадзрахатæй рацæуæг æмæ уæйгæнæг, афтæ.

Никуы мæ ферох уыдзысты 1989 азы ноябры  æндыгъд цаутæ дæр. 23-æм ноябры гуырдзиæгтæ æрбацæуынмæ куы хъавыдысты, уæд æз æмæ  Гуыцмæзты Алеш уыдыстæм Дзуццаты Хадзы-Муратмæ æмæ тыхстæй уынаффæ кодтам сæвзæргæ уавæрыл. Æз сын загътон, зæгъын мæм ис иу гранат æмæ гуырдзиæгтæ фылдæрæй кæм лæууой, уым æй спырх кæндзынæн æмæ уадз, мæхæдæг дæр уым фесæфон.  Уыцы бонæй фæстæмæ Алеш мæ цурæй нал цыд, æппынæдзух мæм йæ хъус дардта. Куы йæ бафарстон, зæгъын цæмæн афтæ кæныс, уæд мын æнкъардæй сдзуапп кодта, зæгъгæ, куыд гæнæн ис уый æмæ ды амæлай æмæ æз та удæгасæй баззайон. Ахæм æнувыд хæлар уыд Алеш, кæцы йæ-хæдæг æвзонгæй бабын гуырдзиаг тыхæйисджыты къухæй».

«1991 азы цардтæн Исахъы уынджы Хъуылымбегты Торез кæцы корпусы цард уым. Райсомæй мæ фатеры рудзынгæй куы ракастæн æмæ уыйбæрц хотыхджын æнæзонгæ адæймæгты нæ хæдзары цур куы ауыдтон, уæд афтæ фенхъæлдтон, зæгъын, æвæццæгæн, цахæмдæр кинофильм исынц, æндæра уыйбæрц адæм уым цы аразынц. Куыд рабæрæг, афтæмæй нæ корпусы цур уæлдай фылдæрæй уымæн лæууыдысты гуырдзиаг бандиттæ, æмæ йæ зыдтой Торез уым кæй цæры, уый.

1991 азы 8 январы хъуамæ нæ лæп-путæ гуырдзыйы бынтондæр фæсырдтаиккой. Мæ зæрдыл хорз лæууы Тасойты Иналы æмæ иннæ лæппуты амæлæты хабар фехъусгæйæ, адæм зæрдæдзæфтæ кæй фесты, уый. Инал активонæй хæцыд знæгты ныхмæ, фæлæ йыл Исахъы æмæ Сталины уынгтæ кæм иу кæнынц, уым 8-æм январы райсомы 4 сахатыл сæмбæлд знаджы нæмыг, бæргæ ма йæ аскъæфтой рынчындонмæ, фæлæ… Нæ горæты цæрджытæй алчидæр æвдисæн у Иналы æмæ иннæ лæппуты хъайтардзинæдтæн æмæ сæ цæрæнбонтæм хъуыды кæндзысты ирон адæм. Уыдон гуырдзиаг-ирон хæсты райдианы фидар куынæ фæлæуыдаиккой знæгты ныхмæ, уæд абон нæ уавæр куыд уыдаид, уый бæрæг нæу. Уыцы уæззау рæстæджыты цаутæ мæ никуы ферох уыдзысты», – зæгъы нæ горæты цæрæг  Гобозты Фатимæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.