(Кæрон. Райдиан кæс нæ газеты №47-ы )

Цымыдисон уый у, æмæ фылдæр хатт Гуырдзыстоны политикон авантюрæйы кæй ныссадзынц, тугæй гуырдзиаг чи нæ вæййы, ахæм адæм. Дард цæуын нæ нæ хъæуы цæвиттонтæ агурынмæ, уый дын Саакашвили, кæнæ та Саломе Зурабишвили (тугæй – сомихæгтæ) æмæ бирæ æндæртæ, кæцытæ худинаджы гакк сæвæрдтой сæхиуыл.

Цымыдисон у, афтæхуыйнæг Хуссар Ирыстоны фарст (кæронбæттæн уынаффæ) среализаци кæнын Гуырдзыстоны президент Саакашвили кæй сфæнд кодта 88 азы фæстæ 2008 азы афтæхуыйнæг хъуыстгонд операци «Сыгъдæг быдыр» бацæттæ кæнгæйæ. 100 азы (1920) размæйы æмæ 12 азы (2008) размæйы цаутæн анализ аразгæйæ, æмæ сæ кæрæдзийы ныхмæ æрæвæргæйæ, мах хъуамæ банысан кæнæм нацизм æмæ расизмимæ геноциды иумиагдзинад æмæ бындурон бастдзинад, кæцытæ иумæ нысан кæнынц «æртывæр адæймагмæ æнæуынондзинад».

Суанг 1989 азæй райдайгæйæ, гуырдзиаг нацоналон-экстремистон фашистон режим иу æмæ дыууæ хатты нæ бафæлвæрдта, ирæттæн æрмæст сæ Райгуырæн бæстæйы, сæ фыдæлты территорийыл уæвынады нæ, фæлæ сæ бынтондæр скуынæг кæныны фарст кæрон-мæ аскъуыддзаг кæнынмæ, кæцы сæ æппынфæстаг æркодта 08.08.2008 азмæ, чысылнымæц, бирæ хъизæмæрттæ бавзарæг адæмы геноциды радон фактмæ.

Ирыстон æмæ ирæттæ сты ахæм бæстæ æмæ адæмы ирд цæвиттон, кæцы меньшевикон, фашистон Гуырзыстоны ‘рдыгæй бавзæрста йæ æгъатырдзинады æппæтварсон хуызты æххæст æрцæуæг геноцид (скуынæг кæныны æмбарынад æххæстæй æмбаргæйæ) æмæ у удæгас фæдзæхст ахæмтæн, кæцытæ бæстæты æмæ адæмты хъысмæт скъуыддзаг кæнынц фашистон методтæй.

Тæккæдæр фашизм нысан кæны дæлдзиныг кæнын æмæ куынæг кæнын  æмæ геноцид дæр. Геноцид – уый у алыварсон архайдтыты иумиаг формулировкæ, ацы фарсты ирон адæмы ныхмæ. Уый у культурон æргъадтæ скуынæг кæнын æмæ ныппырх кæнын дæр, уыцы нымæцы культурон бынтæ дæр, æппæт дæр, цыдæриддæр хауы националон политикон иугонды царды архайд æмæ ифтонгадмæ, адæмы ных-мæ чи у, ахæм закъæттæ фидар кæнын (зæгъæм, ирон дамгъуат гуырдзиагмæ раивын, тыхæй гуырдзиаг æвзагыл   ахуырад бæттын, гуырдзиаг истори   ахуыр кæнын æмæ афтæ дарддæр). Æргомæй зыны афтæхуыйнæг «культурон» геноцидæй пайда кæнын.

Мах нæ нырыккон культурæ æрмæст стыр æмбæстагон рæзты дугмæ нæ хоны, фæлæ националон хæдбардзинады сæрвæлтау тох æмæ хъайтарон темæты дугтæм дæр. Мах хъуамæ æп-пæтварсонæй размæ кæнæм æмæ нæ нырыккон æхсæнады, нæ адæмы зондахасты фидар кæнæм стыр ахуыргонд-академик Дмитрий Лихачевы фæлгонцджын хъуыды «стыр æртывæрдзинады æмбарынад: ивгъуыд, абон, фидæн».

Нæ адæмы историйы мысæнуат æмæ йын цыдæриддæр номгæнæг у, уыдон махæн табуйаг сты. Мах мацæй тыххæй хъуамæ ферох кæнæм, нæ адæм цы вазыгджын фæндагыл рацыдысты, уый, бынтон скуынæгмæ-иу кæм æрцыдысты, ахæм дугтæ-иу  сыл кæй скодта. Уый банысангонд æрцыд 2018 азы 25 августы горæт-хъайтар Цхинвалы уагъдæрцæуæг Æхсæндунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы X уанелы. Уанелы райст æрцыд сидт Баиугонд Нациты Организацийы Генералон секретарь Антониу Гугерришмæ. Сидт фæуд кæны ахæм ныхæстæй:

«Æхсæндунеон æхсæнадон змæлд Ирæтты Уæлдæр Советы X  уанел 1920 азы Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ Гуырдзыстон цы этникон геноцид сарæзта, ууыл сæдæ азы сæххæсты хæдразмæ сиды дæумæ æмæ дунейы æппæт демократон организацитæм, цæмæй рахæцат Хуссар Ирыстоны адæмы рæстаг домæнты æвварс:

1.1920 азы Хуссар Ирыстоны ирæтты массон æгъдауæй куынæг кæнын нымад æрцæуæд Гуырдзыстоны ‘рдыгæй этникон геноцидыл.

2.Нымад æрцæуæд Гуырдзыстоны барадон æмæ моралон бæрндзинад 1920 азы хуссайраг ирæтты ныхмæ геноциды тыххæй.

3.Гуырдзыстонæй æрдомдæуæд, 1920 азы геноциды рæстæджы Хуссар Ирыстоны адæмæн кæй ракодта, уыцы материалон æмæ моралон æфхæрд бафидын».

Мæ хъуыдымæ гæсгæ дунеон æмæхсæнад хъуамæ боныфæстагмæ сæрмагонд хъусдард аздаха геноциды фарстмæ æмæ ссара уый гуырцмæ скуынæг кæныны методтæ, уымæн æмæ, дзырд дæр ыл нæй, нырыккон уавæрты иуæй-иу егъау политикон баиугæндтæ сæ тых кæй фæлвæрдтой æмæ  фæлвардзысты чысылдæр баиугæндтыл, æгæрыстæмæй, уыдон сæ рагон истори æмæ культурæйæ бирæ  уæлдæр куы лæууой, уæддæр. Геноциды, куыд фæзынд, афтæ, ныууадзын хъæуы ис-торион ивгъуыды, куыд, зæгъæм, адæймаджы фыд хæрын (каннибализм), нывондæн æрхæссын æмæ афтæ дарддæр.

Æмæ кæронбæттæны.

Фæндид мæ ууыл баууæндын, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны адæмы геноцид кæй банымайдзæн ду-неон æмæхсæнад, куыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, афтæ, уымæн æмæ ацы ран геноцид дæр æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын дæр сты иу рæхысы цæг, кæцы-йæн  хъуамæ уа иу нысан – прогрессивон, цивилизацион, культурон, æнæ стыр æмæ чысыл хæстытæй, зæххон цивилизацийы рæзт.

Афтæ куынæ уа, уæд гæнæн ис æмæ æнæхъæн дуне бахауа незаманты цардысконды уавæрты, æмæ уый та, ада-гъа, искæй бафæнда, чифæнды дæр ма уа æмæ цыфæнды глобалон процесстæ скъуыддзаг кæныны платформæйыл ма лæууа, уæддæр…

Ау, мах уый аккаг не стæм, цæмæй ныхас кæнæм æрмæстдæр сабырад æмæ фæрныгады темæтыл, не стæм ахæм тыхты баланс бахъахъхъæныны аккаг, кæцыйы фехалын гæнæн ис нысан кæна, дурын æнусæй фæстæмæ адæймагад цыдæриддæр сарæзта, æппæт уыдæттæ фесафын?

Уырны мæ, махæн нæ бон кæй у, цæмæй ма бауадзæм фесафын æппæт уыдæтты. Ахæм хуызы мæ фæнды мæ ныхас балхынцъ кæнон, Гуырдзыстон ирон адæмæн кæй расидт, æмæ æрмæст уый – нæ, уыцы геноциды æмбарынадимæ бастуæвæг иуæй-иу хицæндзинæдтæм мын цахæм цæстæнгас ис, уый фæдыл.

ГАГЛОЙТЫ Роберт,

ХИЗИИ-йы директор, РХИ-йы зонæдты

сгуыхт архайæг, «Иры Стыр Ныхас»-ы Хуссар

Ирыстоны хайады сæрдар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.