Ацы фарст раттæг, ирон литературæйы классик абоны онг куы фæцардаид, уæд ахæм фарст кæнæ карздæр хуызы сæвæрдтаид, кæннод та фырдисæй бынтон байгомыг уыдаид. Махау, мыхуыры фæрæзты кусæг куы уаид æмæ йæ информаци дæттын куы хъæуид, уæд та афонмæ бынтон сæрра уыдаид æмæ йæ дзурæнтæ дæр æмæ йæ хъуыдыкæнынад дæр нал уаиккой сæ раны…

Мах уæддæр фидар стæм, сфæлтæрдтам алы фыдæвзарæнты æмæ нæм зындзинад зын нал кæсы, диссаг та – диссаг… Афтæмæй та махæй зындæр никæмæн у, мах сæрыл зилынц дам-думтæ æмæ æнæууæнкдзинады куыройы дуртæ… Ис официалон верси: коронавирусы пандеми ис, ис рынчынтæ, ис уды зиæнттæ. Æнæофициалон верси йæ гæндзæхтæ цæгъды: сайгæ уæ кæнынц, ма уæ уырнæд. Дыууæты ‘хсæн та ис, бынтондæр дызæрдыггаг чи нæу, æмæ уыцы дыууæ версийæ сæ иумæ дæр чи нæ хауы æмæ иннæмæ дæр, ахæм рæстдзинад: адæймагад куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ адæм рынчын дæр фылдæрбæрцтæй кодтой æмæ мæлгæ дæр, фæлæ ахæм диссæгтæ истори нæ зоны…

Æмæ та уынгæджы мах стæм. Иуты лæдзæг дæр мах сæрыл сæтты æмæ иннæты дæр. Дзырд дæр ыл нæй, мах хæсджын стæм, цæмæй адæммæ хæццæ кæнæм,  официалон верси нын кæй дæтты, ахæм информаци. Уый ныхмæ ничи у. Фæлæ уыцы официоз йæхæдæг дæр иуæй-иу хатт афтæ сæмтъеры вæййы, æмæ хæйрæг куы фестай, уæддæр æй нал рафæлгъаудзынæ, чи у раст æмæ зылын, бæлвырддæр зæгъгæйæ, нæ сæртыл куырой кæй аххосæй тынгдæр зилы…

Цæвиттон, 19 апрелы интернеты  райдыдта тезгъо кæнын видео, цы ран Цæгат Ирыстон-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр кæцыдæр каналыл информаци дæтты æмæ дзуры, зæгъгæ, абон райсоммæ, 20 апрелмæ суткæйы дæргъы тагъдæххуысы рынчындонмæ æрбахауд 40 ног рынчыны, 15 та сты уæлдай хъусдарды уавæрты. Æмæ та ногæй базмæлыдысты, официалон версийыл чи нæ разы кæны, уыцы адæм. Æмæ, хæйрæджы арв ныццæвæд  –  раст сты. Министр æй бон раздæр кæцæй зыдта, дыккаг бон райсоммæ рынчындонмæ 40 рынчыны бахаудзæн, уый?.. Рæдигæ фæкодта? Куыд? Æмæ йæ чи равдыста, уыдон та?..

Адæммæ митингтæм чи сиды, уыдон фыдбылыз йæ хъустæй ахсынц, раст нæ кæнынц, ахæм цæмæндæрты æруадзæн нæй. Фæлæ сын цы домæнтæ ис, æмæ рæгъмæ цы факттæ хæссынц, уыдоны тыххæй дæр сæ ничи «гæды» кæны, ничы ницы дзуры сæ ныхмæ. Æмæ дыууæты ‘хсæн бахауæг адæм бынтондæр схæццæ сты, кæрæдзийы хурхысæртæм бавналыны онг систы. Æмæ нын вирусæй нал у тас, фæлæ уыцы хæццæдзинад æмæ æнæууæнкдзинадæй. Кусын хъæуы адæмимæ, æмбарынгæнæн куыст кæнын хъæуы се ‘хсæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.