Цыппæрæмы Цхинвалæй Донецкмæ араст сæрмагонд автотранспорты колоннæ лигъдæтты Хуссар Ирыстонмæ  æркæныны тыххæй. «Донбассы хæстон уавæры фæфыддæры тыххæй, республикæйы Президент Бибылты Анатолийы бардзырдæй, рахицæн  æрцыд транспортон фæрæзтæ – Донецкы Адæмон Республикæйæ сылгоймæгты æмæ сывæллæтты Хуссар Ирыстонмæ æркæныны тыххæй», – загъта Уæлвæткон уавæрты министр Цоциты Азæмæт.

Цоциты Азæмæты ныхæстæм гæсгæ, æмбисæхсæвмæ æввахс колоннæ бахæццæ ис Донецкмæ. Колоннæ ахизын кодтой Уæлвæткон уавæрты министрад æмæ паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ, стæй  медицинон кусджытæ дæр. Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ сæхимæ райстой балцы рæстæджы хæлцады æппæт хæрдзтæ дæр. Сабаты, райсом авд сахатыл  лигъдæттæ æрхæццæ сты Хуссар Ирыстонмæ. Эвакуацигонд æрцыд 42 адæймаджы, уыдоны ‘хсæн 24 сывæллоны, афæдзæй 12 азы кары онг. Лигъдæттæ æрбынат кодтой нæ горæты ресторан «Виктория»-йы уазæгдоны.

Цоциты Азæмæт ма йæ ныхасмæ куыд бафтыдта, афтæмæй Хуссар Ирыстон цæттæ у Луганскы Адæмон Республикæйæн баххуыс кæнынмæ дæр æмæ транспорт арвитынмæ, уырдыгæй дæр лигъдæтты республикæмæ  æркæныны тыххæй.

Гæнæн уæвгæйæ, уазджытæн уагъд цæудзысты историон бынæттæм экскурситæ. Радзурдзысты сын ирон адæмы культурæ æмæ традициты тыххæй. Ныридæгæн нæ республикæйы фæзынд, хæрзаудæн лæггæдтæ бакæнын кæй бафæндыд лигъдæттæн, ахæмтæ. Иууыл фыццаг сæм йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кодта такси «Эконом». Уыдон цæттæ сты уазджытæн лæвар балæггад кæнынмæ.

ДРИАТЫ Лейла

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.