Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæ-йы ис Донецкы Адæмон Республикæйæ лигъдæттæ. Хуссар Ирыстонмæ эвакуаци æрцыдысты 25-æм февралы æмæ уæдæй нырмæ цæрынц уазæгдон «Виктория»-йы. Сæрæй уыдысты 42 адæймагæй, се ‘хсæн – 24 сывæллоны. Иттæг æхсызгонæй сыл сæмбæлдысты нæ республикæйы цæрджытæ. Бирæтæ тырныдтой уыдонмæ æххуысы къух фæдаргъ кæнынмæ. Адджинæгтæ, дыргътæ æмæ сæ уæлæдарæсæй цух нæ уадзынц. Сывæллæттæй скъоладзаутæ чи уыд, уыдон цæмæй сæ ахуырæй фæстæ ма баззайой, уый тыххæй сæ ахуыр адарддæр кодтой Цхинвалы 3-æм скъолайы. Скъолайы агъоммæйы сабитæн рæв-дауæндæтты разынд бынæттæ. Ныййарджытæй кусын кæй фæндыд, уыдон дæр ифтонг æрцыдысты куысты бынæттæй.

Сентябры хæдразмæ лигъдæттæй æхсæзæй (æртæ мады æд сывæллæттæ) аздæхтысты Донецкмæ. Мах бацымыдис кодтам, лигъдæтты аздæхты нысан цы уыд, уымæ кæд æмæ нырма украинаг национ режимæй Донбассы адæм не ссæрибар сты.

Ацы фарстæн нын Уæлвæткон уавæрты министрады Æхсæнадæмон гуманитарон æххуыс æмæ æмахастыты хайады хистæр Цхуырбаты Миланæ афтæ загъта: «Донецкæй цы лигъдæттæ эвакуаци æрцыдысты нæ республикæмæ, уыдон фидар æрцыдысты нæ министрадмæ. Нæ хъус сæм дарæм. Сæ алы фезмæлд, къахдзæфимæ дæр зонгæ стæм. Лигъдæттæ цæрынц комфортон уавæрты, фæлæ уæддæр тыхсынц, Донецкы цы хиуæттæ, хæстæджытæ ныууагътой, уыдон фенынмæ бæллынц. Ныртæккæ фæстæмæ цы æртæ лигъдон аздæхт æд сывæллæттæ, уыдонæй дыууæйæ æрбынат кодтой Ростовы. Иу та дзы ацыд Таганрогмæ. Мах æппынæдзух семæ бастдзинадыл стæм, кæд  бахъæуа, уæд та цæттæ стæм фæстæмæ сæ райсынмæ.

Уавæр лæмбынæгдæр базоныны тыххæй фембæлдыстæм лигъдæттæн сæхиимæ. Лигъдæттæ хæларзæрдæйæ фембæлдысты махыл. Уазджытæ зæгъынц, зæгъгæ, дам, ныл не ‘рцыдæй нырмæ аудынц, канд паддзахад нæ, фæлæ ма адæм дæр. Алкæй дæр фæнды уыдонæн балæггад кæнын æмæ сыл баузæлын.

Светлана Логачева æрцыд æртæ сывæллонимæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ цардæмбал фæзиан цалдæр азы размæ, низæй. Фæлæ йæ ныййарæг мад баззад Донецкы. «Мах кæм цардыстæм, уыцы бынаты æппынæдзух хъуыст срæмыгъдтытæ. Нæ хæдзæртты нæй хъæрмад. Нæй рухс дæр. Фылдæр хатт нæ вæййы дон дæр. Уымæ гæсгæ ныртæккæ йæхи бааууон кодта Урзуфы хъæуы, цыран у сабыр æмæ æдасдæр. Аст азы фæллад æмæ æфхæрд царды фæстæ Ирыстонмæ æрцæугæйæ нæ риуыдзаг сулæфыдыстæм. Тагъдыл нæ кæй эвакуаци кодтой, уый тыххæй бирæ дзаумæттæ нæ рахастон. Сымах адæм тынг хæларзæрдæ сты, æрбахастой нын сæрдыгон дзаумæттæ, ныр та – фæззыгон. Дыргътæ, адджинæгтæй нæ цух нæ уадзынц. Нæ зæрдæ тынг æхсайы нæ хиуæттæм. Фæлæ, табу Хуыцауæн, сæрæгас сты.

Уæ хицауад нæ сифтонг кодта мобилон бастдзинадæй æмæ интернетæй. Нæ сабитæ кæронмæ бамбæрстой, сабыр арвы бын цæрын цы нысан кæны, уый. Сыхаг ирон сабитæй сæхицæн æмгæрттæ сарæзтой æмæ хъазынц хæларæй. Уæ республикæйы ахуырады министрад нын нæ сывæллæттæн сорганизаци кодта ахуырадон процесс, 3-æм скъолайы ахуыр кæнынц нæ сывæллæттæ. Нæхицæй кусын кæй фæндыд, уыдон дæр кусынц сæхи дæсныйæдтыл. Сæрды бонты нæ уæлвæткон уавæрты министрад бирæ рæттæм акодта экскурситы».

Нина Чегринская дæр нын радзырдта йæ тæлмæнтæ: «Донецкы ма куы цардыстæм, уæд нæм бирæ цыд бархионтæ, се ‘хсæн иу уыд ирæттæ дæр. Бынæттон цæрджытæ уыдоныл стыр æхсызгонæй æмбæлдысты. Се ‘хсæн уыд ахæмтæ дæр, кæцытæ фыццаг хатт не ‘рцыдысты. Уыдоныл-иу уæлдай кадимæ æмбæлдыстæм. Бирæты дзы зыдтам ном æмæ  мыггагæй. Нæ хæдбардзинад нын кæй банымадтой Уæрæсейы Федераци, ууыл стыр цинимæ сæмбæлдыстæм. Фæлæ йæ сæрыл тох кæнын кæй хъæуы, арæнтæ æвæрын рæстæджы дæр бирæ удтæ кæй бабын уыдзæн, уый æмбарæм æмæ æххæстбæрцæй цин кæнын нæма фæразæм. Мæ лæппу æмæ мæм йе ‘мбал телефонæй арæх радзурынц. Уыдон дыууæ дæр службæ кæнынц Донецкы адæмон  милицийы. Фæзæгъынц мын: ма, дам, тыхсут, Донецк фидар фæлæудзæн, алцы дæр уыдзæн дзæбæх. Мах уырны æмæ æнхъæлмæ кæсæм.

2014 азæй нырмæ дзæвгар цæрджытæ фæмард, дæсгай мин адæймæгтæ ныууагътой сæ цæрæн бынæттæ. Референдум куы ауагътам, уæд немæ иумæ цин кодтой Славянск, Краматорск, Мариуполы цæрджытæ. Уыдон дæр Украинæйы националисттæ тынг хъыгдардтой. Уырыссаг æвзагыл дзурджытæм знаджы цæстæй кастысты. Дæлдзиныг сын кодтой скъолаты сæ сывæллæтты. Ныр уыдон дæр ныппырх кодтой. Мах зонæм, сымах дæр мах хуызæн уæззау фæндæгтыл рацыдыстут. Ныр куыд хорз бавнæлдтат уæ сомбон аразынмæ! Сымах дæр мах фæндæгтыл кæй рацыдыстут, æвæццæгæн, нæ уымæн тынгдæр æмбарут. Мах никуы ферох кæндзыстæм уыдæттæ. Архайдзыстæм нæ кæстæрты Ирыстоны адæммæ уарзондзинадыл хъомыл кæнын».

«2014 азæй нырмæ бафæлладыстæм. Аст азы размæ цы сабитæ райгуырд æмæ ацы аз скъоламæ чи бацыд, уыдон нæ зонынц, цы у сабырад. Æппынæдзух  сармадзан æмæ автоматы уынæрмæ чи хъомыл кодта, уыдон ам сымах æмæ ма УФ-йы алы къуымты цадæггай ахуыр кæнынц сабыр цардыл. Сымах адæм нæ бынтон сбуц кодтой. Хуынтæ нæм хæссынц, сывæллæттæ хъазæнтæ æмæ адджинæгтæй цух не сты.  Уæ хицауад дæр нæ арæх бабæрæг кæнынц. Нæ рыстзæрдæтæ нын материалон æгъдауæй балхæнынц республикæйы хицæн организацитæ. Æнæкæрон бузныг уын», – загъта нын ноджы иу лигъдон Александра  Сергеева.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.