Республикæйы боны хæдразмæ Медиа-центр «Ир»-ы ауагъдæуыд тымбыл фынг ахæм темæйыл: «РХИ-йы политикон рæзт: ныры рæстæджы æмæ фидæны». Тымбыл фынджы дискусситы хайад райстой республикæйы политикон æмæ æхсæнадон архайджытæ, политикон партиты минæвæрттæ, хæдбар эксперттæ, политологтæ: РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг, парти «Фыдыбæстæ»-йы  лидер Гобозты Вячеслав, Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, парти «Ног Ирыстон»-ы лидер Санахъоты Давид, парти «Райгуырæн бæстæ»-йы лидер Гасситы Домбай, æфсæддон эксперт Сиукъаты Вадим, æхсæнадон змæлд «Дæ равзæрст  Ирыстон»-ы сæргълæууæг Джуссойты Алан æмæ æндæртæ.

Мадзал уагъта журналист, эксперт Уазæгты Юри. Уый куыд радзырдта, афтæмæй абон Хуссар Ирыстоны политиктæ æмæ æхсæнады хъусдард здæхт у æрмæстдæр республикæйы мидæггагон проблемæтæм, афтæмæй та нæ паддзахады æдасдзинадæн ис серьезон проблемæтæ æмæ тасдзинæдтæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, тасдзинæдтæй иу уый у, æмæ фæстаг рæстæджы Гуырдзыстоны политикон тыгъдады сырæзтысты ахæм партитæ, кæцыты ‘ргом  здæхт у Уæрæсейы æрдæм кæнæ та критикæ кæнынц Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг курс. Иуæй уый Гуырдзыстоны проблемæ у, фæлæ арæх Гуырдзыстоны проблемæтæ свæййынц Хуссар Ирыстоны сæрниз. Æппæт ацы тыхтæ, уыцы нымæцы Уæрæсейы цæрæг гуырдзиаг диаспорæтæ дæр тынг активонæй дзурынц Гуырдзыстоны конфедерацийы тыххæй, нырма архайынц ацы хъуыды информацион тыгъдады æмæ иуæй-иу политикон партиты архайды сцырен кæныныл. Ацы процессы фæлгæтты уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ, уыцы ма-дзæлттæм хауы резонансон фильм «Тэлли и Толи» дæр, кæцы æвдыст цæуы Уæрæсейы кинотеатрты, уыцы нымæцы Цæгат Ирыстоны дæр.

«Æрæджы «Тэлли и Толи» æвдыстой Цæгат Ирыстоны, цæгатирыстойнаг публикæйы зæрдæмæ фæцыд кино, йæ нюанстæ йын нæ бамбаргæ-йæ, ацы  киноныв цæй тыххæй арæзт æрцыд æмæ йын цы нысаниуæг ис, уыдон ууыл хъуыды дæр нæ акодтой», – банысан кодта Уазæгты Юри.

Уыцы змæлдæн мах ныхкъуырд куынæ радтæм æмæ уыцы фарстатæ сæдас кæныны тыххæй куынæ райсæм ныхмæвæрд мадзæлттæ, уæд та нын сæвзæрдзæн серьезон проблемæ.

Дыккаг тасдзинад та, Гуырдзыстоны Америкæйы Иугонд  Штатты хæстонтæ æмæ цæ-гататлантикон альянс кæй ис, уый у.

Гуырдзыстоны арæх уагъд æрцæуынц иумæйаг хæстон ахуыртæ, уыцы ахуыртæ ауагъдæуыд æрæджы дæр, афтæ ма Гуырдзыстоны ауагъдæуыд НАТО-йы саммит дæр. Æппæт уыдæттæ æмæ ма ныгуылæйнаг политиктæ æмæ экспертты хъусынгæнинæгтæ дзурæг сты, Гуырдзыстоны территорийыл Америкæйы  хæстон уæвынады цымыдисдзинад тынгæй-тынгдæр кæй кæны, ууыл. Уый фыццаджы фыццаг баст у, фæстаг рæстæджы Турчы цы цаутæ цæуы, уыдонимæ.

Джуссойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы раз цы  тасдзинæдтæ ис, уыдонæй иууыл сæйрагдæр у, æхсæнад йæ нысан кæй фесæфта, уый.

«Махмæ арæзтæуы бæрæг политикон системæ, уыцы процесс ис æддагон æндæвдады бын. Уый у æмбæрстгонд æмæ нормалон. Фæлæ проблемæ уый мидæг ис, æмæ хуссарирыстойнаг æхсæнад æмæ æхсæнадон организацитæ уыцы процессы ницы хайад исынц, кæй сæ аиуварс кæнынц, уый фæстиуæгæн. Хуссар Ирыстоны æхсæнад нæ дæтты  хæс-лæвæрдтæ, нæ бæрæг кæны нысæнттæ. Иу дзырдæй, ны-сæнттæ бæрæг цæуынц æн-дæр ран, уым сыл цæуы уынаффæ дæр. Афтæ рауайы, æмæ сыл мах та фæдзурæм, фидаргонд куы æрцæуынц, уый фæстæ.  Кæдæм цæуæм, уый нæ зонæм», – загъта Джуссойты Алан æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нын æддагон тасдзинад ис æрмæстдæр Гуырдзыстоны æрдыгæй, уымæн æмæ нын абоны онг дæр арæзт нæй сабырдзинады ба-дзырд. Гуырдзыстон, кæцы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы территориты нымайы йæ территорийыл, архайдзæн æппæт мадзæлттæ æмæ фæрæзтæй, цæмæй раздаха уыцы территоритæ.

«Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ дунеон кæнæ фæсарæйнаг хæстонты нæ бафæнддзæн Гуырдзыстоны территориалон проблемæ аскъуыддзаг кæнын. Мæнмæ гæсгæ, уыдон Гуырдзыстонæй спайда кæндзысты, Хуссар Ирыстоны ныхмæ нæ, фæлæ куыд Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ плацдарм, афтæ. Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн уый ницы тас у, фæлæ у имитаци, знæт архайды имитаци», – бамбарын кодта Джуссойты Алан.

Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Гобозты Вячеслав хъусдард аздæхта, Гуырдзыстоны цы процесстæ цæуы, уыдонмæ.  Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсеимæ æмахастытæ фæхуыздæр кæныны тыххæй чи дзуры, Гуырдзыстоны ахæм политиктæ кæй фæзынд, уый бирæтæ нымайынц нæ хæд-бардзинадæн тæссагыл, уымæн æмæ уыдон комкоммæ дзурынц: «Уæрæсеимæ нæ ахастыты мах хъуамæ æрнывыл кæнæм, цæмæй нын уый (ома, Уæрæсе) баххуыс кæна нæ территориалон æнæхъæндзинад сæндидзын кæнынæн». Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдон тынг тæссаг иллюзитæ сты, уымæн æмæ политикон элитæ дырыс нæ деклараци кæны йе стратегион нысæнттæ.

Уый ма банысан кодта Уæрæсейы æмæ дунеон медиатыгъдады Хуссар Ирыстоны тыххæй информацийы цухдзинæдтæ.

«Цæмæй Хуссар Ирыстоны тыххæй фылдæр зоной йæ арæнты æддейæ, уый тыххæй нæ республикæйы темæ  мах хъуамæ бæттæм серьезон æмæ резонансон дунеон фарстатимæ. Тынг ахсджиаг нысаниуæг уыдзæн æвзæрстыты размæ кампанийæн. Уый ахæм цау у, кæцыйы фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны темæ хъуысдзæн йæ арæнты æдде-йæ дæр. Президент чи суа, сæйраг уый нæу, фæлæ ахсджиаг у, цæуыл дзурæм æмæ нæ разы цы нысæнттæ æвæрæм, уый. Ис минутон политикон интерестæ, æмæ ис стратегион хæслæвæрдтæ», – банысан кодта Гобозты Вячеслав.

Дырыс стратегион  нысаны проблемæйы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Давид дæр: «Иуæй-иу адæймæгтæ сæ бæллицтæ сбæттынц æппæт ирон адæмы æнусон бæллицтимæ. Мæн-мæ гæсгæ, афтæ дзурын нысан кæны, æндæргъуызон чи хъуыды кæны, æхсæнады уыцы хайы ницæмæ дарын».

«Абоны бон нын ис Конституци, националон æдасдзинады Концепци, бирæнымæц мидæггагон закъæттæ æмæ Уæрæсейы Федерациимæ бадзырдтæ. Æппæт уыдæттæ дзурæг сты, мах хæдбар паддзахад кæй стæм æмæ нæ хæдбардзинад дарддæр дæр кæй хъуамæ фидар кæнæм, ууыл. Информацион сферæйыл куы дзурæм, уæд уымæ паддзахады æрдыгæй фылдæр хъусдард хъуамæ уаид. Паддзахад хъуамæ араза информацион политикæ журналисттæн, сæ разы сын хъуамæ æрæвæра приоритеттæ æмæ нысæнттæ æмæ фыццаг планмæ раразмæ кæна глобалондæр, не ‘хсæнадæн нысаниуæгджындæр хæслæвæрдтæ», – банысан кодта Санахъойы фырт.

Йæ рады Хуссар Ирыстоны политикон рæзты тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ.

«Политикон рæзт у, æхсæнад рæстæгыл куы бамбары æмæ куы æрцахуыр вæййы, реалонæй цы рæстæджы цæры, ууыл, рæстæгимæ æмдзу куы фæкæны æмæ бæрæг фæстиуджытæ йæ къухы куы бафтынц. Политикон рæзтæн хъæуы ахæм идеятæ, кæцытæн сæ бон у адæмы æрбангом кæнын, афтæ ма хъæуы, ивгъуыд æнусы 90-æм азты цахæм лидертæ уыд, ахæм авторитетон лидертæ дæр», – банысан кодта Гаглойты Иринæ.

Мадзалы иннæ раныхасгæнджытæ дæр банысан кодтой, политикон тыхты кæй хъæуы, националон размæцыд чи ифтонг кæна, ахæм нысæнттыл æмæ хæслæвæрдтыл кусын.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.