Ахæм темæйыл уынаффæ цыд, Медиа-центр «Ир»-ы цы тымбыл фынг ауагъдæуыд, уым. Мадзалы хайад райстой Парламенты депутаттæ, политикон партиты минæвæрттæ, эксперттæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзал уагъта ИА Рес-ы директор, эксперт Уазæгты Юри. Уый куыд радзырдта, афтæмæй цасдæр рæстæджы ныхъхъусы фæстæ та Гуырдзыстон ногæй æрæвнæлдта Хуссар Ирыстоны уавæр эскалаци кæнынмæ. Фæлæ мадзал амонæджы хъуыдымæ гæсгæ, уымæн æмбæлон аргъ нырма ничи скодта.

Уавæр скарз кæнынæн гуырдзиæгты æфсон агурын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ сæ реваншистон хъуыдытæ æмæ фæндтæ сты, аст азы, кæнæ ноджы фылдæр азты размæ куыд уыдысты, афтæ, уыцы хъуыдытæ нæ фесæфтысты, уыимæ иумæ ма сын 2008 азы фондзбонон хæст дæр зондзонæн нæ уыд, рох кæнын æй райдыдтой. Уый иууыл тынгдæр фæбæрæг Тъатъунашвилийы алыварс уавæрæй.

Гуырдзиаг политикон тыгъдады ирдæй зыны уый, æмæ гуырдзиаг политиктæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ  сабырадон бадзырдтæ саразыны тыххæй фæндæгтæ нæ агурынц, фæлæ æнæуый дæр æндыгъд уавæр ноджы тынгдæр цырын кæнынц. Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн уавæр рараст кæныныл чи архайынц, уыдоны «хуыдуг» кæнынц, Ныгуылæн Европæйы бæстæтимæ æмæ Америкæйы Иугонд Штаттимæ чи æмдзæх-тон кæны æмæ ныгуылæйнаг «хъæрццыгъатимæ» æнгом баст чи сты, уыцы тыхтæ. Уыдон архайынц, цæмæй Уæрæсе æмæ  Гуырдзыстоны ‘хсæн уа карз конфронтаци. Гуырдзиаг æхсæна-дыл уыцы тыхты æндæвдад тынгæй тынгдæр кæны.

Гуырдзыстоны реваншистон зæрдæйы уаг активонæй активондæр кæй кæны, уый ма у,  хæстон фадыджы Гуырдзыстон НАТО-йы бæстæтæм æввахс кæнынмæ кæй тырны æмæ йын уыцы тырнынад кæй активондæр кæны, уый аххос дæр. Гуырдзыстоны НАТО-мæ айсын дæргъвæтин процедурæ у, фæлæ гæнæн ис, æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ Гуырдзыстоны территорийыл æргомæй фæзыной америкæйаг хæстон базæтæ, уымæн бирæ ницы хъæуы, Америкæйы хъæуы, цæмæй искæцы фарс сараза æнæахъуыдыгонд эмоционалон къахдзæф. Ахæм «æнæахъуыдыгонд» къахдзæфтæ саразынæн та йын аххосаг агурын нæ хъæуы, уыцы къахдзæфты саразынмæ  уый бирæ бæстæты бацырын кодта, цæмæй сæ йæ къухдариуæгады бын бакæна.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æгæрыстæмæй, Михаил Саакашвилийы рæстæджы дæр Гуырдзыстон цæгататлантикон альянсы структурæтимæ афтæ æнгом нæ уыд. Кæд уыцы рæстæджы НАТО Гуырдзыстонæн æххуыс кодта финанстæй, се ‘фсады модернизацийæн, ифтонг сæ кодта хæцæнгæрзтæй, уæд ныр та тынгдæр кæны альянсы уæвынад Гуырдзыстоны территорийыл, сæрмагондæй та Америкæйы хæстонты. Ивгъуыд азы æфсæддон ахуырты рæстæджы НАТО-йы хæстон техникæйæ цалдæр сæдæ иуæджы рацыдысты Потæй, æрзылдысты Абхазы арæнгæрæттыл æмæ Хуссар Ирыстоны арæн-гæрæттыл æмæ ацыдысты Вазианимæ. Уый уыд хæстон хъомысы демонстраци.

Майы мæйы Гуырдзыстоны хъуамæ официалонæй бакондæуа æфсæддон базæ, кæцы уыдзæн немыцаг æфсæддон базæты æнгæс. Уымæй дарддæр ацы аз америкæйæгтæ хъуамæ бацæттæ кæной гуырдзиаг æфсады 9 батальоны хæстонты.

Уазæгты Юрийы хъуыдымæ гæсгæ Гуырдзыстоны цы цаутæ цæуы, уыдоны нæ хъæуы ахицæн кæнын, Уæрæсейы Федерацийы алыварс цы цæуы, уымæй. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Ныгуылæн кæй æрæвнæлдта, Уæрæсейы ныхмæ лæууыны программæйы реализацийыл. Уыцы мадзæлттæ ист цæуынц Уæрæсейы арæнгæрон регионты. Уыдонæй иууыл карздæр у Сауденджызон-Кавказаг регион. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Гуырдзыстон дæр активон хайад исы уыцы программæ реализаци кæныны. Уый та уымæн афтæ у, æмæ Турк ацы процесстæй йæхи аиуварс кодта бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, æмæ ныр Гуырдзыстон йæхимæ райста, НАТО Туркыл цы хæстæ æвæрдта, уыдоны.

Гæнæн ис, августы хæсты бон æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымайыны бæ-рæгбонмæ Гуырдзыстон араза алыгъуызон демарштæ, акцитæ, провокацитæ. Уыимæ иумæ ма уыцы нысаниуæгджын бонтæм Европарламент дæр цæттæ кæны Уæрæсейы ныхмæ радон резолюци.

Уазæгты Юри банысан кодта Тъатъунашвилийы алыварс хъаугъамæ Уæрæсейы информацион фæрæзты куыдфæндыйы ахаст.

Уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Президенты Администрацийы Мидæггагон политикæйы управленийы сæргълæууæджы хæдивæг, эксперт Джуссойты Алан. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Гуырдзыстон стыр ныфс æвæры сæ резервисттæй, уыдонæй рахицæн кодтой 100 мин адæймаджы бæрц, кæцытæ дих æрцыдысты æртæ категорийыл. Уыдон æнæхъæн афæдзы дæргъы америкæйаг хæстон уынаффæгæнджыты æххуысæй хайгай хъуамæ рацæуой хæстон цæттæдзинад.

Эксперты ныхæстæм гæсгæ, хæстон хъуыддаджы тыххæй резервистты эффективон системæ саразын Гуырдзыстонæн бирæ пайдадæр у регулярон æфсæддонтæй. Уый бæрæг уыд 2008 азы августы хæстæй дæр. Ома,  кæд 2008 азы гуырдзиаг хæстонты НАТО сифтонг кодта алыгъуызон хæцæнгæрзтæй, уæддæр зындгонд у сæ фæстиуæг.

Джуссойты Алан хъусдард аздæхта хуссарирыстойнаг информацион фæрæзты куыстмæ дæр, афтæ ма алыгъуызон политикон уавæрты уæрæсейаг информацион фæрæзтимæ куыд кусынц, уымæ дæр.

«Тъатъунашвилийы уавæры тыххæй хуссарирыстойнаг фарсы позици уæрæсейаг информацион фæрæзтæ æппындæр ницæмæ æрдардтой. Мæнмæ гæсгæ, уый нæхи аххос у. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нырæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ æртхъирæнтæ ноджы тыхджындæр кæндзысты. Уыдонæн та дзуапп дæт-тын хъæудзæн. Алыгъуызон хахуырты тыххæй гуырдзиæгтæ Ныгуылæны бæстæтæй æмæ дунеон информацион фæрæзты æрдыгæй исынц ахадæн финансон æххуыс. Уыцы рæстæджы никуы зыны Хуссар Ирыстоны позици, уыцы нымæцы уæрæсейаг информацион фæрæзты дæр», – банысан кодта Джуссойты Алан.

Информацион фæрæзты тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй «абон Хуссар Ирыстоны информацион фæрæзтæ алыгъуызон уавæрты æмбылды кæнынц, уыцы нымæцы æддагполитикон проблемæтыл баст уавæрты дæр. Дырысæй нысан не сты информацион политикæйы контуртæ дæр. Информацион фæрæзтæ нæ зонынц, иу кæнæ иннæ æртхъирæнтæн дзуапп куыд дæттын хъæуы, уый».

Медиа-центры президент банысан кодта æмбæлон организациты пресс-службæты куысты проблемæты дæр. Уый цæвиттонæн æрхаста гуырдзиаг информацион фæрæзты, зæгъгæ, уыдон бындзæй дæр саразынц пыл æмæ йæ афтæмæй дунейыл ныхъхъæр кæнынц. Уымæй дæр сæ «бындз» бирæ хатт мæнг вæййы.

Уый куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны кæд хæст фæцис 2008 азы, уæддæр дарддæр цæуы информацион хæст.

«Æрбæстон кæнын хъæуы информацион политикæ, æнгом кусын хъæуы Цæгат Кавказы информацион фæрæзтимæ, уыцы нымæцы федералон информацион фæрæзтимæ дæр. Гуырдзыстон Цæгат Кавказы цы нысанмæздæхт политикæ уадзы, уый дæр бахынцын хъæуы. Афтæмæй та цæгаткавказаг республикæты информацион фæрæзты нæ позици æппындæр нæ зыны», – банысан кодта Гаглойты Иринæ.

Йæ рады Парламенты депутат Диакъонты Амиран дæр загъта йæ хъуыдытæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ æртхъирæнты тыххæй. Ома, æртхъирæнты ныхмæ республикæ хъуамæ фæлæууа патриотон тыхты интеллектуалон фадæтты концентрацийы руаджы.

Уый банысан кодта алы рæттæй информацион, идеологион æмæ æндæр æртхъирæнтæн адекватонæй дзуапп дæттыны æнæмæнгхъæуындзинад. Уый тыххæй та Хуссар Ирыстоны хъæуы æмбæлон идейон информацион æмбарынад. «Абоны уавæр куыд уынын кæны, афтæмæй республикæйы хъæуы æмбæлон гарзджын тыхтæ дæр», – банысан кодта парламентари.

Депутаты ныхæстыл сразы Джуссойты Алан дæр. Ома, тыхджын экономикæ, æмæ размæдзыд социалон фадыгæй дарддæр æнæмæнгхъæуæг сты гарзджын тыхтæ дæр.

«Сири æмæ Украинæйы цаутæ куыд уынын кæнынц, афтæмæй хъомысджын националон гарзджын тыхтæ куынæ уой, уæд æфсæддон уынаффæгæнджытæ дæр æмæ æфсæддон базæтæ дæр проблемæ никуы аскъуыддзаг кæндзысты. Лæмæгъ националон æфсад кæддæриддæр æркæны катастрофæмæ», – бахахх кодта эксперт.

Мадзалы хайадисджытæ сразы сты ахæм хъуыдыйыл, зæгъгæ, абон республикæйы нæй, æддагон æртхъирæнтæн дзуапп чи хъуамæ дæтта, ахæм æмбæстагон æхсæнад.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.