Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн Хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуыскæныны тыххæй   бадзырды фæлгæтты къухтæ фыст æрцыд дывæр æмбæстагдзинады тыххæй æмразыдзинадыл. Ацы ахсджиаг æмæ историон документыл къухтæ фыст æрцыд Хуссар Ирыстоны националон бæрæгбон – Республикæ расидыныл 31 азы сæххæсты бон.

Æмразыдзинадыл сæ къухтæ бафыстой Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Уымæй размæ Хуссар Ирыстонимæ дывæр æмбæстагдзинад æмæ Уæрæсейы æмбæстагдзинад фæхуымæтæггонд фæткмæ гæсгæ райсыны тыххæй сразыдзинады проектыл сразы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин, Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæндонмæ гæсгæ.

Сразыдзинадмæ гæсгæ иу фарсы æмбæстæгтæн фадат ис иннæ фарсы æмбæстагдзинад райсынæн. Нæ бæстæйы паддзахадон хæдбардзинад банымайынæй (2008 азы 26 августæй) фæстæмæ Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн фадат дæтты фæхуымæтæггонд уавæрты уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсыны тыххæй куырдиат бадæттынæн.

Уымæйдæр, æмбæстагдзинад райсыны уавæртæ, куырдиат бадæттыны фæтк, цы æнæмæнгхъæуæг документтæ бадæттын хъæуы æмæ куырдиатмæ æркæсыны фæтк бæлвырд кæны Уæрæсейы Федерацийы Президент.

Сразыдзинады ма нысан цæуы уый дæр, æмæ дыууæ фарсы æмбæстагдзинад кæмæн ис, уыдон æдзухæй цы территорийыл цæрынц, уыцы фарсы закъондæттынадмæ гæсгæ пайда кæндзысты социалон ифтонгад, ахуырад æмæ медицинон лæггæдтæй.

Уымæйдæр, кæцыфæнды фарсæн дæр бар ис, иннæ фарсы территорийыл чи цæры, уыдонæн бартæ æмæ хатыртæ дæттынæн. Фæрстæ ма кæрæдзийæн дæттынц дыууæ æмбæстагдзинад кæмæн ис, уыдон æртыккаг бæстæйы æмбæстагдзинад райсыны тыххæй информаци.

Сразыдзинад ратификаци хъуамæ æрцæуа æмæ йæ тыхы цæуы ратификацион грамотæтæ кæрæдзимæ лæвæрд куы æрцæуой, уæдæй.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.