Медиа-центр «Ир»-ы ауагъдæуыд тымбыл фынг ахæм темæйыл: «Социалон хызæг: Хуссар Ирыстоны æхсæнадон хъуыды аивын æви аразыны фæрæз?»

Тымбыл фынджы куысты хайад райстой интернет-æмæхсæнады активон уæнгтæ, блогертæ, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Гобозты Вячеслав, РХИ-йы Президенты Администрацийы мидæггагон политикæйы управленийы хистæры хæдивæг Джуссойты Алан, Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ, æхсæнады æмæ дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ.

Тымбыл фынджы организатортæ уынаффæмæ рахастой  ахæм фарстатæ: Интернет куыд æндавы æхсæнадон хъуыдыйы рæзтыл? Хуссар Ирыстоны хæдбар информацион фæрæзтæ кæй нæй, уый фæстиуæгæн у активон социалон хызæг? Социалон хызæг хæдбар информацион фæрæзты ивы æви нæ? Цы фадæтæ дæтты социалон хызæг?

Гобозты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ социалон хызæгæн ис стыр фидæн.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадон-политикон процесстыл куы дзурæм, уæд уыдоныл интернет æмæ социалон хызæг куыд æндавынц, уымæн æз нæдæр стыр аргъ скæнин, нæдæр чысыл аргъ. Абон интернетæй активонæй пайда кæнынц республикæйы цæр-джыты чысыл хай, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, уыдон социалон хызæджы цы дискусситæ вæййы, уыдонмæ сæ хъус дарынц æмæ сæ хайад исынц», – загъта Гобозты Вячеслав æмæ банысан кодта, зæгъгæ,  интернеты фæзынд пайда уый тыххæй у, æмæ адæмæн ис, сæ хъуыды кæм зæгъой, ахæм фæзуат. О, фæлæ абон интернеты руаджы бæрæг къордтæн уый ссис кæрæдзиимæ тохы фæзуат.

«Абон интернеты фæрцы адæм мыхуыр кæнынц, цы сæ фæнды, уый. Мыхуыр кæнынц иу кæнæ, иннæ цауы тыххæй комментаритæ æмæ уыцы комментаритæ махæн нæхиуыл, нæ республикæйы репутацийыл тынг æндавынц, æвдисынц æй æнæмбæлон хуызы», – банысан кодта Гобозты Вячеслав.

Гобозы  фырт  куыд загъта, афтæмæй, сæ хъуыды зæгъынæн интернет иунæг фæрæз цы адæмæн у, уыдон сæ цæсгæмттæ не ‘мбæхсынц. «Кæд се ‘рмæджытæ критикон вæййынц, уæддæр уыдон республикæйы репутацийы нæ халынц. Уыимæ иумæ ма уый банысан кодта, зæгъгæ, социалон хызæгæн ис стыр фидæн, уым бирæ цымыдисон æрмæг ис, кæцытæй ис спайдгæнæн, уый тыххæй социалон хызæгæй хъæуы пайда кæнын. «Социалон хызæджы мыхуыргонд æрмæджыты æвæрццаг æмæ æппæрццаг æндæвдад хъуамæ бæрæг кæнæм. Нæ республикæйы социалон хызæджы фæзынд æз хæрзиуæгон хъуыддагыл нымайын. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ йæ алыварсы медиа тыгъдады цы информацион фæрæзтæ ис, уыдонæй социалон хызæг у сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр. Уыцы хызæгмæ хъæуы сабыр ахаст дарын, сабырæй сын анализ кæнын, негативон моменттæй хатдзæгтæ аразын, цы негативон моменттæ дзы ис, уыдон нейтралон кæныныл хъуыды кæнын æмæ кусын», – загъта Гобозты Вячеслав.

Эксперт æмæ журналист Уазæгты Юрийы хъуыдымæ гæсгæ, æндæр бæстæтимæ абаргæйæ, интернеты æндæвдадæн Хуссар Ирыстоны æгæр стыр нысаниуæг лæвæрд цæуы.

«Æндæр бæстæты социалон хызæджы фæрцы арæзт цæуынц бадзырдтæ, революцитæ… Махмæ уыдæттæ нæй, уымæн æмæ социалон хызæгæй чи пайда кæны, уыдоны нымæц бирæ нæу, уымæй дæр политикон быцæу ныхæсты хайад чи исы, уыдон та сты ноджы къаддæр. Уыимæ иумæ ма уыдон сты не ‘хсæнады бæрæг кары адæймæгтæ. Æмæ не ‘хсæнады хъуыдыйыл уый нæ бандавдзæн, уымæн æмæ социалон хызæджы цы дискусситæ вæййы, уыдоны гъæд вæййы тынг ныллæг, ницы мидис дзы вæййы», – банысан кодта Уазæгты Юри.

Эксперт ма бахахх кодта, зæгъгæ, социалон хызæг нæ баивдзæн хæдбар информацион фæрæзты.

«Социалон хызæгæн йæ бон нæу баива хæдбар дзыллон информацийы фæрæзты, æниу бирæ бæстæты уыдон æххæст кæнынц сæрибар информацион фæрæзты роль, уымæй дард-дæр ма уыцы бæстæты ис популярон блогертæ дæр, кæцытæ сæ популярондзинадæй конкуренци дæттынц зындгонд политиктæн. Размæдзыддæр сæрибар социалон хызæг фадат дæтты, хицауиуæгад цы информаци сусæг кæны æмæ æхсæнадон хъуыдыйыл чи бандавдзæн, ахæм информаци фехъусын кæнынæн», – загъта Уазæгты Юри.

Журналист ма банысан кодта, зæгъгæ «республикæйы сæрибар дзыллон информацийы фæрæзтæм æмæ ныхасы сæрибардзинадмæ ахаст тынг серьезонæй девальваци кодта фæстаг 6-7 азы. Фæлæ абон не ‘хсæнады уыцы хæрзиуæг нал уынын». Уый ма загъта, зæгъгæ, абоны бон тынг хъæуæг у хæдбар информацион фæрæз, цыран адæм уадзиккой мидисджын æмæ цымыдисон дискусситæ, фæлæ сын уыцы фæрæз, стыр хъыгагæн, нæй.

Уыимæ иумæ Уазæгты Юри социалон хызæджы рахуыдта æддагон политикæйы нысæнттæ къухы бафтын кæныны хъуыддаджы сæйраг рахæцæн. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, паддзахадон æмвæзадыл социалон хызæджы фадæттæй хъæуы пайда кæнын.

Социалон хызæджы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта психолог Джиоты Алинæ дæр.

«Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ социалон хызæг æндавы æмæ æндавдзæн æхсæнадон хъуыдыйыл. Ацы схемæмæ ма æз бафтауин иу цæг, кæцы хуыйны социалон æмбарынад. Уыцы æмбарынад та рæзы бæрæг информацийы æххуысæй. Куыдфæндыйæ дæр нæхи хæдбартæ куы хонæм, уæддæр нæ хъуыдытæ рæзынц, социалон хызæгæй цы информаци райсæм, уымæй хатдзæгтæ аразыны руаджы. Уыимæ иумæ зæгъæн ис, уыцы информаци нын нæ фæндон нæ фæивы. Уый у æрмæстдæр уыцы тыгъдад, кæцымæ гæсгæ фæлындзæм нæ хъуыдытæ. Уыцы-иу рæстæджы нæхи фенхъæлæм уыцы фæлхасадон базарæй уæлдæр», – загъта психолог.

Джиоты Алинæйы хъуыдымæ гæсгæ, бæрæг технологиты æххуысæй бандавæн ис кæйфæн-ды æмбарынадыл дæр.

«Цахæмфæнды æмбарынадыл дæр ис бандавæн. Бандавæн ис, æгæрыстæмæй, мах, ирæтты, вазыгджын менталитетыл дæр, уый тыххæй ис æмбæлон технологитæ, кæцытæн, мæнмæ гæсгæ, стыр нысаниуæг ис. Мах универсалон не стæм, нæ менталитеты вазыгджындзинад баст у, æддагæттæ нæ республикæйы цæрджыты рæстмæ кæй нæ зонынц, уыимæ, уый фæстиуæгæн нæ республикæйы æнæхъуаджы цы политикон технологтæ куыстой, уыдон фаг компетентон нæ уыдысты, æмæ сæм сæ куысты коррекцийы тыххæй фаг информаци нæ уыд», – банысан кодта Джиоты Алинæ.

Тымбыл фынджы иннæ хайадисджытæ дæр загътой сæ хъуыдытæ æмæ æрцыдысты иу хатдзæгмæ, зæгъгæ, абоны бон социалон хызæг тынг не ‘ндавы, фæстаг рæстæджы не ‘хсæнады цы фарстатыл фæуынаффæ кæнынц, уыдоныл.

ОСИАТЫ И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.