Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Цас цæссыг æмæ маст æрхастой ацы цалдæр дзырды Советон Цæдисы адæмтæн, цас туг, цал цардбæллон уды аныхъуырдтой. Æвыдæй нæ баззадысты ирон адæм дæр. Чысыл Хуссар Ирыстоныл дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстиуæгæн стыр зиæнттæ æрцыд.

Фашистон Герман Советон Цæдисмæ куы æрбабырста, уæд Хуссар Ирыстоны хæстхъом фæсивæд фæдисы  фæцыдысты хæсты быдырмæ æмæ хъæбатырæй, сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, тох кодтой фашистон Германы æфсады ныхмæ. Уыцы фæсивæдæн сæ фылдæр нал æрыздæхт хæсты быдырæй. Уыдон сæ цард нывондæн æрхастой Стыр Уæлахизы сæраппонд. Уыцы нымæцы уыдысты Æлбор-ты Уасилы фырттæ Давид, Исахъ, Никъала æмæ Григори дæр.

Æрæджы газет «Хурзæрин»-ы редакцимæ æрбацыд Дзæгъиаты Зауыр æмæ мын радзырдта Уасилы фыртты хæстон хабæртты тыххæй.

Знауыры районы Малдайы хъæуккаг Æлборты Уасил æмæ йæ цардæмбал Литæ сæхи амондджын ныййарджытыл нымадтой, буц уыдысты сæ цыппар фырт æмæ иунæг чызгæй. Хъомыл сæ кодтой, сæ бон куыд уыд, афтæ, цайдагъ сæ кодтой куыстыл, адæммæ цыты ахастыл, Райгуырæн бæстыл æнувыд уæвыныл æмæ сабитæ бахъомыл сты сæ ныййарджыты фæндиаг. Уыдон сæ чысылæй фæстæмæ æвзыгъд уыдысты хæдзарон куыстытæм дæр æмæ ахуырмæ дæр, уыимæ ма уыдысты адæмуарзон дæр. Бонтæ цыдысты æмæ хъомыл кодтой Уасилы байзæддаг дæр. Алчи дæр сæ куыдхистæрæй – скъола каст  фæуыны  фæстæ  царды  агуырдтой сæ фæндаг. Сæ чызг моймæ фæцыд Зæгъойтæм, сæ фырттæ та…

Лæппуты хистæр Давид райгуырд 1905 азы. Йæ лæджы кары куы бацыд, уæд бинонты кой дæр бакодта – æркодта бинойнаг Метъехы хъæуккаг Тадтаты чызджы. Дыууæ уарзæгой адæймаг сæхи амондджыныл нымадтой, уæлдайдæр та сын зæнæг  – дыууæ чызг æмæ иу лæппуйы куы фæзынд, уæд, æмæ кæд сæ фæндтæ дардыл уыдысты, уæддæр сæ цард арæзтой, сæ къух сæ куыд амыдта, афтæ. Сæ кæстæрты хъомыл кодтой сæхи цæвиттоныл, фæлæ бинонты амондджын цард бирæ нæ ахаста. 1941 азы Советон Цæдисмæ фашистон Германы æрбабырсты фыдуац Хуссар Ирыстонмæ куы æрыхъуыст, уæд Давид дæр йе ‘фсымæртæ æмæ Ирыстоны хæстхъом фæсивæдимæ араст хæсты быдырмæ.

Давид хъæбатырæй тох кодта немыцаг фашистты ныхмæ. Бирæ хæттыты-иу фæцæф знаджы нæмыгæй, фæлæ-иу куы фæ-сæрæндæр, уæд та-иу æрлæууыд йæ хæстон æмбæлтты фарсмæ æмæ дарддæр дæрæн кодта фашистты.

Знаг бырста ССР Цæдисы скæсæны ‘рдæм. Йæ планы уыд Сталинград бацахсын, уымæн æмæ иуæй сæудæджерадон горæт уыд, иннæмæй та хаста Гитлеры цыфыддæр знаг Сталины ном. Гитлер фæнд кодта горæт иу къуыримæ бацахсын. Фæлæ йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. Немыцаг фашистты ныхмæ тох кодтой Сталинграды фронты æфсæдтæ, кæцы арæзт æрцыд 1942 азы 12 июлы, командæ йыл кодта маршал Тимошенко. Ацы горæты сæрыл тугуарæн тохты хайад иста Давид дæр.

Сталинграды сæрыл карз тохтæ аххæссыдысты суанг 1943 азы февралмæ. 2-æм февралы дæрæн æрцыдысты  знаджы  æфсæдтæ. Советон хæстонтæй дæр тынг бирæ фæмард. Хъыгагæн, уыцы фыдыссæн машинæйы бахауд Давид дæр. Уыцы карз тохтæй иуы рæстæджы уæззау цæф фæцис, бæргæ ма йæ аскъæфтой госпиталмæ, фæлæ йæ цæф мæ-лæтдзаг разынд æмæ фæмард.  Давиды амæлæт йæ бинонтæ базыдтой,  йæ хæстон хæлар сæм цы фыстæг æрæрвыста, уымæй.

Давиды фырт Роман йæ фыды фарн не ‘рныллæг кодта, куы бахъомыл, уæд хуыздæр цардагур фæцыд Азербайджанмæ æмæ бирæ азты дæргъы куыста Бакойы нефтгуырæнты. Уый фæстæ æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ 30 азы бæрц та фæкуыста Цхинвалы завод «Эмальпровод»-ы.

Уасилы дыккаг фырт Исахъ райгуырд 1907 азы. Уый та хайад иста, Керчы æрдæгсакъадахы сæрыл цы карз тохтæ цыд, уым. Исахъ дæр ирон адæймаджы кад кæм æрныллæг кодтаид, хъæбатырæй тох кодта немыцаг-фашистон оккупантты ныхмæ. Уыцы тохты мæлæтдзаг цæф фæцис æмæ фæмард.

Æртыккаг фырт  Никъала скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Цхинвалы педагогон ахуыргæнæндоны æмæ уый фæстæ куыста ахуыргæнæгæй Ленингоры районы Цъинагары хъæуы, фæлæ Стыр Фыдыбæстæйон  хæст кæй райдыдта, уыцы фыдуац куы æрыхъуыст Ирыстонмæ, уæд уый дæр ацыд тохы быдырмæ æмæ уый дæр знаджы нæмыгæй фæмард.

Сæ кæстæр æфсымæр Григори райгуырд 1911 азы. Скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Цхинвалы аэроклубы æмæ райста тæхæджы дæсныйад. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд уый дæр йе ‘фсымæртау, йæхи нæ бааууон кодта, фæлæ араст тохы быдырмæ æмæ хъæ-батырæй тох кодта фашистон Германы тугмондаг хæстонтимæ.

Хæсты райдианы арæзт æрцыд Урсденджызон хæстон флотили, кæцыйы сæйраг базæ уыд Архангельскы. Авиаци хайад иста Урс денджызы  развæдсгарæн атахтыты, афтæ ма хъахъхъæдта, Архангельскы порт æмæ Двинайы донбакæлæныл цы конвойтæ цыд, уыдоны.

1942 азы знаг Архангельск басудзынвæнд скодта. Уыцы рæстæджы горæты 95 проценты уыд хъæдæй арæзт. 24 августæй 29 сентябрмæ горæт, порт æмæ æфсæнвæндаджы станцæмæ 7 хатты батахтысты знаджы хæдтæхджытæ. Советон хæдтæхджытимæ сын бацайдагъ уæлдæфон тох.  Уыцы тохты  хайадисгæйæ хъæбатырæй фæмард Æлборты Уасилы фырт Григори дæр.

Хæсты фæстæ дæр Уасил æмæ Литæ  æнхъæлмæ бæргæ кастысты сæ бæллцон хæстонтæм, фæлæ уыдон фæцыдысты «ацу æмæ ма ‘рцу»-йы фæндагыл. Сæ цыппар фыртæй, цыппар хæстонæй иу дæр нал æрыздæхт йæ фыды уæзæгмæ. Уыдон сæ цард нывондæн æрхастой, цæмæй сæ райгуырæн Советон Цæдис  сæрибар æрцыдаид фашизмы емы-нæйæ. Фæлæ, хъыгагæн. Советон Цæдис дæр ныппырх æмæ раздæры цæдисон республикæтæй кæцыдæрты фашизмы ‘взартæ тау суагътой. Уыдон алы æгъдауæй дæр архайынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты истори сзыгъуыммæ кæныныл. Архайынц агрессорæй хъайтар саразын. Ахæм фæзындты ныхмæ та хъæуы хъæддых фæлæууын. Нæ хъæуы рох кæнын хæсты хайадисæг хъæбатырты нæмттæ. Мачи æмæ нæ мацы хъуамæ ферох уа. Сæ рухс нæмттæ сын цалынмæ мысæм, уæдмæ цæрдзысты æнустæм.

 

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.