Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста «БАМ»-ы микрорайоны æмдзæрæндоны æмæ раздæры авиацион заводы поселочы цæрджыты. Фембæлды хайад райстой РХИ-йы автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард æмæ горæт Цхинвалы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Хъуылымбегты Роберт.

Авиацион заводы поселочы цæрджытæ Президентмæ бахатыдысты цæмæй поселокмæ цы фæндаг цæуы, уый сасфальт кæной, афтæ ма раивой бирæуæладзыгон хæдзармæ бахизæнты рудзгуытæ æмæ дуæрттæ.

Бибылты Анатоли бахæс кодта Гуыззытаты Эдуардæн, цæмæй уавæрмæ æркæса æмæ сметæ сарæзтæуа фæндаг сцалцæг кæнын æмæ йæ хæрзарæзт скæныны тыххæй. Уый ма бахæс кодта, цæмæй бирæуæладзыгон хæдзары бацæуæнтæ хайгай æрцæуой цалцæггонд.

Микрорайон «БАМ»-ы æмдзæрæндоны цæрджытæ Президентæн радзырдтой, канализацион системæ рæстмæ кæй нæ кусы, уый тыххæй, кæцыйы фæстиуæгæн бæстыхайы ныккæндтæ донæй байдзаг вæййынц æмæ афтæмæй æвзæры антисанитари.

Бибылты Анатоли бахæс кодта Хъуылымбегты Робертæн дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ канализациимæ баст проблемæ аиуварс кæнын, æмæ ныккæндтæ сцалцæг кæныны тыххæй, РХИ-йы фæлхасгæнджыты бартæ æмæ фæрныгад хъахъхъæныны къабазы хъусдарды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæйæн та бахæс кодта ныккæндтæ сдезинфекци кæнын.

«Ацы проблемæ сæвзæры регуляронæй, æмæ уымæн афтæ уадзæн нæй. Уый хъæуы дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ аскъуыддзаг кæнын, кæронмæ», – загъта Президент.

Æмдзæрæндоны цæрæг Лолоты Асмæт Бибылты Анатолийæн радзырдта кæй йæ фæнды фæстæмæ йæ райгуырæн хъæу Дменисы æрцæрын. Президент банысан кодта, зæгъгæ, «республикæйы районтæм фæстæмæ аздахыны фæндон у æппæты райсинагдæр æнæбары йæ цæрæнуат чи ныууагъдта уыцы адæймæгты проблемæ аскъуыддзаг кæныны  сæраппонд. Уый æртæ сывæллоны чи хъомыл кæны Лолоты Асмæты уыцы бинонтæн, Дменисы хъæуы хæдзар саразынæй.

Иумæйагæй Бибылты Анатоли йæхимæ райста 30 æмбæстагæй фылдæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.