Алы цæрæн бынаты дæр уынгты сыгъдæгдзинад баст у æрмæст цæрджытыл нæ, фæлæ цæрджыты цардуагон лæггæдты иузæрдион æмæ æнувыд архайдыл дæр. Ацы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хæс æмбаргæйæ, 2010 азы Цхинвалы районы уæды разамынад батыхст брæттæ ласæн машинæ цалдæр хъæуæн рахицæн кæныныл. Ацы техникæйыл уæдæй абоны бонмæ намысджынæй йæ хæстæ æххæст кæнынц шофыр Джиоты Ромик æмæ брæттæ æвгæнæг Къæбысты Владимир. Уыдон къуыри иу хатт разилынц уынгты æмæ ахæм æнæзæрдæхудт куыст бакæнынц, куыд Къостайыхъæу, афтæ Тъбет æмæ Ногхъæуы дæр. Уый тыххæй сæ райгонд сты ацы хъæуты цæрджытæ.

                                                           ХУЫБИАТЫ Никъала  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.