РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли къуырисæры фыстæг арвыста республикæйы Парламенты спикермæ сæвзæргæ æхсæнадон-политикон уавæры фæдыл 27-æм январы æнæрадон сесси ауадзыны домæнимæ, – хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

«Цытджын Алан Сергейы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны сæвзæргæ æхсæнадон-политикон уавæрмæ гæсгæ, РХИ-йы Конституцийы 50-æм статьяйы 15-æм пунктыл бындуриуæг кæнгæйæ, домын 2021 азы 27-æм январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æнæрадон рабадт ауадзын», – дзырдæуы фыстæджы.

Президенты пресс-секретарь Гасситы Динæ журналисттæн йæ комментарийы банысан кодта, зæгъгæ, «Анатоли Ильяйы фырт спайда кодта йæ барæй Парламенты æнæрадон рабадт ауадзыны тыххæй».

«Президенты ацы бар фыст ис Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы. Президент ногæй фæнд кæны Парламенты депутаттимæ фембæлын. Сæвзæргæ уавæрæй рахизыны фæндæгтыл æруынаффæ кæнын, гæнæнуæвæг компромиссон уынаффæтæ сбæрæг кæнын, кæцытæ æвæрццагæй бандавдзысты æхсæнадон-политикон уавæрыл æмæ ист æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн», – загъта Гасситы Динæ.

27-æм январы æнæрадон рабадт ауадзыны тыххæй домæнимæ фыстæг ис республикæйы Парламенты. Уый размæ республикæйы раздæры къухдариуæггæнджытæ æмæ Парламенты фыццаг æрсидты депутаттæ фехъусын кодтой сæвзæргæ вазыгджын æхсæнадон-политикон уавæр æрбæстон кæныны процессы æхсæны лæгтæй ралæууынмæ,  æмæ конструктивон диалог сорганизаци æмæ æмархайд кæнынмæ цæтттæ кæй сты, уый тыххæй, кæцы здæхт у Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы уавæр снормалон кæнынмæ. Ацы фæндонæн æвæрццаг аргъ скодтой куыд РХИ-йы Президент, афтæ парламентон оппозицийы минæвæрттæ дæр. Ивгъуыд къуырийы уагъд æрцыд цалдæр фембæлды æнæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæй.

Ивгъуыд аз 1-æм сентябры Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты къорд райста хъусынгæнинаг, цыран  хъусын кодтой «цалынмæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы отставкæйы фæдыл адæмы домæн нæ сæххæст кæна, уæдмæ Парламенты куыст æруромын». Хъусынгæнинагыл сæ къухтæ æрфыстой 17 парламентарийы. Азы кæрон Парламенты рабадтытæ цалдæр хатты уагъд не ‘рцыдысты депутатты къорды бойкоты фæстиуæгæн, кæцыйы тыххæй абоны онг дæр  2021 азæн ист не ‘рцыд  республикæйы паддзахадон бюджет.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.