Хуыцаубоны, 12-æм февралы Цхинвалы йæ фæстаг фæндагыл афæндараст Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстон Джиоты Алан Джемалы фырт (йæ фæсномыг Арес). Алан хæцыд бархион тыхты сконды. Фæмард 2022 азы 26-æм сентябры украинæйаг неонацистты ныхмæ карз тохы. Алан цы къорды уыд, уый бахауд знаджы æрхъулайы. Йæ мардбуар ын агуырдтой цалдæр мæйы дæргъы. Йемæ ма фæмард Остъаты Тамерлан дæр. Алан йæ ныййарæг мадæн уыд иунæг хъæбул æмæ йæ цæрæнбонтæм ныууагъта цæссыгкалгæйæ.

Джиоты Алан йæ риуæй бамбæрзта йæ хæстон æмбæлтты æмæ хъæбатырæй фæмард…

ДНК-йы фæстиуджытæ Джиоты бинонтæ райстой æрмæстдæр цалдæр боны размæ. Хæлар-зæрдæ,  æхсарджын, раст æмæ æнувыд æмбал, уарзæгой хъæбул, ахæмæй бахъуыды кæндзысты, Аланы чи зыдта, уыдон. Хæстоны йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæнынмæ æрбацыдысты республикæйы Президент Гаглойты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Парламенты Сæрдар Æлборты Алан æмæ æндæр официалон адæймæгтæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады минæвæрттæ, сæдæгай цхинвайлæгтæ, йæ хиуæттæ, йæ хæстон æмбæлттæ. «Сæрмагонд операци куы райдыдта, уæд Алан йе ‘мбæлттимæ ацыд хæстон архайдтыты зонæмæ иннæ ирæттæм. Чидæртæ ралидзынц хæсты быдырæй, фæлæ Алан та йе ‘мбæлттимæ барвæндæй ацыд сабыр цæрджыты бахъахъхъæнынмæ. Уыд йæ Фыдыбæстæйы æцæг патриот. Хъыгагæн, уым бирæ нæ баззад. Алан кæд  26 азы дæр æххæстæй нæ рацард, уæддæр йæ фæстæ ныууагъта хъайтары ном…», – загъта йæ хæстон æмбæлттæй иу фыдохы митинджы.

РХИ-йы Президенты барамындæй Джиоты Алан хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй йæ амæлæты фæстæ. Йæ фæстаг фæндагыл æй афæндараст кодтой æфсæддон кадимæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.