Адæймагады  историйыл цæст ахæсгæйæ сæдæ азы афтæ бирæ не сты, фæлæ уый фаг сты, цæмæй сæдæ азы кæуыл сæххæст уа, ахæм адæймаг йæхи бафæрса: алæма, акæсон фæстæмæ, цæмæн хъуыд мæ райгуырд, цæмæн мæ рарвыста ацы дунемæ ме сфæлдисæг, цы сарæзтон, кæй райгуырдтæн æмæ кæй цардтæн, уымæн цахæм аргъ хъуамæ скæнон… Чизоны иу адæймаджы цард æмæ хъысмæты цæстæй кæсæн нæй æхсæнадон, æппæтнацион нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хабæрттæм, уымæн æмæ иу адæймагæн æнцон у дзуапп дæттын йæ царды, йæ хъысмæты тыххæй дæр, æппæтадæмон хъуыддагæн та зындæр у йæ уæз хæссын дæр, йæ фæлгъауын дæр, йæ фæзындæн саргъ кæнын дæр. О, фæлæ æппæтадæмон фарст та йæ гуырахсты стырдзинадмæ æнæ кæсгæйæ хъуамæ æнцондæр æвзарæн уаид, уымæн æмæ уыцы фарст алкæмæ дæр хауы – адæмы ныхмæ та, поэты загъдау, цы уæйыг фæлæудзæн…

Дзырд та цæуы, ацы аз йæ сæдæ азы кæмæн нысан кæнæм, уыцы геноцидыл, нæхи, ирон адæмы геноцидыл, нæ бынысæфтыл. Æмæ диссаг куыднæ у, ацы ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл сæрмагонд арæзт къамисæн рабадт куы вæййы, уæд, йæ ных цы проблемæтыл скъуыры, уыдонæн сæ сæйрагдæр вæййы, нæ адæмы ныхмæ нын æнусы размæ кæй расидтысты, уыцы æгъатыр геноциды тыххæй нæм фаг æрмæджытæ кæй нæй. Æмбарæм æй, советон дуджы ахæм цæуылдæртыл авд дуары æхгæдæй дардтой, уымæн æмæ бæстæйы идеологи нæ лæвæрдта ахæм фарстатæ рæгъмæ хæссыны бар, чысыл нымæц, æфхæрд æмæ ссæст нацитæн сæ сæр схъил кæныны бар…

Мæ хур акæн: куыдфæндыйæ дæр советон адæм хъуамæ хотæ æмæ æфсымæртæ уой, иу наци иннæмæн йæ кæддæры мæстытæ йæ цæстмæ ма хъуамæ бадара. Уымæн æмæ йæ «уæлейæ» æмбæрстой, иу наци дæр куы скæна йæ кæддæры геноцид, йæ риссæгты кой, уæд уый уыдзæн прецедент бирæнационалон стыр бæстæйæн. Æмбæрстой йæ, «иу стыр хъæццулы бын» кæй бакодтой, уыцы бирæнымæц нацитæй алкæмæн дæр кæй ис йæхи зæгъинæгтæ, йæхи домæнтæ. Иуæн дзы ахæм бар радт, зæгъгæ, уæд сæрибар дæ дæ хъомысджын нæргæ бæстæйæ – авгау нызгъæлæнтæ уыдзæн дæ тыхарæзт æфсымæрдзинад… Афтæ нæу? Афтæ у, уæдæ цы у!

Цæмæн ныппырх уыцы стыр æмæ хъомысджын бæстæ? Уымæн æмæ Горбачев æппæт нацитæн дæр бар радта сæ национ «æз» зæгъынæн, сæ кæддæры рыстытæй схъæрзынæн. Æмæ сдзырдтой, схъæрзыдтой… Æмæ ныппырх, уæды онг сæ хъæрзын чи нæ уагъта, уыцы стыр Райгуырæн бæстæ. Иууыл диссаг уый у, æмæ хъæрзыны бæсты бузныг зæгъын кæуыл æмбæлд, уыдон тынгдæр кæй райдыдтой хъæрзын. Цæвиттон æрхæссæм гуырдзыйæ: Советон Цæдисы сконды уæвæг нацитæй уыцы Цæдисы сконды уæвын иууыл пайдадæр уыд гуырдзиаг адæмæн, фæлæ йæ куы бамбæрстой, тагъд сыл хур ныгуылæнырдыгæй хъуамæ скæса, уæд ыл фыццаг уыдон рацыдысты гадзрахатæй.

Уыдонæн се мбисонд сæхи! Махæн ныртæккæ нæ ныхасы сæр æндæр цæуылдæр у. Хорз, фæуæд афтæ: нæ нæ уагътой дзурын, нæ дзыхыл цъутта æвæрд уыд, фæлæ сусæгæй дæр нæ уыд саразæн бирæ цæмæндæрты?..

Гуырдзыйæн дæр «уæлейæ» æргомæй нæ дзырдтой: ирæттæн дыууынæм азы цы геноцид сарæзтат, уый æгъгъæдыл ма банымайут, расидут сын культурон геноцид æмæ сæ ныцъист кæнут… Фæлæ алцы дæр арæзтой уый тыххæй, цæмæй нæ ныххурх кæной, нæ национ хиæмбарынад нын баныгæной.

Мах цы арæзтам уал азы дæргъы?.. Сафгæ нæ уыдон куы фæкодтой, туджы лæсæнтæ ныл уыдон куы рауагътой… Кæд уыдон, хатыр нæ ракурыны бæсты, æвдай азы бæрц уæхскуæзæй куыстой мах, куыд наци, афтæ скуынæг кæныныл, уæд мах цы арæзтам уыцы рæстæджы? Иу-дыууæ лæджы цæмæннæ разынди не хсæн, дыууынæм азы амæттæгтæй ма удæгас чи баззад, уыдоны ныхæстæ (мысинæгтæ, æвдисæндартæ – куыдфæнды сæ схон) гæххæттыл ныффыссын, уыцы бирæнымæц æбуалгъ хабæрттæй иуцалдæр документалон æгъдауæй бафидар кæнын? Беджызаты Чермен æмæ Хъуылаты Сикъойы йедтæмæ цæмæннæ исчи батыхст ууыл?

Бурнымæтджынты ныхмæ иу хотыхджын æрлæууæг дæр кæм нæ разынд, ахæм цæрæн бынæтты дæр ныууагътой æгъатыр фæдтæ. Дзауы зылды Æхслебы хъæуы удæгасæй басыгътой Цхуырбаты Никъайы. Алидзын кæмæн нæ бантыст, ахæм зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ æнахъом сывæллæттæн та цы ми кодтой? Хæдзары дуæрттæ-иу сыл сæхгæдтой æмæ-иу сæ удæгасæй басыгътой. Горæты ма чи баззад, уыцы сабыр цæрджытæн дæр хатыр нæ уыд æгъатыр меньшевикты рдыгæй. Фехстой дохтыр Хъуылымбегты Падойы,  Джиоты Никъалайы, Хъуылаты дыууæ æфсымæры, Тыбылты Гиго æмæ æндæрты, уæды рæстæджы зынгæ лæгты.  Уыцы æбуалгъ хъуыддæгты тыххæй фæстæдæр, цалынмæ ма гæнæн уыдис, уæдмæ документтæ акттæ цæмæннæ æрцыд арæзт, цæмæй абон махæн, сæ фæстагæттæн фылдæр ныхасы бар уа?..

Уыдон сæхæдæг арæзтой алцы дæр. Гуырдзы. Фæлæ сæхицæн, сæхи пайдайæн. 1920 азы июлы мæйы 17-æм бон Гуырдзыстоны хицауады сæрмагондæй арæзтæрцæуæг къамис рахаста уынаффæ, кæцы уынаффæмæ гæсгæ ирæтты хъуамæ дих кодтаиккой, гуырдзыйы рдæм здæхт сæ чи уыд æмæ чи нæ уыд, ахæм хæцæн къордтыл. Фæлæ, уынаффæмæ гæсгæ, куыдфæндыйæ дæр ирæттæн сæ фылдæр хай кæнæ хъуамæ куынæг æрцыдаиккой, кæнæ тард баййæфтаиккой сæ фыдæлты уæзгуытæй. Мæнæ куыд фыстæуыд уыцы документы (кæд, цы дзы ныффыстой, уый æххæст кæнынмæ ничи хъавыд, уæддæр):

«Сæ цæрæнбынæттæй сырдбаййафæг ирæттæн семæ айсынæн бар ис æрмæстдæр (хæдзарæн) иу уæрдон, иу хъуг, иу бæх, хуыссæнгæрзтæ, хæдзарон дзаумæттæ…»

Диссаг нæу!.. Адæймаджы йæ фыдыбæстæйæ, йæ хæдзарæй сур æмæ йæ цæрæнбонты скæнгæ фæллойæ йæ къухы цы айса, уый бар дæр ын байс!..

Кæнæ:

«Æхслеб æмæ Дзауы алфæмблай (Дзау, Бежантæ, Тъонтъобет, Хъорсеу, Шушитæ, Ниния, Бузала æмæ æндæр цæрæнбынæтты хъуамæ ма баззайа иунæг ирон дæр, æгæрыстæмæй йæм хицауады бæрнджын адæймагæй Гуырдзыстоны республикæйы арæнты цæрыны тыххæй сæрмагонд бæлвырдгæнæн куы уа, уæддæр».

Сæ уæзгуытæй сырдбаййафæг ирæтты цæрæнбынæтты æрцæрæг гуырдзиæгтæн та, уыцы документмæ гæсгæ, бар уыд, цæмæй сæхи бакæной, ирæттæ кæй ныууагътой, уыцы фос.

Гуырдзиаг газет «Эртоба» та афтæ фыста:

«Гуырдзиаг республикæ фæсырдта хуссайраг ирæтты æмæ сæ сурдзæн дарддæр дæр, кæмæ тырныдтой, уыцы социалистон дзæнæтмæ. Куыд хъуамæ ныууадзæм нæ зæххыл ахæм адæмы, кæцыйы хъæуы скуынæг кæнын!»

Советон дуджы, 1931 азы мыхуырмæ цæттæгонд æрцыд «Хуссар Ирыстоны автономон областы историйы цыбыр очерк» фæлæ йын цензурæ йæ фæндаг æрæхгæдта. Уыцы цыбыр историон очеркы гуырдзиаг æфсады сæйрагкомандагæнæг инæлар Кониашвили хицауадмæ йæ доклады фыста, цæмæй сæ хъусдард аздахой, ирæттæй ссæрибаргонд зæххытыл æрцæрæг гуырдзиæтæн æппæтварсон æххуыс бакæнынмæ.

Цыфæнды хæсты дæр райгуыры адæймаджы æгъатырдзинад. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, сурæг, дæр, дам, Хуыцаумæ куывта æмæ лидзæг дæр. Туг куы ныккæлы, уæд расайы дыууæварсон æнæуынондзинад – дæу аххос уыд, мæн аххос у дзы нал вæййы. Фæлæ дыууынæм азы цы фæрæдыдысты ирон адæм гуырдзиаг адæмы раз?.. Гуырдзиаг меньшевикон æрдонгты раздзогтæ цæмæн ерыс кодтой кæрæдзиимæ, чи сæ фылдæр ироны амара, уый тыххæй? Цæмæн нæ цагътой афтæ æгъатырæй? Уый фæстæ нæ цæй тыххæй цагътой, уый тыххæй – æрмæстдæр ирæттæ кæй уыдыстæм, уый тыххæй!

 Фæлæ сын цы кодтой, «тас» сын кæмæй нал уыд, зæнæг чи нал скодтаид, ирæтты фылдæр кæнын сæ бон кæмæн нал уыд, уыцы зæрæдтæ та? Цæрдтæй мæрдтæм æввахсдæр чи уыд, ахæм зæрæдты та цæмæн хъуыд марын, сæхæдæг нæ ацыдаиккой се ‘нусон бæстæм?

Ахæм адæмимæ нæ батъыстой, гъе, уыцы æнæхайыры иумæйаг хъæццулы бын!..

Æмбарæм æй, нæ уыд нæ уæды фæлтæрæн уыцы хъæццулы бын дзыхыдзаг «уæуу» ныхъæр кæныны бар – æлдар фыдлæг у, лæгдзарм тæнæг у… Фæлæ ныр та?.. Мæскуыйæ цыдæр ныфсы ныхæстæ хъуысы, нæ геноцид нын банымайой, уый тыххæй… Æмæ та мах, нæхæдæг бандзыг стæм… Фæлæ та гуырдзы сæ сæрыл слæууыдысты – сæ фæздæгæй та Хуыцауы цæстытæ къахынц, сæ фæдисхъæр арвы кæрæттæм хъуысы. Цæй геноцид, дам, сарæзтам ирæттæн? Кæд дам, сæ ныццагътам, уæд дам, сæ уæлмæрдтæ кæм сты?.. Кæд, дам, сæ фæсырдтам, уæд, дам, кæуылты алыгъдысты, тунел, дам, сын Шеварднадзе æстайæм азты æмбисы куы сарæзта, уæд?..

Федтат æви федтам!.. Сæхæдæг та фæразæй сты, сæхæдæг та сниудтой! Мах та цы аразæм? Цалдæр мæйы размæ нæ газеты фæрцы æрсидтыстæм не ‘хсæнадмæ, цæмæй алыгъуызон баиугæндтæ, æхсæнадон организацитæ, партитæ, фæсивæдон змæлдтытæ, ветерантæ, педагогон æмæхсæнад, зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенци сидтытæ арвитой Мæскуымæ, Паддзахадон Думæмæ, цæмæй нын нæ геноцид банымайой. Фæлæ, æнахуыр æмæ стыр диссагæн иу сыбыртт дæр никæцæй райхъуыст…

Парламент æмæ Хицауад кæй бахатыдысты нæ геноцид нын банымайыны тыххæй, уый фаг нæу. Дунеон æмæхсæнад, æхсæндунеон политикон организацитæ фарст афтæ не ‘вæрынц… Уыдоны цæстæнгас æмæ позицимæ гæсгæ нæ Парламент æмæ Хицауад сты «Уæрæсейы оккупацион закъаз æххæстгæнджытæ». Абон уа æви райсом, уæддæр ныл ныххуырсдзысты, ома, кæд уын гуырдзы геноцид æцæгæй сарæзтой, уæд адæм сæхæдæг цæмæннæ исты дзурынц, цæмæннæ домынц сæ историон рæстдзинад…

Мах гуырдзиаг адæмæн нæ сарæзтам геноцид, уыдон махæн сарæзтой геноцид. Мах уыдоны нæ, уыдон мах ныццагътой. Æмæ уыдон змæлынц, рафт-бафт кæнынц, æгас дунейы раз сæхи раст кæнынц, цы нын сарæзтой, уый дæр нын нæхиуыл æвæрынц, нæхи нын аххосджын кæнынц.  Мах, нæхæдæг, та гобийы фсон скодтам æмæ хæрдмæ хæлиудзыхæй кæсæм, бæласыл кæрдо кæд срæгъæд уыдзæн, æмæ нæ дзыхмæ бур-бурид рæгъæдæй кæд æрхаудзæн, уымæ!..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.