Махæн дæр, Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн, Уæрæсейы Федерацийы æвзæрстыты æмæ референдумты хайад исыны, хъæлæс дæттыны бар куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ-иу нын алы хатт дæр уæрæсейаг æвзæрстыты хайад исын бæрæгбоны хуызæн уыд…

Ныр цыдæр æрцыд æрмæст махыл нæ, фæлæ Уæрæсейæн йæхи æвзарджытыл дæр. Æниу, не ‘взарæн системæ æмæ зæрдæйы уагыл цы æрцыд, уый æргом цæмæннæ хъуамæ зæгъæм?.. Адæм ныры онг дæр алцæмæй ифтонг нæ уыдысты. Фæлæ  æмбæрстой, Уæрæсейы лидер Путинæн зын кæй у адæмы домæнтæ алыварсонæй сæххæст кæнын. Йæ уæхсджытыл ын цы раууатмæ æрцæуæг бæстæйы хъысмæт сæвæрдтой, уый æгæр уæззау уаргъ кæй разынд æмæ цæмæй уыцы уæззау уаргъ фæрогдæр кæна, уый тыххæй йæ тох кæнын кæй хъуыд æмæ хъæуы æртæ фронты: фыццаг фронт у, Уæрæсейæн Советон Цæдисы хъысмæт чи сныв кодта æмæ йæ ныппырх кæнынмæ чи æрæвнæлдта, уыцы америкæйаг-ныгуылæйнаг политикæйы ныхмæ тох кæнын. Дыккаг фронты йæ тох кæнын хъæуы, уыцы америкæйаг-ныгуылæйнаг политикæйы закъаз чи æххæст кодта, æмæ йæ абон дæр чи æххæст кæны, уыцы мидæггагон халджыты ныхмæ. Æмæ æр-тыккаг фронт – фыццаг дыууæ фронты цы нысан кæнынц, уый æмбарын кæй нæ фæнды, афтæмæй уæлион дзæнæты цард чи домы, уыцы знæт адæмы домæнтæ, гæнæн уæвгæйæ, æххæст кæнын… Иу адæймагæн та, Хуыцау куы феста, уæд-дæр йæ бон нæ бауыдзæн æппæт уыдæт-тыл уыцы-иу рацъыккæй фæтых уа, уый. Æмæ уымæй пайда кæны америкæйаг-ныгуылæйнаг политикæйы æгъатыр пропагандистон машинæ – æлхæны, змæнты, ардауы царды хæрзтæй цухæййафæг адæмы.

Фæлæ алы хъуыддаджы дæр фæуæлахиз вæййынц рæстдзинад æмæ æрвонг зонд. Адæмы фылдæр хаймæ та уæддæр разынд раст фæндагыл ныллæууыны хъару æмæ Стыр Уæрæсе нæ фæцис йе знæгты фæндиаг – адæмы бæрæг фылдæр хай схъæлæс кодтой Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ ивындзинæдтæ ба-хæссыны тыххæй. Уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны дæр. Мах дæр кæд цух нал стæм ахæм зондамонджытæ æмæ ардауджытæй, уæддæр та Хуссар Ирыстоны адæм фенын кодтой се нувыддзинад, кæй фæрцы цæрæм, бынтон скуынæгæй нæ чи бахызта, уыцы Уæрæсейæн. Иу къуырийы бæрц адæм хъæ-лæсдæттынмæ лæууыдысты рады, нæ адæмы 80 проценты схъæлæс кодтой Уæрæсейы сомбонæн, уыцы сомбонимæ мах хъысмæт æнгом баст кæй у, уый æмбаргæйæ æмæ уымæн аргъ кæнгæйæ. Бузныг, æнæкæрон бузныг, ахæм æрвонг зонды фæдыл чи ацыд, уыцы æвзарджытæн се ‘ппæтæн дæр.

Уæлдай æхсызгон нын уый хъуамæ уа, нæ Республикæйы Президент Бибылты Анатоли къæмдзæстыгæй кæй нæ баззад æфсымæрон Уæрæсейы къухдариуæгады раз, афтæмæй йæ кæй бахъуыд Владимир Путинмæ арфæйы тел арвитын:

«Цытджын Владимир Владимиры фырт, тынг æхсызгон мын у, куыд  Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы, афтæ дын сæрмагондæй мæхи номæй зæрдиаг арфæ ракæнон, Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй хъæлæс кæныны хъуыддаг æнтыстджынæй кæй ацыд, уый тыххæй.

Хъæлæс кæныны активон хайад райстой Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæ дæр. Ауадзгæ референдумы  фæстиуджытæ ирд æвдисæн сты, Уæрæсейаг паддзахады хъомыс, бæстæйы социалон-экономикон размæцыд, адæмы фæрныгады рæзт æмæ æхсæнадон консолидацийы  фæдыл цы курс æххæст кæныс, уымæн кæй ис уæрæх æхсæнадон фарсхæцынад.

Мæ зæрдæ дын зæгъы, цытджын Владимир Владимиры фырт, фидар æнæниздзинад, адæм дыл кæй сæвæрдтой уыцы бæрзонд мисси æххæст кæныны ног æнтыстыты фæстиуджытæ, æппæт уæрæсейæгтæн та – сабырад, фæрныгад æмæ дидинæфтыд».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.