1990-æм азтæй нырмæ Хуссар Ирыстоны лигъдонты ном чи хæссы, уыдонæй абон дæр нырма бирæтæ сты æнæ хæдзæрттæ. Кæддæр сын сæ цæрæн хæдзæрттæ куы ныууадзын кодтой, уæд рæстæгмæ æрцардысты æмдзæрæндæтты. Хъыгагæн, нырма дæр бирæтæ цæрынц 90-æм азты цы бынæтты æрцардысты, уымыты. Æмдзæрæндæттæ уæд дæр бæллиццаг уавæры нæ уыдысты. Хатæнты уазал, канализацион хæтæлтæ бамбыдысты, дон сæ нæ цыд. Фæлæ адæм быхстой, рæстæгмæ кæй сты ахæм уæззау уавæрты, уый сæ фидарæй уырныдта.

Социалон хъахъхъæнынады комитет йæ уавæртæм гæсгæ архайы лигъдонтæн баххуыс кæныныл. Цалдæр азы размæ ЦАРЗ-ы районы æмдзæрæндоны цæрæг тыхст бинонтæ райстой фатертæ. Лигъдонтæй чидæртæ баисты коттеджты хицæуттæ Тъбеты, æртæйæ та сæхи фæндонмæ гæсгæ самадтой хæдзæрттæ Хеиты хъæуы. Иу цалдæр лигъдонтæн фатертæ радтой Мæскуыйаг микрорайоны. Фæлæ уæддæр нырма дзæвгар адæм цæры БАМ, Хъæууон хæдзарадон техникум, Заводы уынджы æмдзæрæндæтты. Туристон базæ «Осетия»-йы цæрджыты уавæртæ бынтон æдзæллаг сты. Иннæ рæтты дæр канализацитæ æвзæр уавæры сты, фæлæ куыддæртæй кусынц. Ацы турбазæйы цæрджытæн та, æгæрыстæмæй, сæ канализацион системæ дæр хæлд у.

Лигъдæтты социалон хъахъхъæнынады комитет 2012 азы бахатыд Хицауадмæ, цæмæй Инвестицион нывæзтмæ бахæссой лигъдæттæн хъæу саразыны программæ. Фæлæ уæд хицауад ацы фарстмæ йæ хъус не ’рдардта. Цалдæр азы размæ дзырд цыд лигълæттæй чи цы хъæуæй ралыгъд, уым сын хæдзæрттæ саразыны фарстыл дæр. Æцæг сæхæдæг районты цæрыныл разы не сты. Уымæн æмæ, дам, хъæутæ сты æдзæрæг. Мах та, дам, стæм ацæргæ адæм. Фæлæ сæ фылдæр разы сты горæтгæрон бынæтты сын кæд цæрæн пункт саразой, уæд уырдæм ацæуынмæ.

Ацы комитеты хистæры хæдивæг Цоциты Игорь куыд зæгъы, афтæмæй уыдон бацæттæ кодтой фыстæг паддзахады разамонæджы номыл, цыран дзырд цæуы лигъдæттæн хъæу саразыны фарстатыл.

Не ’рмæг мыхуырмæ цæттæ уыд, афтæмæй газет «Хурзæрин»-ы редакцимæ æрбацыдысты турбазæ «Осетия»-йы цæрæг цалдæр сылгоймаджы. Уыдон куыд фехъусын кодтой, афтæмæй разы не сты лигъдæтты социалон хъахъхъæнынады комитеты куыстæй, уымæ гæсгæ рагæй архайдтой, цæмæй Парламенты депутатты скондæй сырæза къамис, кæцы йæ хъус дардзæн фыццаграды хæдзæрттæ кæмæ æмбæлы æмæ чи куыд тыхстдæр у, уыцы фарстатæм.

«Турбазæйы цæры 1992 азы, Гуырдзыстоны территоритæй цы ирон адæм ралыгъд, уыцы лигъдæтты категори нæ, фæлæ-ма, бынæттон адæмæй чидæртæ. Уыдон ам цæрынц æрмæстдæр иу нысанæн: цæмæй фатертæ райсой. Се ’хсæн ис ахæмтæ, кæцытæ фатертæ раджы райстой, фæлæ уæддæр сæ хатæнтæ нæ уæгъд кæнынц. Ис ахæмтæ дæр æмæ ацæуынц, фæлæ дыккаг бон сæ хатæнты бынтон ног бинонтæ бацæрынц. Уымæ гæсгæ лигъдæтты нымæц бонæй-бон кæны фылдæр. Ацы фарстатæ контроль нæ цæуынц лигъдæтты комитеты фарсæй. Мах, æцæг лигъдæттæ чи сты, уыдон æрбахуыдтам Парламенты депутат Санахъоты Давид æмæ Медойты Дзамбулаты. Уыдон нын нæ уавæр лæмбынæг сахуыр кодтой æмæ бахатыдысты Парламенты спикер Æлборты Аланмæ, цæмæй сараза парламентон къамис. Ныр нæ уырны, æнæрастдзинадæн бынат кæй нал уыдзæн», — зæгъы Лалыты Светланæ, Душеты районæй лигъдон.

6-æм декабры Парламенты Социалон политикæ æмæ æнæниздзинады комитетæн уыдис рабадт, Плиты Алыксандры разамындæй. Боны фæткы фарстаты æхсæн уыдис «Лигъдæтты фарст». Лигъдæтты социалон хъахъхъæнынады комитеты сæрдары хæдивæг Цоциты Игоры дæр рабадтмæ фæхуыдтой. Дзуаппытæ радта депутатты фарстатæн.

Нæ хъус дардзыстæм ацы процессмæ æмæ уæ дарддæр дæр зонгæ кæндзыстæм, лигъдæтты фарстатæ куыд скъуыддзаг цæудзысты, уыимæ.

Уазæгты Марфæ