Цытджын æмбæстæгтæ!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Дыууадæс азы рацыд нæ адæмæн нысаниуæгджын бон 2008 азы 26 августæй, Уæрæсейы Федерацийы Президент Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенон æмæ хæдбар паддзахадæй куы банымадта, уыцы бонæй.

2008 азы 7 августæй 8 августмæ æхсæвы Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны æрбабырсты æмæ хæсты æвирхъау бонты фæстæ не ‘фхæрд, фæлæ æнæбасæтгæ адæм цардысты æндыгъдæй æнхъæлмæкæсгæйæ, зæгъгæ, арæзт æрцæудзæн ахæм ныфсджын къахдзæф, кæцы æрæхгæндзæн Гуырдзыстоны ног хæстон  авантюрон архæйдтыты.

Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитри Медведевы раныхасмæ, кæцы фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинæдтæ банымайыны тыххæй барамынд, адæм хъуыстой æндыгъд æмæ цымыдисæй, кæцы рахызт адæмон хъæлдзæгдзинадмæ, адæмы цины  хъæр-хъæлæбамæ.

Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый нысан кодта Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыд, дæргъвæтин рæстæджы дæргъы кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы уæлахизы æмæ сабырдзинады бæрæгбон.

Царды биноныг æрцыд сæ паддзахадон хæдбардзинад банымайыны сæраппонд адæмы бæллиц, кæцы нæ къухы бафтыд не ‘мбæстæгты æхсардзинады, туджы æмæ æрвылбонон фæллойы фæрцы Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады руаджы. Уæрæсейы Федерацийы уынаффæ  уыд юридиконæй раст æмæ моралон-этикон, гуманон, адæймагон позицийæ – æнæ къæм. Бирæ рæстæджы дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстонмæ æрбабырсынмæ фæдфæдылонæй йæхи цæттæ кодта  гуырдзиаг режим. Гуырдзиаг хицауиуæгад фæдфæдылонæй  постконфликтон æрбæстондзинады процесс хæлдта, цæлхдуртæ æвæрдтой æмхæццæ контролон къамисы куыстæн, теракттæ æмæ провокацитæ арæзтой ирон æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæн.

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Саакашвилийы лæмбынæг бацæттæгонд хæстон агресси скуынæг кодта Уæрæсейы бирæазон фидауынгæнæн хъуыддаг. Гуырдзыстон гуымир æгъдауæй фехæлдта йæ разы æвæрд æхсæнадæмон хæслæвæрдты.

Гуырдзиаг агрессийы фæстиуæгæн хæсты фыццаг суткæ фæмард сты  сæдæгай сабыр цæрджытæ æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ. Стыр зиан ракондæуыд  Цхинвалы инфраструктурæйæн. Æрцæугæ хъуыддаг адарддæр кодта ирæтты ныхмæ гуырдзиаг политикæйы геноцид.

Гуырдзиаг хæстонты архайд æппæт æгъдауæй дæр хауы хæстон фыдракæндтæм, кæцытæн уыд массон характер æмæ сты адæймагады ныхмæ фыдракæндтæ.

Цалдæр сахатмæ стратегион позицитæ бацахсын, коммуникациты ныппырх кæнын æмæ Цхинвал бацахсынвæндгæнæг гуырдзиаг хæстонты æрбабырст æрурæд æрцыд  Фыдыбæстæхъахъхъæнджыты хъæбатырдзинад æмæ фидар удыхъæды æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты руаджы, кæцытæ нæ фæтарстысты æмæ фæстæ нæ алæууыдысты, нымæцмæ гæсгæ дæр æмæ хæцæнгарзæй æмæ  хæстон фадæттæй дæр сæхицæй бирæ хуыздæр ифтонг чи уыд, уыцы ныхмæлæууæгæй.

Гуырдзиаг стратегтæ кæд хъавыдысты цыбыр рæстæгмæ фæуæлахиз уæвын, уæддæр сын нæ фæрæстмæ. Цхинвал хъахъхъæнджыты æхсардзинад æмæ удуæлдайдзинад фадат радтой Уæрæсейæн экстренон æгъдауæй æнæмæнгхъæуæг тыхты æрбакалын æмæ агрессоры сабырдзинадмæ æркæныны, Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст æруромын æмæ Абхазы ныхмæ ног хæст райдайыны  тыххæй ныфсхаст мадзæлттæ реализаци кæнынæн.

Хуссар Ирыстонæн уæды трагикон уавæрты, цард æмæ мæлæты фарст  скъуыддзаг куы цыд, уæд æрмæстдæр Уæрæсе сарæзта реалон къахдзæфтæ сабыр цæрджыты бахъахъхъæныны тыххæй, æрурæдта æрра агрессоры, кæцы хъавыд Хуссар Ирыстоны æд цæрджытæ зæххы уæлцъарæй схафын.

Цалынмæ сабырадон æмæхсæнад сабырæй каст, Гуырдзыстоны «Сыгъдæг быдыр»-ы операци цæуыл фæуыдзæн, уымæ, уæдмæ ссонтуæвæг агрессоры æруромынмæ рараст уæрæсейаг æфсад. Уæрæсейаг салдаттæ æмæ офицертæ æнæ дызæрдыгæй цыдысты рæстдзинады сæрыл хæстмæ. Уыдон цыдысты уæрæсейаг фидауынгæнджытæн æххуысмæ æмæ Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджыты бахъахъхъæнынмæ, кæцыты æнæвгъау куынæг кодтой гуырдзиаг хæстон форма хæссæг фыдгæнджытæ.

Уæрæсейы æфсады хæстон хъомысад кардиналон æгъдауæй фæивта хæстон архайдтыты хуыз. Хуссар Ирыстоны территорийыл уæрæсейаг æфсадимæ Гуырдзыстоны æфсад хæстон æгъдауæй куы фембæлдысты, уæд гуырдзиæгты хæстонтæ уайтагъд фæстæмæ алæууыдысты, бамбæрстой, цы кампани райдыдтой, уымæн æвзæр фæстиуджытæ кæй уыдзæн, æмæ сæ хæцæнгæрзтæ ныууадзгæйæ, фæстæмæ лыгъдысты.

Гуырдзыстоны тыхæй æркондæуыд сабырадмæ, æмбæлон уавæртæ арæзт æрцыд фынгы фарсмæ проблемæ аскъуыддзаг кæнынмæ рахизынæн. Фæлæ реалондзинадимæ бастдзинад кæронмæ фесафæг гуырдзиаг паддзахады къухдариуæггæнæг не сразы ног реалиты уавæрты иуæрдыгæй Гуырдзыстон,  иннæ ‘рдыгæй та – Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæты ‘хсæн дарддæры æмахастытыл цивилизацион æгъдауæй уынаффæ кæныныл.

Бæрæг уыд иунæг хъуыддаг, цæмæй Гуырдзыстоны æрдыгæй ног агресси аиуварсгонд æрцæуа, уый тыххæй хъуыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинæдтæ банымайын, кæцы сарæзтаид æнæмæнгхъæуæг æхсæнадæмон-барадон бындуртæ æдасдзинады гарантитæ сифтонг кæнынæн æмæ сæ  адæмты бахъахъхъæнынæн, æхсæнадæмон сабырдзинад æмæ регионалон стабилондзинад сфидар кæнынæн. Уыцы къахдзæф арæзт æрцыд.

2008 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджыты бахъахъхъæнæг Уæрæсейы Федераци уыд фыццаг, кæцы банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад, уый фæстиуæгæн нæ адæмæн байгом кодта фадæттæ ног, сæрибар цардарæзтæн. Хуссар Ирыстонимæ иумæ нымад æрцыд Абхазы хæдбардзинад дæр. Хуссар Ирыстоны адæмæн хæдбардзинады банымад нысан кодта ног историон дуджы – сабырдзинады, сæрибардзинады æмæ дидинæфтыды дуджы райдиан. Тугкалæн хæсты æмæ уæззау фыдæвзарæнты азтæ ивгъуыды баззадысты.

Ацы уæлахиз нысан кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм стыр кад кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинадæн æмæ, сабыр цæрджыты бахъахъхъæнынмæ, гуырдзиаг агресси æмæ нæ адæмы геноцид æруромынмæ æрцæуæг уæрæсейаг хæстонты хъæбатырдзинадæн.

Нæ сæртæй ныллæг кувæм, Хуссар Ирыстоны тыххæй чи тох кодта æмæ Уæлахизы  бæрæгбоны онг чи нæ фæцард, уыдонæн. Курæг уæ дæн, иу минут æдзæмæй алæугæйæ сын ссарæм сæ рухс нæмттæ.

***

Зынаргъ хæлæрттæ!

Уæззау уавæрты цытимæ бафæразгæйæ, æнæфæтасгæ фидар удыхъæд равдисгæйæ æмæ  уæлахизыл фидарæй æууæндгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм сбæлвырд кодта нæ паддзахады цардхъомдзинад. Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад Хуссар Ирыстоны адæмæн нысан кæны ног историон дуг – сабырдзинад, сæрибардзинад æмæ дидинæфтыды дуджы райдиан.

Ныр 12 азы республикæйы адæмæн фадат ис сæ фыдæлты зæххыл сабырæй фæллой кæнын, сывæллæтты хъомыл кæнын, сомы боныл æууæндгæйæ цæрын. Республикæйы хæдбардзинады банымад хъæуæг фадæттæ сарæзта  Хуссар Ирыстоны æнтыстджын рæзтæн. Уыимæ иумæ Хуссар Ирыстоны алы цæрæг дæр хорз æмбары, алы нысаниуæгджын æнтыст дæр нын реалон кæй  ссис Уæрæсейы масштабон æххуысы руаджы.

Уæрæсейы фæрцы нæ республикæ хъахъхъæд у  æддагон знæгтæй. Гарантигонд сты нæ арæнты æдасдзинад æмæ нæ бæстæйы сæрмæ сабыр арв. Фидаргонд æрцыдысты нæ паддзахады æхсæндунеон позицитæ. Уæрæсейы фæрцы Хуссар Ирыстон цæры йæ сомбоныл фидарæй æууæндгæйæ.

Хуссар Ирыстоны адæм сæ фидæн уынынц, æрмæстдæр, Уæрæсеимæ иумæ æмæ мах активонæй кусæм æххæстхъомыс ахастыты рæзтыл. 2015 азы 18 марты къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды бындурыл фидар цæуы дыууæфарсон æмкуысткæнынады бадзырдон-барадон базæ, рæзынц экономикон æмæ гуманитарон бастдзинæдтæ, хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фадыджы æмархайдтытæ æххæст цæуынц æнтыстджынæй.

Мах фæдфæдылонæй стæм Уæрæсеимæ Хуссар Ирыстоны арф ахастытæ æмæ интеграцийы рæзты фарс. Нæ дыууæ бæстæйы ‘хсæн арæн, кæд абоны бон йæ сисынæн нæма ис фадæттæ, уæддæр хъуамæ суа картæйыл формалон хахх,  интеграцийы максималон æмвæзадмæ цæуыны тыххæй барæй аразгæ цæлхдуртæ ма араза.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ныр 12 азы азæй азмæ хуыздæр кæны Хуссар Ирыстон. Мах уынæм, нæ фыдæлты зæххыл нæ адæмы фæллойæн цы æнтыстытæ ис, уынæм нæ Фыдыбæстæйы сабыр фидæн. Уынæм, дæргъвæтин азты тох æмæ уæззау хъизæмæрттæ æнæхъуаджы кæй нæ уыдысты, æнæхъуаджы нæ уыдысты сæрибары сæрыл æрхæсгæ зиæнттæ дæр.

Хуссар Ирыстоны адæм фенын кодтой, йæ бон кæй у, æрмæст  хъæбатыр тох кæнын æмæ йæ барты хъахъхъæнын нæ, фæлæ æвæллайгæйæ кусын, йæ разы бæрзонд нысæнттæ æвæрын, æнтыстджын паддзахад аразын, кæцы арæзт æрцыд адæмæн æмæ адæмы хæрзиуæгæн.

Уадз нæ хæдзары, нæ рæсугъд Хуссар Ирыстоны кæддæриддæр æлдариуæг кæнæд фарн, æмуддзинад, уадз сабыр арвы бын рæзæнт æмæ хистæрты зæрдæ рухс кæнæнт ног фæлтæр, кæцытæ райгуырдысты æмæ цæрынц сæрибар бæстæйы, уадз, ныры фæсивæдæн сæ къухы бафтæд сæ бæстæйы дидинæфтыдмæ сæ хайбавæрд бахæссын, уадз, уыдон æнцой кæнæд хистæрты  куырыхондзинад æмæ фæлтæрддзинадыл, уадз, рæсугъд уæт нæ адæмы фидæн!

Не ‘ппæтæн дæр арфæ кæнын хæдбардзинады банымад æмæ уæлахизы стыр бæрæгбоны цытæн!

Уæлахиз уæд Республикæ Хуссар Ирыстон!

Уæлдахиз уæд Стыр Уæрæсе!

Уæлахиз уæд нæ адæмты æнæхалгæ иудзинад!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.