Батальон «Шторм. Осетия»-йы хæстон Джиоты Эдуард хорзæхджын æрцыд Жуков æмæ Суворовы  майдантæй сæрмагонд æфсæддон операцийы хъайтардзинад æмæ йæ хæстон хæсыл æнувыддзинад равдисыны тыххæй.

***

 

Батальон «Шторм.Осетия»-йы хæстон Джиоты Сергей (йæ фæсномыг «Джой») Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæр командæгæнæджы барамындмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй.

***

Ирыстойнаг хæстон Джиоты Алан Гамлеты фыртæн (йæ фæсномыг «Пурпур») Уæрæсейы Федерацийы президенты барамындæй лæвæрд æрцыд Суворовы майдан Украинæйы хæстон архайдтыты æхсардзинад, удуæлдайдзинад æмæ хисæрмагонд хъæбатырдзинады тыххæй.

***

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг, кæстæр сержант  Дзебысаты Азæмæты схорзæхджын кодтой «Во славу Осетии»-йы майданæй. Æфсæддон службæгæнæгæн хорзæх саккаг кодтой афицеры цард ба-хъахъхъæныны, афтæ ма хæстон архайдтыты рæстæджы йе ‘фсæддон хæс сæххæст кæныны тыххæй. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло раарфæ кодта хæстонæн ахæм бæрзонд паддзахадон хорзæхы тыххæй. Йæ цæст ын бауарзта æнæниздзинад æмæ службæйы дарддæры æнтыстытæ.

***

Батальон «Шторм.Осетия»-йы снайпер Козаты Артур Петры фырт (йæ фæсномыг «Акула») РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы барамындæй хорзæхджын æрцыд «Во славу Осетии»-йы майданæй цæрæн пункт Пятихаткайы цур тохты равдисгæ хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй. Артуры историимæ зонгæ сты ирыстойнаг цæрджытæ. Тохы рæстæджы фæцæф, фæлæ иу хъæрзт дæр не скодта, афтæмæй баххуыс кодта иннæ хæстонты эвакуацийæн æмæ уый фæстæ цалдæр сахаты дæргъы хъæдты фæцыд йе ‘фсæддон хаймæ. Уырдыгæй йæ фæхæццæ кодтой быдырон госпиталмæ операци йын саразыны тыххæй.

***

Хуссар Ирыстоны Хъорнисы хъæуккаг хæстон Пæрæстаты Александр Ерикы фырт УФ-йы президенты барамындæй хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй Украинæйы хæстон архайдтыты рæстæджы равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй. Александр сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исы иу азæй фылдæр.

***

Хуссарирыстойнаг хæстон Æрсойты Азæмæт Ацæмæзы фыр-тæн саккаг кодтой Жуковы майдан Украинæйы хæстон архайдтыты рæстæджы удуæлдайдзинад æмæ хисæрмагонд хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй. 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддон службæгæнæг сæрмагонд æфсæддон операцийы  зонæйы ис ивгъуыд азы марты мæйæ фæстæмæ.

***

Хуссарирыстойнаг хæстон Гаглойты Ибрагим Петры фырт Украинæйы хæстон архайдтыты рæстæджы æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад равдисыны тыххæй УФ-йы президент Владимир Путины барамындæй хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.