Республикӕ Хуссар Ирыстоны цӕрӕг адӕмы та бахъуыд ноджы иу цӕринаг хъӕбатыр хӕстоны йӕ фӕстаг фӕндагыл зӕрдӕрисгӕйӕ  афӕндараст кӕныны сӕр – Украинӕйы цӕуӕг сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фӕмардуӕвӕг бархион Багаты Аланы. Хъӕбатыры йӕ фӕстаг фӕндагыл афӕндараст кӕнынмӕ ӕрбацыдысты республикӕйы къухдариуӕгад Президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, фӕмардуӕвӕджы хӕлӕрттӕ, хиуӕттӕ, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Паддзахады сӕргълӕууӕг хъыджы ӕмӕ тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ загъта Багаты Аланы бинонтӕ ӕмӕ ӕввахс хиуӕттӕн.

– Зӕрдӕрисгӕйӕ мӕ сӕр къул кӕнын хъайтары ӕввахс хиуӕтты раз, кӕцы равдыста ӕнӕбасӕтгӕ лӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад Украинӕйы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы. Мах йӕ фӕстаг фӕндагыл фӕндараст кӕнӕм хӕстоны, кӕцы рауӕлдай кодта, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр ын цы уыд, уый – йӕ цард нӕ фидӕны сабырдзинады сӕрвӕлтау, – загъта Гаглойты Алан.

Президент банысан кодта ирон бархионтӕ кӕй ӕвдисынц удыхъӕды фидардзинад фашизмы уидӕгтӕ стоныны хъуыддаджы.

– Махӕн ӕгӕрыстӕмӕй иу адӕймаг фесафын дӕр трагикон у. Хуыцау зӕгъӕд, цӕмӕй мауал хъусӕм ахӕм хабӕрттӕ ӕмӕ нӕ лӕппутӕ ӕгас хӕдзӕрттӕ ссарой, – загъта Президент.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы Барамындмӕ гӕсгӕ Багаты Алан (йӕ мӕлӕты фӕстӕ) хорзӕхджын ӕрцыд Медаль «Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕг»-ӕй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.