Ныртæккæ демократи, адæймаджы бартæ æмæ территориалон æнæхъæндзинады тыххæй гуырдзы æмæ сæ фарсхæцджытæй арæхдæр ничи фæдзуры. Афтæмæй та сæхæдæг кæддæриддæр цæттæ сты, сæ цуры къуыпп кæй дарынц, уый тыххæй сæ цæстысындз чи у, ахæм адæмты аныхъуырынмæ…Æмæ, æвæццæгæн, уый тыххæй никуы рахæссынц гуырдзы рæгъмæ сæ зындгонд поэт (æниу, цыма, тугæй ирон у…) Акаки Цъеретелийы ныхæсты: «Ахæмæн адæймаг схонæн нæй, кæцы нымайы æрмæстдæр йæхи нацийы æмæ йæ фæнды æндæрты аныхъуырын, куыд знæгты, афтæ».

Æппæтдунеон нормæтæм гæсгæ хицæн адæмты къордты национ, этникон кæнæ æндæр динон бæрæггæнæнты тыххæй куынæг кæныны, афтæ ма сын сæ рæзты фæндæгтæ барæй æхгæнын, цъусгай, кæнæ бынтондæр цæмæй скуынæг уой, ахæм уавæртæ сын аразын нымад цæуы адæймагады ныхмæ иууыл стырдæр фыдракæндыл æмæ нысан кæны геноцид.

Ивгъуыд æнусы райдианы 1918 азæй 1921 азы онг гуырдзы махæн цы фыдмитæ фæкодтой, уыдон дзурæг сты æрмæстдæр иу хъуыддагыл: ирон адæмы скуынæг кæныныл, куыд наци, афтæ нын Кавказы хохрагъы ацы фарс нæ тау, нæ уидаг аскъуыныныл.

Хуссар Ирыстоны 1920 азы сæдæ мин адæймаджы кæй цард, уыцы факт дæр дзурæг у нæ адæмы ныхмæ æгъатыр геноцидыл. Уæдæй 1980 азы онг, ома 60 азмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты нымæц не схызт 68 минæй уæлæмæ. Уый уыд дыууынæм азы геноциды фæстиуæг. Уымæй дæр, уыцы 60 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны бæрæг фæфылдæр гуырдзиаг цæрджыты нымæц. Уый та нысан кодта, гуырдзы кæй хъавыдысты Хуссар Ирыстоны зæххыл гуырдзиаг цæрджыты нымæц ирæттæй фæфылдæр кæнынмæ. Æмæ уый сæ къухы бафтыдаид, Советон хицауады ныппырх сæ куынæ бахъыгдардтаид, уæд.

Уал азы дæргъы нын, гуырдзы цы геноцид сарæзтой, уый нымад кæй не ‘рцыд, уый йæхæдæг дæр политикон фыдракæнд у. Арт ныл чи бандзæрста, уыцы Гуырдзыстонæн рæстæгыл йæ ных бакъуырæг куы фæуыдаид, уæд фæлхатгонд нал æрцыдаиккой нæдæр нæуæдзæм азты геноцид, нæдæр – 2008 азы геноцид. Сæхимæ цы фæфæлдæхт æрцыд, ома, афтæхуыйнæг меньшевикты хицауад большевикон хицауадæй ивд кæй æрцыд, уый махæн ноджы фыддæр политикон знаггад ракодта. Уымæн æмæ гуырдзыйæн фадат фæцис, цæмæй большевикон тырысайы аууон ныссус кодтаиккой, ирон адæмæн цы стыр фыдракæндтæ ракодтой, уыдоны.

Диссаг уый у æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл цы гуырдзиæгтæ цард, уыдон ныл нæуæдзæм азты куыд рацыдысты гадзрахатæй, афтæ бакодтой дыууынæм азы геноциды рæстæджы дæр. Цалынмæ нæ арт æмæ зынджы хай нæ бакодтой, уæдмæ дæр æнцад нæ бадтысты гуырдзы. Зылдысты Ирыстоны алы къуымты æмæ сæхи сусæг-æргомæй цæттæ кодтой æргом хæстмæ. Геноцидмæ. 1920 азы гуырдзиаг лæгмарты раздзогтæй сæ иу Валикъо Джугъелийæн Тифлисы мыхуыры чи рацыд, уыцы чиныг «Уæззау дзуар»-ы кæ-сæм:

«…Алырдыгæй хæссынц къæрæбинтæ æмæ сæ разыйæ дæттынц махмæ. Æрмæст Ахалгоры районы (ныры Ленингоры район) нæм радтой 300 къæрæбины. Æрмæст нæм ирæттæ кæсынц æнæууæнк æмæ знаджы цæстæй, фæлæ нæм уыдон дæр тагъд райдайдзысты цæуын…»

Ацы рæнхъыты бынмæ нысан æрцыд сæ ныффыссыны датæ – 1918 азы 4 август.

Уæдæ, бæрæг куыд у, афтæмæй гуырдзиаг цæрджытæ æнæзонгæ нæ уыдысты, сæ хицауады æрвыст адæм хæцæнгæрзты цæмæн уидзынц, уый. Зыдтой йæ, ирæтты цæгъдынмæ кæй хъавыдысты. Фæлæ гъеуæд дæр сæ дзыхы дон бакодтой, ницы дзырдтой сæ сыхаг ирæттæн.

Гуырдзиæгтæ бынтондæр кæм нæ цард, уыцы Дзауы коммæ уæлдай тынгдæр уыд сæ хъавд Джугъели æмæ йæ тугмондаг хæстонтæн.

«Уый у тынг хъæздыг æмæ рæсугъд хъæу. Уый у Хуссар Ирыстоны зæрдæ. Уырдыгæй гуырынц æппæт змæстытæ, æппæт растадтæ. Æмæ йæ хъæуы сыскъуынын!..»

Уæд дæр æмæ ныр дæр гуырдзиаг политиктæ æмæ историкон сæ сæйраг хæс уыд, Хуссар Ирыстон кæй нæ уыд æмæ кæй нæй, уый нырма сæхицæн, стæй та æндæр адæмтæн дæр бауырнын кæнын. Фæлæ-иу хатт сæхæдæг комдзог рацыдысты сæхиуыл. Ирон адæмæн геноцид кæй сарæзтой, ууыл басæттын сæ фæсонæрхæджы дæр нæма ис. Уымæй дæр дзурынц æмæ фыссынц, Хуссар Хрыстон кæй никуы уыд æмæ ис Фæскавказы – уый дам, большевиктæ æрымысыдысты. Афтæмæй та, Гуырдзыстоны хицауиуæгад большевикты къухы куы нæма уыд, уыцы рæстæджы Валикъо Джугъели йæхæдæг меньшевикон Гуырдзыстоны уагъд чиныджы фыссы «Хуссар Ирыстон»…

Гуырдзыстон никуы басаст æмæ нæ сæтты, ирæттæн геноцид кæй сарæзтой, ууыл. Афтæмæй сæхи къухæй фыст æрцыд, æвирхъау геноцид нын кæй сарæзтой, уый. Махæн нæхимæ цы нæ æрцыд фыст æмæ æргом, уыдон дæр гуырдзыйæн сæхи фæрцы зонæм. Фæлæ та ам дæр сæхæдæг куырмæфсон скодтой, ахæм хуыз æвдисынц, цыма никуы бакастысты сæ тугмондаг Адæмон Гвардийы командир Валикъо Джугъелийы мæнæ ацы рæнхъытæ:

«…Алфæмблайы ис уалдзыгон уынæримæ сабырдзинад, рæвдаугæ сыбар-сыбур кæны хæххон дон. Фæлæ нæй æнцойдзинад. Нæ алыварс алы ран дæр судзынц ирон хъæутæ. Уый у адæмы æгъатырæй куынæг кæнын, фæлæ нын æндæр фæндаг нæй. Хъуыд растад ныннымæг кæнын æмæ нæ демократийы фервæзын кæнын… Æмæ мах æнæгуызавæйæ сарæзтам нæ равзæрст!.. Æмæ мах бамбæрстам, кæй хъуамæ фервæзын кæнæм нæ бæстæйы, кæй æрцыд ахæм рæстæг, цæмæй нæ зæрдæтæ сисæм нæ риутæй æмæ суæм æгъатыр. Суæм æгъатыр уæлдæр хæрзаудындзинад, бæрзонд гуманондзинад æмæ рæстдзинады тыххæй!.. Ахæм у мæ уды фæтк! Æмæ мах зонæм, цы аразæм, уый! Мах уарзæм демократи, сæрибардзинад, нæ демократи æмæ нæ республикæйы!.. Æз ныффидар кодтон мæ зæрдæ. Æз æнцойзæрдæ æмæ сыгъдæг цæсгомимæ кæсын æртхутæг æмæ фæздæджы къуыбылæйттæм. Æз бынтондæр дæн æдыхст. О, æз дæн æдыхст!»

Æрмæст ацы рæнхъытæ дæр æвдисæн сты, иу наци æндæр нацийæн æгъатыр геноцид кæй сарæзта, уымæн. Фæлæ, не ‘намондæн, мах хъуыддаг ис, йæ цæсгомæй ту дæр чи нал сæрфы, ахæм нациимæ…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.