20-æм сентябры йæ фæстаг фæндагыл афæндæраст кодтой Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырæй фæмардуæвæг хæстон-бархион Хъуылымбегты Суликъойы фырт Фидары. Фæстаг хæрзбон Хъайтарæн зæгъынмæ æрбацыдысты Хицауады сæрдар Джуссойты Константин, йæ хæдивæг Тадтаты Дзамболат, Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Мамиты Эрислав, Контролон-нымайæн палатæйы сæрдар Плиты Алымбег, Фидары хæстон æмбæлттæ æмæ хæлæрттæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Джуссойты Константин мæсæллæйы ныхæстæ загъта зианджын бинонтæ æмæ хиуæттæн.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, цин æмæ хъыг æфсымæртæ сты. 20-æм сентябры Хуссар Ирыстоны дзыллæ республикæ расидыны боныл 33 азы сæххæсты бон цытджын æгъдауæй куы нысан кодтой, уæд цардбæллон Хъуылымбегты Фидары та сау мæрмæ афæндараст кодтой. Рауад афтæ æмæ уый йе ‘взонг цард радта куыд Уæрæсейы, афтæ йæ радтæг Ирыстоны тыххæй дæр, цыдис ыл æрмæстдæр 35 азы, афтæмæй. Цы сты 35 уалдзæджы цардбæллон лæппуйæн! Нæ йын бантыст хъæбулы уарзт банкъарын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындæй Хъуылымбегты Фидар хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй (йæ амæлæты фæcтæ). Ирыстоны хъайтар, дæ ном рох никуы уыдзæн дæ радтæг адæмæй.

Рухсаг у!

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.