Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан йӕ къух ӕрфыста сӕрмагонд хӕслӕвӕрдыл, кӕцымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ревизи уагъд ӕрцӕуа республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы архайды фӕдыл, – хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Ацы документмӕ гӕсгӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайӕн палатӕйӕн бахӕсчындӕуыд, цӕмӕй иу мӕйы ӕмгъуыдмӕ ревизи ауадза 2019 азы 1 июнӕй 2022 азы 1 июнмӕ республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы финансон-хӕдзарадон архайды фӕдыл. Æмӕ, куыд бахӕс кодта, уымӕ гӕсгӕ бакӕнгӕ ревизион куысты тыххӕй президентӕн хъуамӕ хъусын кӕной ӕрвылкъуыри.и

Паддзахады сӕргълӕууӕг ахӕм басгӕрст ауадзын бахӕс кодта куыстуат биуджетӕй дзӕвгар фӕрӕзтӕ кӕй дары, уымӕн йӕ аххосаг сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ гӕнӕнуӕвӕг бархалынӕдтӕ раргом кӕныны охыл.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайӕн палатӕйы ревизорон къорд йӕ куыстмӕ ӕрӕвнӕлдта ӕнӕаргъӕвгӕйӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.