Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Фараст азы размæ, 2008 азы 26-æм августы Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитри Анатолийы фырт Медведев йæ къух кæуыл æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй, уыцы Барамынд ссис, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, нæ адæмы хъысмæты уыцы фæзилæн æмæ уымæй æрæвæрдта бындур Хуссар Ирыстоны ног историон дуджы цыдæн.

Уæрæсейы Федерацийы Президенты №1261 Барамынады тыххæй информацион агентадты хъусынгæнинæгтæ æмæ телекрантæй чи райхъуыст, уыцы хъусынгæнинаг «Хуссарирыстойнаг адæмы равдисгæ фæндон хынцгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстон нымад æрцæуæд, куыд суверенон æмæ хæдбар паддзахад», зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн ссис бирæ азты дæргъы æппæты цинæйдзагдæр цау.

Адæм, хæрз æрæджы гуырдзийаг тыхбахасты трагикон бонтæ чи бавзæрста, мæлæты тæккæ къæсæ-рыл чи лæууыд, диссаджы ирвæзт чи фæкодта, уыдон нæ паддзахады банымад райстой иттæг стыр лæварау. Афтæ ма, æвæццæгæн,  адæм цин кодтой 1945 азы 9-æм майы Уæ-лахизы бон. Адæмы цин æмæ амон-дæн кæрон дæр нал уыди, Ирыстоны хъизæмаргæнæг зæхмæ æрцыд, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы æцæг сабыр цард.

Махæй рох нæу, куыд вазыгджын уыд ацы национ уæлахизмæ фæн-даг. Райгуырæн бæстæ хъахъхъæн-гæйæ, нæ адæм кæй равдыстой, уыцы æнæбасæтгæ фæндвидар, æнæ-фæцудгæ ныфс, æмбал кæмæн нæй, уыцы лæджыгъæд, хъæбатырдзинад систы нæ Уæлахизы бындур. Стыр аргъæй нæ къухты бафтыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады бар цæмæй нымад æрцыдаид. Махæй рох  ницы у. Мах никуы ныууадздзыстæм рохуаты фæмардуæвджыты, фыдмардæй чи амард, уыдон рухс нæмттæ æмæ нæ адæм цы хъуагдзинæд-тæ бавзæрстой, уыдон. Сæрибар алайнаг зæххыл райгуырдысты æмæ схъомыл сты ног фæлтæртæ, æмæ уыдон адарддæр кæндзысты сæ фыдæлты хъуыддаг.

Уæрæсейы Федераци, регионалон æмæ глобалон æдасдзинад ифтонг кæнынмæ тырнындзинады сæраппонд, кæддæриддæр хардз кодта йæ хъарутæ алы æмæ алы регионты сабырад æрфидар кæныны тыххæй. Уæрæсейы фидауынгæнæг æмæ æхсæнлæууæджы мисси сæххæст кодта ахсджиаг хæс Хуссар Ирыстоны дæр.

1992-æм азы сабырдзинад æрхæсгæйæ, уæрæсейаг дипломати бирæ азты дæргъы æххæст кодта Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æхсæнлæууæджы куыст, дыууæ фарсæн дæр райсинаг фæндагмæ рахизыны ныфсæй. Фæлæ Гуырдзыстон равдыста, бадзурын-мæ йæ æнæцæттæдзинад, афтæмæй фæдфæдылонæй хæлдта æппæт сразыдзинæдтæ дæр. Ирон адæмы ныхмæ цы фыдаркæндтæ арæзт æрцыд, уыдон тыххæй уым бæрндзинад йæхимæ райсынмæ ничи хъавыд. Уый нæ, фæлæ ма Тбилисы дарддæр сæхи цæттæ кодттой ног æрбабырстмæ. Гуырдзиаг бодз-ты æбуалгъы мæнгарддзинад æмæ хины цæвиттон уыди августы тыхбахаст, сабыр цæрджыты къордгæйттæй æмæ уæрæсейаг фидауынгæджыты мæнагрдæй кæй мардтой, уый. Нæ къухты цы документтæ бафтыд, уырдыгæй бæлвырд у, ахæм тыхбахаст кæй цæттæ кодтой Абхазы ныхмæ дæр.

Уый фæстæ фæбæрæг, Уæрæсейы Федерацийæн æхсæнадæмон барады фæлгæтты Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы гуырдзыстоны ног хæстон авантюрæтæй бахъахъхъæ-ныны иунæг ахадгæ фæрæз кæй уыди сæ хæдбардзинад сын банымайын. Æртывæрсыг консультацитæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы Парламентты куырдиæтты фæстæ къух фыст æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты Барамындтыл сæ хæдбардзинад сын банымайыны тыххæй.

Ацы къахдзæфæн саргъ чындæуыд Хуссар Ирыстоны, куыд, сæхи дунейы хицæуттæ сæхи чи æнхъæ-лынц, уыцы  хъомысджын бæстæты коньюнктурон хъуыдытæ æмæ амындтытæ нæ, фæлæ куыд цæстуынгæ æвдисæн иумæйаг адæймагадон бæрзонд этикæйы принциптыл æмæ моралыл  æнувыдуæвæг   Уæрæсе, кæцы иууыл сæйрагдæрыл нымайы адæймæгтæ æмæ адæмтæн цæрыны, сæрибардзинады æмæ адæй-магæн аргъ кæныны бартæ.

Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад æмæ суверенитеты кæй банымадта, уый Хуссар Ирыстон æмæ æфсымæ-рон Абхазы адæмæн фадат радта фидар сабырдзинад æмæ æдасдзи-над райсынæн, адæймæгты цард бахъахъхъæнынæн, историон шанс радта хи паддзахаддзинад сфидар кæнынæн. Гуырдзыстон, æвæццæгæн, ноджыдæр æрбабырстаид Хуссар Ирыстонмæ, фæлæ Хуссар Ирыстон  хæдбар паддзахадæй нымад куы æрцыд æмæ Хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады, Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырд-тæ арæзт куы æрцыдысты, нæ территорийыл уæрæсейаг æфсæддон базæтæ куы уæвынад кæнынц, уый фæстæ гуырдзиаг бодзтæн баззад фæсарæйнаг делегацитæн регулярон экскурситæ аразын паддзахадон арæнмæ æмæ интуристтæн се ‘намонддзинæдты тыххæй ирæттæй æмæ Уæрæсейæ хъаст кæнын.

Бæрæг у, Хуссар Ирыстон не ‘знæгтæм æнцон аныхъуырæн нал кæсы. Хуссар Ирыстоны территори Уæрæсейы Федерациимæ æдасдзи-нады иууон  тыгъдады хай кæй у, уый фæстиуæгæн искæйы зæххыты иууыл æнæзонддæр уарзæг дæр фæтæрсдзæн  нæ зæххмæ æрбалæ-сынæй, уымæн куыд Уæрæсемæ  бабырсын, ахæм аргъ лæвæрд кæй æрцæудзæн, уый тыххæй.

Уæрæсейы Федерацийы æрды-гæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад æмæ суверенитет нымад  æрцыд дунеон барады прин-циптæ æмæ нормæтæ æххæст кæнгæйæ, æмæ уыд нæ адæммæ ахасты рæстдзинад сæндидзын кæныны акт. Хуссар Ирыстонæн фадат фæцис  йæ æхсæнадæмон бастдзинæдтæ рауæрæх кæныны хъуыддаджы, республикæйы раз байгом сты перспективæтæ æддагэкономикон архайды тыххæй, нæ адæмы фæллойадон потенциалы реализацийы тыххæй.

Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй нæ хæдбардзинады банымадимæ нæм æрцыдысты æдасдзинад æмæ фидæныл æууæндындзинад, уымæй бындур æрæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны æндидзынадæн.  Æнцон нæу хæсты фæстиуджытæ æмæ дæсгай азты пырхæнты  аиуварс кæнын, фæлæ абон бæрæг фæбæрзонддæр хъуыддагон активондзинад, адæймæгтæ райдыдтой Хуссар Ирыстоны территорийыл бизнесмæ инвестицитæ хæссын, стыр темптæй рæзы индивидуалон арæзтад. Æппæт уыдæттæ цæстуынгæ æвдисæнтæ сты, адæм кæронмæ кæй баууæндыдысты сæ сомбоныл, уыцы уырнынад та исæм Уæрæсейæ æмæ хисæрмагонд фæндондзинад æмæ куыстæй.

Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг спонсортæ æппæт сæ тыхтæй архайынц, цæмæй ныццауæзой Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинадтæ дарддæр банымайын. Фæлæ социалон-экономикон фадыджы республикæйы алы ног æнтыст дæр фылдæрæй фылдæр бæстæтæ сæ уынаффæты къухдариуæг кæндзысты, æппæтдунеон полицайы амындтытæй нæ, кæцы æнæбанцайгæйæ архайы хæцæнгарзæй æмæ æртхъирæн кæны, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинадтæ чи банымайы, уыдонæй алкæ-цы бæстæмæ дæр, фæлæ иумиагадæймагон мораль æмæ рæстдзинады нормæтæй, хæдуагæвæрды фундаменталон барæй.

Зынаргъ æмбæстæгтæ! Æфсымæртæ æмæ хотæ!

Нымад паддзахады мисси стыр бæрндзинады нысан у. Уый бæрндзинад у, нæ бæстæйы нын чи хъахъ-хъæдта æмæ нæ сæрибардзинады сæрыл чи тох кодта, нæ адæмы уыцы бирæ фæлтæрты раз. Уый бæрндзинад у уыцы лæппуты раз, Фыдыбæстæйы уыцы хъахъхъæнджыты раз, кæцытæ махимæ иумæ хъуамæ сæмбæлдаиккой ацы бæрæгбоныл, фæлæ сæ цард радтой сæ адæмы тыххæй. Уый ма бæрндзинад у Уæрæсейы Федерацийы раз дæр, кæцы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинадтæ банымайгæйæ, йæхимæ райста бæрæг геополитикон тасдзинæдтæ æмæ хæрдзтæ.

Мах хъуамæ спайда кæнæм уникалон историон шансæй, хъуамæ схæрзарæзт кæнæм нæ республикæйы, нæ паддзахаддзинад афтæ хъуамæ саразæм, цæмæй дызæрдыгдзинад макæмæ сæвзæра нæ цардфæразондзинады тыххæй. Мах хъуамæ саразæм нырыккон экономикæ, Хуссар Ирыстоны ракæнæм рæзты ахæм æмвæзадмæ, кæцы фадат дæтдзæн адæмæн аккаг цард аразынæн.

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Арфæ уын кæнын абоны стыр бæрæгбоны цытæн, арфæ уын кæнын историон уæлахизы боны æмæ ног ныфсыты цытæн, кæцытæ нæ адæмæн байгом кодтой фæндаг амондджын фидæнмæ!

Уæлахиз уæд Республикæ Хуссар Ирыстон!

Уæлахиз уæд Уæрæсеимæ нæ цæдис!

Сабырдзинад, хæрзиуджытæ æмæ дидинæфтыд нæ адæмæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.