Знон Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров фембæлдысты Мæскуыйы.

Фембæлды рæстæджы Медойты Димитр куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстон цæттæ у Уæрæсеимæ ахастытæ рæзын кæныны тыххæй æмбæлон къахдзæфтæ аразынмæ.

«Мах стыр аргъ кæнæм, Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уый фæстиуæгæн дыууæ бæстæйы ‘хсæн цы ахастытæ сырæзт, уыдонæн. Уыцы процессæн мах позитивон аргъ кæнæм æмæ цæттæ стæм дарддæры къахдзæфтæм дыууæфарсон ахастытæ сфидар кæныны тыххæй. Хуссар Ирыстон уыд æмæ дарддæр дæр уыдзæн Уæрæсейæн иузæрдион цæдисон æмæ хæлар Кавказы», – фехъусын кодта РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, 2020 азы Мæскуы æмæ Цхинвал сæ къухтæ æрфыстой 6 документыл æмгуысткæнынад, уыцы нымæцы хъахъхъæнынады, финансон æмæ таможнæйон фадгуыты тыххæй.

Медойты Димитры ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстон фæнд кæны Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы фæлгæтты куыст адарддæр кæнын.

«Æдасдзинады æмæ конфронтаци, хæстон агресси мауал сног кæныны фарстатæ махæн систы иууыл актуалондæр Хæххон Хъарабахы хæсты фæстæ», – загъта РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.

Дарддæр Медойты Димитр куыд банысан кодта, афтæмæй  Уæрæсейы Федераци стыр æххуыс ба-кодта, коронавирусæй рынчынтæн хос кæныны нысанæн Хуссар Ирыстонæн, Цхинвалы мобилон госпиталь кæй сæвæрдта, уый тыххæй.

Уый зæрдыл æрлæууын кæнынæн куыд загъта, афтæмæй  2020 азы республикæ Уæрæсеимæ активонæй æмгуыст кодта  коронавирусы ныхмæ.

«Стыр куыст бакондæуыд, цæмæй республикæйы инфекци ма апырх уыдаид æмæ коронавирусæй рынчынтæн баххуыс кодтаиккой, уый тыххæй», – загъта Медойты Димитр.

 Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон сæ къухтæ æрфыстой дыууæ бæстæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн 2021-2022 азты консультациты планыл.

Консультациты планыл сæ къухтæ æрфыстой Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Сергей Лавровы ныхæстæм гæсгæ Медойты Димитримæ абоны бадзырдтæ ахъаз сты дунеон боны фæткыл уынаффæ адарддæр кæныны тыххæй дыууæфарсон ахастытæн.

«Абон  Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадтæ сæ æхсæнпаддзахадон ахастытæ аразынц  æмцæдисад æмæ интеграцийы бындурыл. Махæн ис тынг æнгом интенсивон политикон диалог, нæ бæстæты президенттæ фембæлдысты дыууæ хатты. Тынг хъæздыг  контакттæ нын ис  фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æндæр ведомствоты.  Фидар кæны бадзырдон-барадон базæ, кæцыйы ис сæдæгай документтæ», – банысан кодта УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, дыууæ паддзахады ‘хсæн рæзы товарæрзылд, фидар кæнынц куль-турон-гуманитарон бастдзинæдтæ.

«Мæн уырны, нæ абоны фембæлд кæй фæахъаз уыдзæн æппæт фадгуыты ахастытæ размæ кæнынæн, уый тынг хъæуы не ‘мбæстæгты. Адæймæгты ‘хсæн ахастытæ дæр  нæ куыстæн ахсджиаг компонент сты», – йæ ныхасмæ бафтыдта Сергей Лавров.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.