Æрвылкъуырион брифинджы Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Хъотайты Мария «Спутник»-ы пресс-центры дзырдта Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты фæстиуджытыл.

«Уæрæсейы Федерацийы Централон æвзарæн къамис ралæвæрдта, Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæварады хаххыл президентон æвзæрстыты фæстиуджытæ. Уæрæсейы Федерацийы минæварад куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны 13 æвзарæн фадыгмæ æрбацыдысты уæрæсейаг 17 800 æвзарæджы. Уый 2012 азы президентон æвзæрстытæм абаргæйæ у 20 проценты фылдæр æмæ УФ-йы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæй та 40 проценты фылдæр æвзарджыты æрбацыд æвзарæн фадгуытæм.

Уæрæсейы Федерацийы ног сæвзæрст Президент Владимир Путинæн Хуссар Ирыстоны хъæлæс радтой уæрæсейаг æмбæстæгты 93 проценты, Павел Грудининæн – 3 проценты, Владимир Жириновскийæн та – 1,3 проценты. Иу процентæй къаддæры бæрц та Хуссар Ирыстоны цæрджытæ се ‘ууæнк бафтыдтой Ксения Собчак, Борис Титов, Сергей Бабурин æмæ Максим Сурайкиныл.

Ацы æвзæрстыты организаци кæнынæн Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад бакодта максималон æххуыс,  æппæтдæр арæзт æрцыд æвзарæн фадгуыты æдасдзинад ифтонг кæныны фарстаты. Æвзæрстыты бон, 18 марты Хуссар Ирыстоны цæрджыты активондзинадæн æрцыд бæрзонд аргъ»,- дзырдта Комитеты сæргълæууæг.

Чысыл Хуссар Ирыстоны царды УФ-йы президентон æвзæрстыты фæстиуæгæн ис стыр нысаниуæг, иуæй бæстæйы стабилондзинад, иннæмæй та æдасдзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы.

Иумиагæй сисгæйæ Хуссар Ирыстоны территорийыл УФ-йы президентон æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты æнæ бархалынæдтæ æмæ эксцесстæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.