Президент Бибылты Анатоли хорзæхджын æрцыд «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдæбæстæйон хæсты фæуæлахизыл 10 азы сæххæсты» майданæй. Хорзæх кæныны церемони уыд  Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты рабадты залы.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр куыд банысан кодта, афтæмæй раздæр ацы уынаффæйы фарс рахæцыдысты, РХИ-йы закъондæттæг органы цы партитæ ис, уыдон се ‘ппæт дæр.

«Бæрæг куыд у, афтæмæй махмæ Парламенты ахæм æмвæнддзинад стæм хатт вæййы. Фæлæ диссаг уыдаит, ацы уынаффæйы ныхмæ исчи куы рацыдаид, уæд уый. Алчи дæр æй зоны, Бибылты Анатоли цахæм хайад  иста гуырдзыйы агрессийы ныхмæ  тохы æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады рæзты хъуыддаджы. Уый сæраппонд мæнæн æхсызгон у республикæйы Парламенты депутатты фæндон æххæст кæнын», – банысан кодта уый.

Йæ рады паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта Парламентæн кæй йыл баууæндыдис, уый тыххæй æмæ банысан кодта, цы хорзæх райста, уымæн йе стыр  нысаниуæг.

«Уый у иууыл стырдæр аргъ, кæцы скæнынц æфсæддон адæймагæн. Æмæ мын кæд мæ куыстæн ахъæм аргъ скондæуыд, уæд æнæхъуаджы нæ цæрын. Æнæхъуаджы нæ архайæм мах иууылдæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæм сæ райгуырæн зæххыл цæрой хуыздæр», -загъта уый.

Бибылты Анатоли депутаттæн дæр загъта бузныджы ныхæстæ æнтыстджын æмархайды, æмæ республикæйы закъондæттæг æмæ æххæстгæнæг органты ‘хсæн цы кусæгон æмахатытæ ис, уый тыххæй.

«Нæй гæнæн æмæ нын нæ иумиаг куысты уа бынтондæр иу хъуыды. Уый диссаг уыдзæн. Фæлæ бæрæг у, мах ацы куысты æрцæуæм иумиаг хъуыдымæ», – банысан кодта Президент.

Республикæйы сæргълæууæг дæр юбилейон майдантæй схорзæхджын кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Иналы, Парламенты Сæрдары хæдивæг Харебаты Сергейы, æндæр депутатты æмæ закъондæттæг органы къорд кусджыты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.