Нæ зæххон цивилизаци ныртæккæ тынг вазыгджын, йæ рæзты скъуыддзаггæнæг рæстæджы фыдæвзарæнты ис, уымæй дæр æрмæст политикон фæдыздæхты нæ, фæлæ глобалон фæзынды, гæнæн ис зæгъæн XXI æнусы афтæхуыйнæг коронавирусы емынæйы.

Алкуыдæр, нæ æнæкæрон æмæ алыгъуызон ныхмæвæрдты дунейы хъуамæ æмбарæм, цахæм реалон тæссагдзинад ис æрмæст мæрдтæ, зиæнттæ  æмæ пырх, раууатдзинæдтæй нæ, фæлæ адæмы фылдæр хайы, уыдонæн сæ куысты фæстиуджытæ, культурæ æмæ гæнæн ис, æппæт удæгас дунейы скуынæгæй, уымæ гæсгæ æз нымайын, нырыккон дунейы æдасдзинады системæйы гуманитарон бындуртæм бахæссын кæй хъæуы геноциды, адæмы дих кæныны, националон æмæ динон уæлбикъондзинад, уыдæтты бындурыл адæмы дискриминаци кæныны уидæгтæ стонын дæр.

Махæн нæ бон нæу æнцад-æнцойæ цæрын, цалынмæ уæвынад кæной уыцы политикæйы худинаггаджы хиæдтæ, кæцы у æндыгъдад æмæ конфликтты æппæрццаг фактор. Нæ хъæуы рох кæнын, фæстаг азты расизм æмæ неофашизмы уылæнтæ ногæй кæй фæйлауынц, æгæрыстæмæй, ахæм бæстæты дæр, цы ран ис рагон æмæ фидар, афтæхуыйнæг парламентон-демократон традицитæ. Растæндæр уый тыххæй хъуамæ батыхса зæххы къорийыл цæрæг адæмы сабыруарзаг хай, бæлвырддæр зæгъгæйæ та Кавказы цæрæг адæмтæ.

Мачи хъуамæ иса сабырæй цæрыны бар суверенитеты,паддзахадон арæзтады хæдуагæвæрды, сæ адæмтæ разы кæуыл сты, уыцы закъæтты, фæткойтæ æмæ ахуырады формæты фарстатæм деликатон ахаст хынцгæйæ.

Дыккаг дунеон хæсты фæстæ дунейыл уыд сæдæ фæндзай хæстæй фылдæр. Æмæ рæстæг куыд цæуы, афтæмæй гъæдджындæр ивындзинæдтæ цæуы хæстæндзарыны методтæ æмæ фæрæзты, уыцы нымæ-цы ахæм хæст здæхт у алфæмблай дуне скуынæг кæнынмæ дæр. Ахæм æмбарынадтæ, куыд «экоцид» æмæ «биоцид» бынтон æнгæс сты æмбарынад «геноцид»-имæ.

Скифты, сæрмæтты, номхуындæй аланты фæдонтæ ирæтты (асты!) бирæ æнусон историйы XX æнус æмæ XXI æнусы райдиан æцæгæй дæр хъысмæтæвзарæн сты нæ бæстæйæн, Хуссар Ирæн, ныры Паддзахад Аланийæн æмæ адæмæн, кæцытæ рацыдысты æгъатыр фыдæвзарæнтæ æмæ куынæггæнæг арты цæхæ-рыл.

Суанг тæтæр-монголты ныббырсты (нæ эрæйы XIII-XIV æнустæ) рæстæгæй, астæуккагæнусон Алайнаг паддзахад куы ныппырх, уæдæй фæстæмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ сæвзæрст фарст – «уой ма æви мауал уой алайнаг этносы минæвæрттæ», ирæттæ, кæцыты славяйнæгтæ, нырыккон уырыссаг адæмы фыдæлтæ, хуыдтой ястæ (астæ) æмæ кæцытæ хауынц Кавказы рагондæр адæмтæм.

300 азы бæрц, XV æй XVII æнусы онг ирон адæм, уыцы нымæцы йæ хуссайраг хай дæр монголтæ æмæ Тимур-ленгимæ тугкалæн хæстыты расайгæ демографион катастрофæйы фæстиуджытæ иуварс кæнгæйæ, XVII æнусы æмæ XVIII æнусы райдианы та тох кодтой сæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау империаг сæрхъызойты æххуысæй Картли æмæ Имереты раздзæуджыты хæстон æндæвдады бын.

Æддагон тасдзинады æдзухон хаймæ хауынц персаг æмæ хатт та туркаг тыхæйисджыты хæстон архайдтытæ дæр, кæцытæ нæ территорийыл иу æмæ дыууæ хатты нæ рацыдысты арт æмæ зынгимæ. Цымыдисаг уый у, æмæ уыцы тыхæйисджыты ныхмæ Гуырдзыстонæн йæхи æнусон сæрибаргæнæн тохы алы хатт дæр хайад истой се ‘мцæдисæттæ-ирæттæ. Æз не ‘скæндзынæн ирæттæ æмæ гуырдзиæгты династион бастдзинæдты тыххæй зонæнты кой. Уый тыххæй бирæ ис дзурæн. Дисы нæ æппары иу хабар: ау, гуырдзиæгтæн сæ хъуыдыкæнынадимæ исты проблемæтæ ис? Ирæттæй æввахсдæр ма сæм кæд  уыдис æндæр наци?

Мах бынтон арф æмæ бæстон нæ дзурдзыстæм Хуссар Ирыстоны историмæ хауæг æппæт фарстатыл, фæлæ нæ фæнды уый банысан кæнын, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй гуырд бирæ рæстæджы æмæ трагиконæй. Цæссыг æмæ рыстимæ, бирæ зиæнттимæ, туг æмæ хидимæ, нæ генофонд катастрофон æгъдауæй куынæг кæнгæйæ.

Æрмæст иу хабар цасы аргъ у, кæцы баст у Цæгат Кавказы Бургъустаны станицæимæ, цы ран гуырдзиаг меньшевиктæй йæхи чи бахызта, уыцы фæсивæды ауæй кодта полчы командиртæй иу æмæ сæ скуынæг  кодтой инæлæрттæ Хвостиков æмæ Шкуройы урс хъазахъхъæгтæ!

XX æнусы æмæ XXI æнусы райдианы дыууæ хатты бафæлвæрдæуыд Хуссар Ирыстоны адæмæн геноцид саразынмæ. Дыууæ хатты гуырдзиаг экстремисттæ, се ‘скондмæ гæсгæ фашисттæ архайдтой Хуссар Ирыстоны цæрджыты ныфс асæттыныл, историон мысæнуат схафыныл, национ химбарынад скуынæг кæныныл, сæ Райгуырæн бæстæ сын байсыныл, боныфæстагмæ, физикон æгъдауæй сæ скуынæг кæныныл, æмæ цымыдисаг уый у, кæй та дзы бахаудысты, нырма 1915 азы осмайнаг Турк геноцид кæмæн сарæзта, уыцы сомихаг адæмы минæвæрттæ. Махæн нæ бон у дæсгай цæвиттонтæ æрхæссын уый тыххæй, Триалеттаг Ирыстоны (7 хъæуы – Сомихстоны арæныл) ирæттæ, Гуырдзыстоны Боржомы комы æмæ сæрмагондæй, Хуссар Ирыстоны ирæттæ куыд райстой æмæ бавæрдтой, Турк кæй куынæг кодта æмæ лыгъды рæстæджы сæ бинонты чи фесæфта, ахæм  дæсгай сомихаг сывæллæтты, кæцытæн сæ фæстагæттæ абон дæр цæрынц Хуссар Ирыстоны (зæгъæм, Захаровты мыггаг…). Фæлæ уый æндæр, уымæй дæр тынг цымыдисон ныхасы темæ у.

Хъыгагæн, уæрæх дзыллæйадмæ, куыд Уæрæсейы Федераци, афтæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады æмæ, иумиагæй сисгæйæ, æнæхъæн дунейы дæр нæй информаци уый тыххæй, 1920 азы июны мæйы хуссайраг ирæттæ кæй бавзæрстой, XX æнусы æмæ XXI æнусы райдианы нырма сæ УСФСР скондæй меньшевикон Гуырдзыстонимæ, уый фæстæ та 1989-1992 азты ССРЦ ныппырхы фæстæ, Гуырдзыстон нацийы хæдуагæвæрды барæй куы спайда кодта æмæ УСФСР скондæй куы рахызт, уæд Уæрæсейы Федерацийæ  рахизыныл принципиалонæй кæй нæ сразы сты, уый тыххæй ирон адæмæн Гуырдзыстон кæй сарæзта, уыцы æртæ геноциды фыццаг этап.

Банысан кæнын хъæуы уый, Цхинвалы æмæ Дзауы районты археологон куыстытæ уадзыны (кæцытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, баст нæ уыдысты геноцидимæ, мах цымыдис кодта бронзæйы дуг æмæ антикон рæстæг!) фæстиуæгæн-иу мах бынтон æнæнхъæлæджы кæй ссардтам сыгъд хæдзæртты фæдтæ æмæ ныры неофашистон гуырдзиаг меньшевикты амæттæгты стæгдартæ. Уымæй уæлдай, Дзауы районы Хъорсеуы зылды, Эдиаты хъæуы зæххы 15-20 сантиметры æрфæны ссардтам нæмыгдзæф сæргæхцтимæ стæгдартæ, æфсæртæ æмæ фæскъæбуты стæджытæ кæуыл нал уыд, ахæм сæргæхцтæ, афтæ ма бæрзæйтыл лыг чи уыд, ахæм стæджытæ.

Ахæм нывтæн фенæн уыд Дзриайы, Тъонтъобеты, Жакъулты, Дампъалеты æмæ æндæр хъæуты кусыны рæстæджы дæр.

Дзырд цæуы XX æнусы 19-20 азты æцæг геноциды æууæлтыл, кæцы адарддæр кодтой сæ фæстагæттæ, нæ хуссайраг сыхæгтæ 1989-1992 азты æмæ 2004 азы, уæлдайдæр та, 2008 азы фæугæйæ – гуырдзы Гитлеры план «Барбаросс»-ы æнгæс «Сыгъдæг быдыр» сæххæст кæнынмæ куы æрхъавыдысты, уæд. Фæлæ, Хуыцау æвдисæн, операци фæсыкк. Стыр Уæрæсейы æххуысæй. Æгæрыстæмæй ныл рахæтыдысты тбилисаг хицауады къæхты хъæрмæ кафæг фараст гуырдзиаг хъæуы цæрджытæ дæр. Уыдонæн нæй æмæ никуыдæр уыдзæн срастгæнæн, цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр. Цæвиттонтæ нæ хæсдзынæн, фæлæ гуырдзиæгтæ цахæм æбуалгъы митæ кодтой, уыдæттæ зынтæй хъарынц адæймаджы хъуыдыкæнынадмæ, æгæрыстæмæй, не-мыцаг фашисттæ дæр нæ ахъуыды кодтаиккой ахæм æгъатыр фыдмитæ кæныныл, кæцытæ æххæст кодтой гуырдзиаг нацийы минæвæрттæ.

ГАГЛОЙТЫ Роберт, ХИЗИИ-йы

 директор, РХИ-йы зонæдты сгуыхт

 архайæг, «Иры Стыр Ныхас»-ы

Хуссар Ирыстоны хайады сæрдар

(кæрон – радон номыры)

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.