Кæцыфæнды æхсæнады дæр дохтыры професси нымад цæуы уæлдай ахсджиагдæр æмæ кадджындæрыл. Фæзæгъынц, зæгъгæ, дохтыр професси нæу, фæлæ – царды æгъдау. Дохтырæн  адæймаджы цард ирвæзын кæнын у йæ æрвылбонон уæззау куыст. Иннæ ахæм дунейы нæй æндæр ахæм дæсныйад, кæцы домы ахæм стыр бæрндзинад, уымæн æмæ дохтыры рæдыды аргъ у адæймаджы цард. Цæмæй дохтыр суай, уый тыххæй фæхъæуы бирæ тыхтæ бахардз кæ-нын, иудадзыг хъæуы ахуыр кæнын, æгæрыстæмæй суанг пенсийы ацæуыны онг дæр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ æцæг дохтырæн фаг  кæй нæу æрмæст медицинæ хорз сахуыр кæнын.  Дохтыр хъуамæ æмбара адæмы раз ыл цы бæрнон хæс æвæрд ис, уый. Рынчыны фæхъæуы ахæм дохтыр, кæцы йын йæ рыстдзинад бамбара æмæ йыл, æгæрыстæмæй, йæ сусæгдзинæдтæ дæр баууæнда. Дохтыр рынчынмæ хъуамæ дара ахæм аудгæ ахаст, раст цыма йæ разы сынтæгыл йе ‘ввахс адæймаг хуыссы.

А.П. Чехов куыд дзырдта, уымæ гæсгæ дохтыры професси у сгуыхтдзинад. Дохтыры професси домы уды æмæ хъуыдыты сыгъдæгдзинад,  зонды ирддзинад. Дохтыр  монон æгъдауæй хъуамæ уа сыгъдæг. Мæ абоны уацы хъайтар æппæт уæлдæр ранымад миниуджытæй у æххæст, куыд йæ адæймагдзинадæй, афтæ йæ профессийы зонындзинæдтæй дæр. Фæлæ уал уæ цыбыртæй базонгæ кæндзынæн йæ биографиимæ.

Беройты Моника райгуырд горæт Цхинвалы. Уый фæстæ йæ ныййарджытæ сæ царды уавæртæм гæсгæ цæрынмæ ацыдысты Дзæуджыхъæумæ æмæ чысыл Моника ахуыр кæнынмæ бацыд 39-æм астæуккаг скъоламæ. Фæлæ та бинонты сæ хъысмæт ахаста Мæскуымæ. Ацы горæты Моника каст фæцис 4-æм астæуккаг скъола. Зæрдæргъæвд чызг цæстæвæрæн фæцис йæ алы хъуыддагæй дæр. Ахуыр кодта тынг хорз нысæнттыл, активон хайад тиста скъолайы æхсæнадон царды. Уыд йæ ахуыргæнджыты уарзон ахуырдзау.

Ис тынг бирæ хъæуæг професситæ æмæ уыдоны ‘хсæн æвзонг адæймаг равзары уыцы иунæг професси, кæцы йæ зæрдæмæ вæййы иууыл æввахсдæр æмæ цæттæ вæййы йæ равзаргæ дæсныйадæн йæ цард снывонд кæнынмæ. Моника чысылæй аскъуыддзаг кодта дохтыр-эндокринолог кæй суыдзæн, уый тыххæй. Уымæн æмæ йæ нана рынчын уыд сæкæры диабетæй æмæ йын арæх уыдта йæ низы фæтынгы рæстæджы йæ тыхстдзинæдтæ. Иннæ ахæм æй тынг фæндыд тыхст уавæры бахауæг адæмæн æххуыс кæнын. Æмæ сæххæст йæ бæллиц, ссис А.И.Евдокимовы номыл Мæскуыйы паддзахадон медицинон-стоматологон университеты студент. Ам дæр та ахуыр кодта тынг хорз. Университеты проректор уыд ирыстойнаг Дзукъайы фырт æмæ дзы уый дæр уыд сæрыстыр йе ‘мзæххон чызгæн ахæм хорз æнтыстытæ кæй ис, уый тыххæй. Бирæ арфæйы фыстæджытæ райстой йæ ныййарджытæ Валя æмæ Рома ун-иверситеты къухдариуæгадæй, цыран-иу фыст уыд, зæгъгæ, уын стыр бузныг дзурæм ахæм диссаджы хъæбул кæй схъомыл кодтат, уый тыххæй. Университеты дæр ахæм мадзал нæ уыдаид æмæ дзы Моника хайад ма райстаид. «Стыр цымыдисимæ ахуыр кодтон университеты. Райгонд дæн мæ лектортæй æнæвгъау нын сæ зонындзинæдтæ кæй амыдтой, уый тыххæй. Эндокринологийы дæсныйад мæ зæрдæмæ тынг фæцыд, стæй мын уыд тынг хорз ахуыргæнæг», – йæ зæрдыл æлæууыд Беройты чызгæн.

Университеты фæстæ ординатурæ рацыд ацы университеты цур 52-æм тагъд æххуысы горæтон клиникон рынчындоны эндокринологийы кафедрæйы. Ординатурæ дæр каст фæцис æнтыстджынæй, уыдис ын гæнæнтæ уым кусгæйæ баззайыны тыххæй, фæлæ… 2015 азы æвзонг чызджы йæ хъысмæт фæстæмæ æрхаста Цхинвалмæ. Йæ цард баиу кодта йæхи хуызæн, мæнæ куыд фæзæгъынц хæстæджы хæстæгæн дæр лæггад чи кæны, ахæм æгъдауджын æмæ хæларзæрдæ лæппу Сиукъаты Аланимæ, кæцы кусы республикæйы барадхъахъхъæнæг органты. Стыр Хуыцауы цæст уал сын бауарзта дыууæ чызджы радтын. Сæ чындзæй райгонд сты Сиукъаты бинонтæ иууылдæр.

Республикон соматикон рынчындоны кусын райдыдта 2016 азы æмæ ныр æхсæз азы бæрц цæс-гомджынæй лæггад кæны йæ пациенттæн. «Алы пациент дæр æрбацæуы йæхи проблемæимæ æмæ дохтыр та хъуамæ зона хъусын, хъуамæ йын сахуыр кæна йæ низы хатт, дохтыр хъуамæ уа психолог дæр. Хъуамæ дыл рынчын адæймаг баууæнда æмæ йемæ иумиаг æвзаг ссарай. Пациенттæ вæййынц алыгъуызон паталогитимæ. Бирæ хæттыты рынчынæн æрмæст эндокринологы здæхты нæ фæхос кæнæм, фæлæ ма æндæр низтæн дæр. Нæ хайады сын хос кæнæм комлексонæй», – загъта æвзонг дохтыр.

«Куыд коллегæ,  æмæ куыд дохтыр, афтæ дæр у тынг хорз. У иттæг хорз специалист, йæ хъуыддаджы æцæг дæсны. Кæдфæнды дæр цæттæ у æххуысмæ фæзынынмæ. Хорзæй дарддæр дзы мæ бон зæгъын ницы у», – загъта эндокринологийы хайады сæргълæууæг Æлборты Аленæ.

Беройты чызгæй райгонд сты йæ пациенттæ иууылдæр. Дзæуджыхъæуы цæрæг Мæлдзыгаты Инал Сатихъарæй рацæугæ у, фæлæ нæ рох кæны йæ фыдæлты уæзæг æмæ арæх æрцæуы йæ райгуырæн хъæумæ. Иу рæстæджы йын уыд низы фæтынг æмæ уæззау уавæры бахаудта рынчындонмæ Беройты Моникайы къухмæ. Æвзонг дохтыр нæ фæтыхст æмæ йын цыдæриддæр йæ бон уыд, уый йын сарæзта. «Моника у мæ ирвæзынгæнæг. Уый куынæ уыдаид, уæд нæ зонын мæ хъуыддаг куыд уыдаид. Уый мын загъта иу анализы тыххæй, зæгъгæ, йæ æнæмæнгæй хъуамæ саразай. Уæды онг мын уыцы анализы кой кæнгæ дæр никуы ничи скодта. Ацы анализ саразыны фæстæ мын рафыста æндæр хостæ æмæ мæ уавæр бæрæг фæхуыздæр. Уый у сыгъзæрин адæймаг. Æгæрыстæмæй, мæм телефоны дæр фæдзуры æмæ мæ афæрсы ме нæниздзинады тыххæй. Афтæ сараздзæн æрмæстдæр стыр зæрдæйы хицау адæймаг, йæ профессийыл æнувыд адæймаг. Афтæ æвзонгæй йæм уыйбæрц зонындзи-нæдтæ кæй ис, уый диссаг у», – радзырдта Мæлдзыгаты Инал.

 Нæ горæты цæрæг Джыгкайты Зинаидæйæн ис цалдæр эндокринон паталогийы. Уый сæкæры диабетæй рынчын у 2009 азæй фæстæмæ æмæ йæ арæх бахъæуы Моникайы сæр. Мæнæ дзы цы дзуры уый: «Æз Моникайы хуызæн дохтырыл мæ царды никуы ма сæмбæлдтæн. Фыццаг хатт æм куы бацыдтæн, уæд мæм ахæм лæмбынæг æмæ аудгæ ахаст равдыста, раст цыма йæ мад кæнæ йе ‘ввахс хион уыдтæн. Афтæ хорз мын сахуыр кодта мæ низы хатт æмæ мын цы хостæ рафыста, уыдон куыддæр сарæзтон, афтæ мын бирæ хатты фенцондæр. Æмæ ныр æхсæз азы дæргъы рæстæгæй-рæстæгмæ хос кæнын Беройты Моникамæ. Истæуыл куы фæтыхсын, уæддæр æм бадзурын телефоны æмæ мын лæмбынæг консультацитæ радты. Мæ дохтыры аккаг хорз ныхæстæ ссарын мæ бон нæу. Цал æмæ мын цал хатты баххуыс кодта, уыдон чи фæнымайдзæнис. Йæ ныфс мын бирæ уæд».

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Дзауы районон рынчындоны бирæ азты дæргъы кæй нæ уыд дохтыр-эндокринолог æмæ афтæмæй йæ сæр та районы цæрджыты тынг хъуыд.  Районы рынчындоны сæйраг дохтыр Гасситы Константин æппæт дæр сарæзта, цæмæй йæ дæлбар медицинон уагдоны фæзындаид эндокринолог. «Бахатыдтæн республикон соматикон рынчындоны уæды сæйраг эндо-кринолог Быценты Индирамæ æмæ нын нæ къух сарæзта. Ныр нæм ис диссаджы специалист. Тынг райгонд дзы стæм иууылдæр куыд йæ коллегæтæ, афтæ йæ па-циенттæ дæр. Уæздан сылгоймаг, йæ хъуыддаджы æцæг дæсны лæмбынæг æмæ аудгæ ахаст дары йæ рынчынтæм. Ирдæй зыны дохтыры курдиат ын Хуыцауæй лæвæрд кæй у, уый. Мæхæдæг дæр бирæ арфæйы ныхæстæ райсын, ахæм хорз дохтыр нæ рынчындоны кусын кæй райдыдта, уый тыххæй», – радзырдта Гасситы Константин.

«Сæкæры диабетæй рынчын дæн 2015 азæй фæстæмæ. Арæх-иу мæ бахъуыд чысыл ницæйы тыххæй дæр Цхинвалмæ дохтыртæм ацæуыны сæр. Фæлæ  ныр Дзауы районон рынчындоны эн-докринолог кусын кæй райдыдта, уымæй мын бæрæг фенцондæр. Моника у тынг хорз адæймаг æмæ тынг хорз дохтыр. Афтæ æвзонгæй ахæм хиуылхæцгæ æмæ зондджын куыд у, ууыл арæх ахъуыды кæнын», – загъта Уанелы цæрæг Гаглойты Мананæ.

«Азæй-азмæ сæкæры диабетæй рынчынтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Æртæ азы размæ Дзаумæ куы æрбацыдтæн, уæд дзы  50 рынчыны дæр нæ уыд, фæлæ ныр сæ нымæц схызт 100 адæймаджы онг», – банысан кодта Моника.

Медицинæйы фадыг ахæм у æмæ ацы тагъд иваг рæстæгимæ æмдзу хъуамæ кæнай, æппынæдзух дæхиуыл хъуамæ кусай. Беройты Моника цы зонындзинæдтæ райста, ууыл æрлæууынмæ нæ хъавы. Цалдæр хатты хайад райста Мæскуыйы эндокринологийы фæдыл уагъдцæуæг конференциты. Афтæ ма онлайн-режимы каст фæцис эндокринологон цикл æмæ райста сертификат. Ныффыста зонадон куыст «Распространенность сахарного диабета 2 типа среди взрослого населения Цхинвала», кæцы мыхуыр æрцыд 2020 азы журнал «Эффективная фармакотерапия»-йы. Куыд рабæрæг, афтæмæй 2 типы сæкæры диабетæй фылдæр рынчынтæ ис сылгой-мæгты ‘хсæн. 2008 азы августы хæсты фæстæ сæкæры диабетæй рынчынты нымæц фæфылдæр, кæцы баст у хæсты рæстæджы бавзаргæ эмоционалон стрессимæ. Йæ зонадон куыстæй йын райгондæй баззад æмæ дзы раппæлыд, медицинон зонæдты доктор, профессор А.М.Мкртумян.  Йæ куысты уый сахуыр æмæ саргъ кодта горæт Цхинвалы сæкæры диабеты парахатдзинадæн. Ныртæккæ фыссы йæ дыккаг зонадон куыст, кæцы мыхуыр æрцæудзæн ацы аз. Фæнд кæны кандидатон диссертаци бахъахъхъæнын.

Беройты чызг йæхæдæг дæр нæ аирвæзт коронавирусæй, фæлæ куыддæр сдзæбæх, афтæ уайтагъддæр æххуысмæ фæзынд «сырх зонæмæ» йæ коллегæтæм. Ноябры мæйы «сырх зонæйы» бакуыста 14 боны æмæ декабры мæйы та – 10 боны æнæ улæфт бонтæй райсомæй суанг изæрмæ. Æнæхъæн боны дæргъы лæууыдысты къахыл, æгæрыстæмæй сын дон баназыны фадат дæр нæ уыд. «Ноябры мæйы «сырх зонæйы» куыстон Æлборты Олесяимæ æмæ декабры та – Гаглойты Жаннæимæ. Мæ дыууæ коллегæимæ дæр мын æнцон кусæн уыд, кæрæдзи иу бакастæй дæр æм-бæрстам. Куыстам сывæллæтты рынчындоны «сырх зонæ»-йы, цыран уыдысты иууыл уæззаудæр рынчынтæ. Тынг бирæ адæмæн баххуыс кодтам. Санкт-Петербургæй нæм ноябры цы дохтыртæ æрцыдысты, уыдон нын сæ фæлтæрддзинад кæй бацамыдтой, уый нын тынг феххуыс. Науæд махмæ ацы низы фæдыл уадиссаг фæлтæрддзинад нæма уыд. Рынчынтæй алкæмæн дæр хъуыд комплексон æгъдауæй хос кæнын», – радзырдта Беройты чызг.

«Сырх зонæ»-йы кæй бакуыста, уымæ гæсгæ Моникайæн йæ ныв конд уыд Джиоты Аланы проспект æмæ Исахъы уынг кæм иу кæнынц, уым баннерыл. Фæскуыст фæлладæй хæдзармæ куы рацæуы, уæддæр ын æрулæфт нæ вæййы. Телефоны йæм фæдзурынц рынчынтæ æмæ йын радзурынц сæ проблемæты тыххæй. «Цыфæнды фæлладæй дæр сын ма сдзуапп кæнон, уый мæ бон нæу, уыдон мæм сæ фыртыхстæй дзурынц», – банысан кодта уый.

Суткæйы кæцыфæнды рæстæджы дæр æм гæнæн ис фæдзурой рынчындонæй уæззау рынчынæн консультаци бакæныны тыххæй æмæ уый дæр æнæзивæгæй фæцæуæг вæййы. Моникаимæ куы ныхас кодтон, уыцы рæстæджы дæр æм фæдзырдтой дыууæ тыхст рынчыны æмæ сын курдиатджын æвзонг дохтыр лæмбынæг бамбарын кодта цы сæ саразын хъæуы, уый. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Беройты чызг лекцитæ кæй бакæсы ацы хайады рынчынтæ æмæ сæ хиуæттæн, цæмæй зоной низы фæтынгы рæстæджы цы саразын хъæуы, уыдæттæ.

Уадз, Гиппократы ардбахæрдыл æнувыд æвзонг дохтырæн ноджы дæр уæд стырдæр æнтыстытæ йæ зын, фæлæ хъæуæг куысты. Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ бинонты амонд. Æнæнизæй бирæ азты лæггад кæн тыхст уавæры бахауæг адæмæн.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.