Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дунеон дискусситы куыст урæд æрцыд æмæ нæ архайдта бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Дискусситы радон 56 раунд уагъд хъуамæ æрцыдаид ацы аз марты мæйы, фæлæ æргъæвд æрцыд æбæрæг рæстæгмæ. Бæстæйæн ацы ахсджиаг форматы куыст сæндидзын кæнын æмæ радон раунды боны фæткыл æруынаффæ кæныны нысанæн ацы бонты дунеон организациты минæвæрттæ фембæлдысты cæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ.

Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Къостайы ныхæстæм гæсгæ, ацы форматы куысты къуыхцыдзинæдтæ æндавынц процессы рæзтыл. Банысан кодта, дæргъвæтин рæстæг сын фембæлынæн фадат кæй нæ уыд уæззау санитарон-эпидемиологон уавæртæм гæсгæ. 2020 азы   плангонд цыппар фембæлды бæсты ацы форматы хайадисджытæ Женевæйы фембæлдысты æрмæстдæр иу хатт.

Ноджыдæр банысан кодта, куысты къуыхцыдзинæдтæ кæй æндавынц женевæйаг процессы рæзтыл. Ахæм уавæрты хуссарирыстойнаг фарс ноджыдæр нымайы афтæ, æмæ Тбилис æмæ Цхинвалы ‘хсæн комкоммæ бадзырдтытæ уадзынæн фадат цы Женевæйы дискусситы руаджы ис, уыдон дарддæр дæр сты хъæуæг.

Женевæйы уагъдцæуæг дискусситы нысаниуæгæн стыр аргъ цæуы нæ бæстæйы, уæлдайдæр та – æдасдзинад фидар кæныны хъуыддаджы.

«Ацы форматы куысты фæлтæрддзинад ноджыдæр фенын кодта уый, æмæ фæрстæ кæй ссарынц ныхмæвæрд хъуыдытæ æрбæстон кæнынæн хъæуæг уынаффæтæ. Ацы форматы 14 азы уæвынад фадат дæтты регионы стабилондзинад бæстон кæнынæн. Æмæ уый у Кавказы регионы æууæнкдзинад фидар кæныны сæйраг элемент», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Механизмты куыстæн   егъау нысаниуæг ис

Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг стыр нысаниуæг радта Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты куыстæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон ноджы æмæ ноджыдæр бæлвырд кæнынц Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæнты фæйнæфарс цæрджытæн йæ пайда æмæ ахсджиагдзинад.

Банысан кодта, Механизмты фæлгæтты куыст кæй никуы ‘рлæууыд йæ архайдæй фæстæмæ. Фæлæ уыдон цасфæнды ахсджиаг æмæ пайда ма уой, уæддæр нæ баивдзысты пленарон форматы куыст.

«Хуссарирыстойнаг фарс хъусдард здахы, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы ахсджиаг документыл бакусынмæ. Уымæн æмæ ацы здæхты прогрессæн ахсджиаг нысаниуæг уыдзæн æдасдзинад æмæ стабилондзинад сфидар кæныны хъуыддаджы», – дзырдта Коцы-фырт.

Хуссар Ирыстонæн сæйраг хæс у æдасдзинад сфидар кæнын Женевæйы дискусситы æмæ ноджыдæр йæ хайадисджыты зæрдыл лæууын кæны бæрнон ахаст равдисын æмæ фæстиуæгджын бадзырдон процесс адарддæр кæнын.

Уымæ гæсгæ дискусситы радон 56 раунд адарддæр кæнынæн ныртæккæ махæн ницы цæлхдуртæ ис. Мах хъуамæ æркæсæм форматмæ æмæ боны фæткы уæвæг пункттыл конструктивонæй æруы-наффæ кæнæм. Махæн ныртæккæ ис хорз фадæттæ, цæмæй æркæсæм хъуыддæгты уавæр æмæ Женевæйы про-цессы рæзтмæ, дарддæры перспективæтæ æмæ æввахс рæстæджы бæстонкæнинаг хæстæм. Уыдонæн сæйраг сты регионы æдасдзинады проблемæйы фæдыл хъуыдытæ», – дзырдта ныхасгæнæг.

Дунеон организациты минæвæрттæ дæр нымайынц, формат ахсджиаг кæй у

Евроцæдисæй минæвар Тойво Клаар банысан кодта, зæгъгæ, женевæйаг форматы хайадисджытæ ныртæккæ фембæлдысты ног æмæ хуыздæр уавæрты. Банысан кодта, æмсæрдæрттæ кæй сорганизаци кæндзысты фембæлдтытæ форматы алкæцы хайадисджытимæ дæр æмæ æруынаффæ кæндзысты, дарддæр куыд размæ цæудзысты дискусситæ, ууыл. Фæлæ уæддæр банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ныл цы негативон фæзындтытæ æрхъула кодтой, уыдонмæ нæ кæсгæйæ, формат размæ хъуамæ цæуа. Мах дæр, зæгъгæ, разы стæм уыцы хъуыдыимæ, æмæ ацы дискусситæ ахсджиаг кæй сты  æрмæст бынæттон цæрджытæн нæ, фæлæ ма регионы стабилондзинад фидар кæнынæн. Æмæ уыцы хъуыддаджы дискусситы сæйраг хæс у регионы уавæр сæдас æмæ æмбæлон уавæрмæ æркæнын.

ИНО-йæ æмсæрдар Чихан Султаноглу ныфс бавæрдта, зæгъгæ, иумиаг тыхтæй махæн иумæ нæ къухты бафтдзæн, Женевæйы дискусситæ цы нысанæн арæзт æрцыдысты, уый. Нæ тыхтæ æмæ хъарутæ здæхт æрцæудзысты уымæ, цæмæй 56 раунд рæхджы уа æви фæстæдæр, уæддæр уагъд æрцæуа.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фыццаг хатт ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Виорел Мошану æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый къорд хатты хайад райста Механизмты куысты форматы. Женевæйы дискусситы ахсджиаг дæлформат у ацы куысты формат. Мах, зæгъгæ, уынаффæ кæнæм, цæмæй хуыздæр, æргом æмæ раст хъуыдытæ фехъусын кæнæм ацы фарсты фæдыл.

Механизмты фæлгæтты куыстыл дзырд куы цæуа, уæд уый у гуманитарон фарстатæ æмæ регионы стабилондзинад бæстон кæныны ахсджиаг формат. Ныфс мæ ис, æмæ 7 июны уагъд æрцæудзæн фембæлд, æмæ ацы формат баззайдзæн ахсджиаг форматæй дискусситы архитектурæйы, кæцы, иумиагæй сисгæйæ, размæ кæны ахсджиаг фарст – тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы сразыдзинад.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.