Æртæ боны дæргъы нæ Республикæйы уæрæсейаг æмбæстæгтæн фадат уыд Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты хайад райсынæн. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ кæддæриддæр активон хайадисæг кæй сты цыфæнды æвзæрстыты дæр. Æмæ ныр дæр се ‘мбæстагон хæс фидынмæ цыдысты Уæрæсейы Фæдерацийæн ацы ахсджиаг политикон æвзæрстытæм дæр.

Нæ республикæйы хъæутæй сæ иуы цæрæджы ныхæстæм гæсгæ «куыстытæ – иуварс, не ппæт дæр – æвзæрстытæм, куыстытæ уыдзысты, фæлæ æвзæрстыты хайад хъуамæ райсæм». Ахæм зондахастимæ Хуссар Ирыстоны 11 минæй фылдæр цæрæджы бафыстой се ‘мбæстагон хæс.

Нæ республикæйы территорийыл æвзæрстыты хайад райсынæн уыд къорд æвзарæн фадыджы сентябры 17 бонæй суанг 19 бонмæ. Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады фæзуатыл цы æвзарæн фадыг байгом, уыцы æвзарæн къамисы фадыджы сæрдар Александр Журов нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æвзарджытæ райзæрдæйæ цæуынц æвзæрстытæм.

Уый ма нын радзырдта, уыцы бонты куыд организаци цыд нæ бæстæйы дæрддаг хъæуты цæрджытæн ацы ахсджиаг мадзалы хайад райсынæн, уый тыххæй цæугæ къордты куысты фæдыл. Уыдонæн уавæртæ саразыны фæдыл алы районтæм дæр æрвыст æрцыд цæугæ къордтæ.  Уыцы хъуыддаджы чи архайдта, уыдон цыдысты хæдзæрттæм дæр, цæмæй, сæ бон цæуын цы æмбæстæгтæн нæу, уыдонæн дæр фадат уыдаид се ‘мбæстагон хæс сæххæст кæнынæн.

Уымæй размæ, информацион фæрæзты руаджы æмæ Уæрæсейы минæварады сайтыл, парахат æрцыдысты телефоны номыртæ, уыдон руаджы фадат уыд алы æмбæстагæн дæр фадыгон æвзарæн къамисы уæнгтæм æрбадзурын æмæ сæ уавæр бамбарын кæнынæн. Науæд та куырдиат ныффыссын æмæ хъæлæс дæттыны афон æвзарæн къамисы уæнгты цæугæ къорд бацыд алы ахæм æмбæстагмæ дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ хъæлæс кæныны цалдæр боны карзæй хынцыд цыдысты эпидемиологон уавæртæ, санитарон домæнтæ, дистанци, индивидуалон бахъахъхъæнæн æмæ æндæр фæрæзтæй ифтонг уыдысты æвзарæн фадгуытæ.

Фадыгон æвзарæн къамисы цæугæ къорды руаджы ма фадат уыд, нæ республикæйы медицинон уагдæтты чи уыд, уыдонæн дæр, цæмæй сæ конституцион хæс сæххæст кодтаиккой. Уæдæ Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг цæрæг æмбæстæгтæ дæр æнæзæрдæхудтæй æмæ парахатзæрдæйæ сæххæст кодтой сæ хæс, нæ дарддæры хъысмæт цы стыр Уæрæсеимæ бæттæм, уыцы бæстæйы Думæмæ æвзæрстыты

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.