Карз тохмæ ацæуыны размæ, йæ фæстаг видеотæй сæ иуы ацы ныхæстæ загъта Ирыстоны зынгхуыст хъæбул, йæ радтæг адæмы æцæг патриот Уырысты Альберт.

Афæдзæй фылдæр цæуы сæрмагонд æфсæддон операци æмæ дзы Ирыстоны фæсивæд æвдисынц æнахуыр сгуыхтдзинæдтæ. Ирон лæджы кад, фыдæлты намыс дæлæмæ нæ уадзынц, афтæмæй сæ риуы ‘мбæрц размæ цæуынц фронты раззаг хæххыты æмæ хъæбатырæй дæрæн кæнынц фашист Бандерайы фæдонты. Ахæм карз, удуæлдай тохты æнæ уды зиæнттæ нæ баззадысты ирон лæппутæ дæр. Абоны онг ирон хæстонтæй чи фæмард, уыдон нымæц схызт 340 адæймаджы онг. Уый чысыл Ирыстонæн, чысылнымæц ирон адæмæн æгæр стыр зиан у. Зынгхуыст хъайтартæй бирæтæ æвæстаг фесты, сæ фæстæ къонайы фарн дарддæргæнджытæ, ома сывæллæттæ нæ ныууагътой, афтæмæй. Æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, Ирыстоны демографион фондыл æндавы æппæрццагæй.

Уырысты Альберт сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад иста фыццаг бонтæй фæстæмæ. Йæ мад Заремæйæн уыд иунæг хъæбул. 2022 азы 7-æм октябрь… Уыцы бон сау халон бауасыд Уырысты хæдзармæ. Тохы быдыры знаджы нæмыгæй йæ рæзгæ цард аскъуыд Уырысты Альбертæн. Бинонты, хиуæтты, йæ бирæ æмбæлтты мастæн кæрон дæр нал уыд. Альберт уыд хæстон къорды хистæр развæдсгарæг, йæ кармæ гæсгæ та – се ‘ппæтæй кæстæр. Уыцы æнамонд боны знагыл хæрхæмбæлд фесты æмæ сын бацайдагъ æгъатыр тох. Хæстон лæппутæй чи фæцæфтæ сты, уыдоны иннæтæ цалынмæ æдас бынатмæ хастой, уæдмæ Альберт знаджы хæстæг не ‘рбауагъта. Фæстæдæр йе ‘мбæлттæ куыд базыдтой, афтæмæй иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудта ахæм карз уавæрты, фæлæ та-иу мæлæты дзæмбытæй раирвæзт. Æрмæст ын ацы хатт нал бантыст… Æмæ йыл йæ хур ахуыссыд 24-аздзыдæй. Цы сты 24 азы, йæ мидбылхудт æппынæдзух йæ цæсгомыл кæмæн хъазыд, уыцы цардбæллон лæппуйæн? Рафæлдæхт Заремæйы  иунæг ныфс æмæ цæугæ мæсыг…

Стыр ныфсытæ бæргæ æвæрдтой сæ иунæг рухсы тынæй йæ мад æмæ йæ нана Розæ, фæлæ… Арæзтой царды пълæнттæ, зæгъгæ, Альберт фембæлдзæн хорз чызгыл æмæ йæ ирон фæндыры зæлтæм æрбакæндзæн йæ хæдзармæ, сараздзæн амондджын бинонтæ. Фæлæ æгъатыр хъысмæтмæ гæсгæ йæ фæндтæ æмæ йæ бæлицтæ аскъуыдысты йæ царды фæндаджы райдианы.

Дзæуджыхъæуы 15-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ документтæ балæвæрдта 5-æм профессионалон ахуыргæнæндонмæ. Уый фæстæ ссис Цæгат Кавказы Хæххон-Металлургон институты студент. Фæстаг курсы йæм æрсидтысты æфсадмæ æмæ æнтыстджынæй баслужбæ кодта. Æфсады фæстæ контрактыл йæ къух æрфыста æмæ йæ командировкæйы арвыстой Краснодары краймæ. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад иста фыццаг бонтæй фæстæмæ. Йæ мад Заремæ иу мæй ницы хабар зыдта йæ хъæбулæй. Уыцы рæстæджы Альберт йе ‘мслужбæгæнджытимæ уыд Херсоны областы.  Æрмæстдæр иу мæйы фæстæ ссис йæ бон йæ мадмæ фæдзурын. Йæ амæлæты размæ сæрды Альберт æрцыд цыбыр улæфты æмæ æрæмбырд кодта йæ хиуæтты, йе ‘мбæлтты. Семæ 15-æм августы банысан кодта йæ 24 азы райгуырæн бон. Уый уыд æнæферохкæнгæ фембæлд, ирон зарджытæ æмæ ирон хъæзтытимæ. Афтæ уарзта зарын дæр æмæ кафын дæр æмæ йæ æгæрыстæмæй,  йе ‘мбæлттæ «Танцор» дæр ма хуыдтой. Уыцы ном ыл баззад сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы дæр. Фыццаг бонтæй фæстæмæ уыд 10-æм хицæн сгарджыты къорды хистæр сапер.

Æгæрон уарзт кодта йæ Ирыстоны, йæ мадæлон ирон æвзаджы. Фронты раззаг хаххы уæвгæйæ-иу, улæфты стæм минутты куы фæдзырдта йæ бинонтæм, йе ‘мбæлттæм, уæд-иу сæ алыхатт дæр бафæдзæхста, цæмæй йемæ ныхас кодтаиккой æрмæстдæр мадæлон æвзагыл. Уый уыд йæ Райгуырæн бæстæйы æцæг патриот. 24-аздзыдæй, афтæ зондджын чи уыд, уый йæ лæджы кармæ куы фæцардаид, уæд та цахæм уыдаид. Кæй зæгъын æй хъæуы, стыр пайдатæ æрхастаид йæ радтæг Ирыстонæн. Йæ мад Заремæйæн балæвар кодтаид хъæбулы хъæбултæ, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн. Йæ мад, йе ‘мбæлттæ йæм куы бахатыдысты, зæгъгæ, фæстæмæ мауал ацу, уæд сын сдзуапп кодта: «Æрдæг азæй фылдæр иу акъоппы кæимæ арвыстон, цæхх-кæрдзын кæимæ дих кæнын, иу кружкæйæ дон кæимæ нуазын, уыдоны куыд хъуамæ ныууадзон, сæ цæстытæм ма сын куыд бакæсдзынæн». Гвардийы салдат Уырысты Альберт хъæбатырæй фæмард Херсоны областы, Брусникинскийы хъæуы.

Уыцы æнамонд боны Альберт уыд раззаг хаххы. Позицимæ ацæуыны размæ фæдзырдта йæ мадмæ æмæ йæ бафæдзæхста, зæгъгæ, йæм телефонæй фæдзурæн нæ уыдзæн, бастдзинад дзы кæй нæ уыдзæн, уымæ гæсгæ. Уымæй цасдæр рæстæджы фæстæ 24-аздзыд лæппуйы цард аскъуыд знаджы къухæй. «Фæстæмæ иу къахдзæф дæр нæ – æрмæстдæр размæ!», – ахæм уыд Уырысты Альберты девиз. Æгæрон хъайтардзинад цы фæстаг тохы равдыста, уый тыххæй йе ‘мдзæвгæйы фыссы поэт, тагъд фердæхты сæрмагонд къорд «Рысь»-ы запасы булкъон Сергей Ефимов. Æмдзæвгæйы бæлвырдæй равдыста хъайтары царды фæстаг уысм:

 

«…Ты выиграл время, дал группе уйти

И вынести раненых к нашим.

А сам лег навеки на ратном Пути

Последним под минами ставшим…»

Фæстæдæр ацы ныхæстыл зарæг ныффыста Александр Коренюгин. Йæ номыл фыст ноджы иу зарæджы автор та у йе ‘ввахс æмбал Багаты Юри.

Уырысты Альберт мæрдæнцойад ссардта йæ уарзон Дзæуджыхъæуы Скæсæн уæлмæрды, сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы зынгхуыст хъайтарты ‘хсæн.

Хъыгагæн, Альберты ничиуал раздахдзæн, фæлæ, уадз æмæ, йæ цыбыр цард не ‘ппæтæн дæр цæвиттойнаг уæд!

Символикон у уый дæр, æмæ йæ фæстаг видеотæй иуы, цыма йæ мæлæт зæрдæйæ хатыд, уыйау не ‘ппæтмæ дæр сиды Къостайы ныхæстæй, «кæрæдзи уарзгæйæ цæрут, уæ кæрæдзи хъахъхъæнут!», – абон дæр ма уыцы видеороликæн фенæн ис Интернеты.

Альберт тынг кад кодта æмæ хъахъхъæдта ирон традицитæ æмæ йæ мадæлон æвзаг. Йæ хæстон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы-иу арæх ныууагъта  ирон æвзагыл ныфсы фыстытæ. Дзырдта-иу, зæгъгæ, уæд та ма ардæм ме ‘мзæххонтæ æрбацыдысты, уæд сын æхсызгон уыдзæн мадæлон æвзагыл ныхæстæ бакæсын. Иууыл диссагдæр та мæм уый фæкаст æмæ, æгæрыстæмæй, хæстмæ дæр йемæ кæй ахаста Къостайы æнæмæлгæ «Ирон фæндыр». Уымæй дæр электронон хуызы нæ, фæлæ чиныгæй. Развæдсгарджытæм нæ вæййы уæлдай дзаумæттæ, фæлæ йын тынг зынаргъ кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ нæ фæндыд фæхицæн дзы уыдаид. «Ирон фæндыр» йæ хæдзармæ æрбаздæхт Хъайтары хисæрмагонд дзаумæттимæ…

Уырысты Альберты чи зыдта, уыдоны зæрдæты баззайдзæн 24-аздзыд худæндзаст лæппуйæ. Альберт йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд «Во славу Осетии»-йы майданæй. Хæстоны мадæн хорзæх радта РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Уататы Зелим. «Альберт æнувыдæй баззад йæ ардбахæрдыл, йæ царды аргъæй бахъахъхъæдта йе ‘мбæлтты цард. Алкæмæн ахæм сгуыхтдзинад саразын йæ бон нæу æмæ цалынмæ цæрæм, уæдмæ йæ хъуыды кæндзыстæм. Уыцы бон йæ царды аргъæй кæй аирвæзын кодта, уыцы хæстонты бинонтæ макуы хъуамæ ферох кæной хъайтары ном», – загъта Уататы Зелим. Уый размæ та хорзæхджын æрцыд «Хъæбатырдзинады» орденæй, «За боевые отличия» æмæ Жуковы майдантæй йæ амæлæты фæстæ.  15-æм августы Уырысты Альбертыл сæххæст уыдаид 25 азы, бæргæ та æрбамбырд кодтаид йæ хиуæтты, йæ бирæ æмбæлтты, фæлæ… Ныр ын уыдон æрбацæуынц йæ уазал цырты цурмæ, сæркъулæй йемæ фæныхс кæнынц æмæ зæрдæрыстæй фæстæмæ раздæхынц…

Альберт, хъазы пакъуыйау дын фæлмæн уæд, афтæ бирæ цы Ирыстоны уарзтай, уый сыджыт! Рухсаг у, Ирыстоны цардбæллон хъæбул!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.