Ирон адæмы культурæйы ахсджиагдæр цаутæй иу уыд, 100 азы размæ Хуссар Ирыстоны нæ мадæлон æвзагыл газет «Хурзæрин» цæуын кæй райдыдта, уыцы цины хабар. Уал азы дæргъы газет ныфсджынæй цæуы царды гуылфæнты. Ныффæрæзта рæстæджы æппæт зындзинæдтæн дæр æмæ сси æцæг адæмон газет, не ‘взаджы фидардæр мæсгуытæй иу, нæ хæдбындур культурæйы авдæн, æвзаджы рæзтыл, иудзинад æмæ фарныл тохгæнæг.
«Хурзæрин» æмæ нæ иннæ дзырдаивады хæзна «Рæстдзинад»-æн нымадæй цалдæр мæйы ис се ʻхсæн. Æрæджы сæ дыууæ дæр сбæрæг кодтой сæ сæдæ азы юбилейтæ. Нырма дыууæ Ирыстоны цæрджытæ цин æмæ арфæ кодтой ивгъуыд аз мартъийы мæйы «Рæстдзинадæн» йæ райгуырды 100 азы боны фæдыл, ацы азы январы райдианæй та Иры дзыллæ æхсызгонæй сæмбæлдысты «Хурзæрин»-ы 100 азы юбилейыл.

Газет «Рæстдзинад»-ы редакци «Хурзæрин»-æн йæ бæрæгбоны фæдыл рауагъта сæрмагонд фарс юбилейон æрмæджытимæ, стæй коллективы арфæ. Уым фыст ис:

«Хурзæрин» ахызт йæ сæдæ азы сæрты æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы: дарддæр дæр хæсс фарны хабæрттæ æмæ райгонд у дæ газеткæсджытæй. «Хурзæрин»-ы тынтæ арф хызтысты Иры кæмттæм Хуссарæй-Цæгатмæ æмæ-иу схъарм кодтой адæмы зæрдæтæ. Фынддæс азы размæ Уæрæсе банымадта Хуссар Иры хæдбардзинад. Уый дзыллæйы зæрдæйы бауагъта стыр ныфс æмæ йын срухс кодта йæ фидæны фæндаг. «Хурзæрин»-ыл дæр хур æрбакаст æмæ йæ хуыз скалдта. Йæ кусджытæ дæр бахаудтой уæлтæмæнады уылæнты æмæ зæрдæрухсæй бавнæлдтой сæ бæрнон куыстмæ. Юбилярæн нæ зæрдæ зæгъы сфæлдыстадон æнтыстытæ йæ кусджытæн. «Хурзæрин»-ы тынтæ æнустæм рæвдауæд дыууæ Ирыстоны дæр». («Рæстдзинад», 20 январь, 2024 аз).

«Рæстдзинад»-ы газеты юбилейы фæдыл, сæрмагонд фарс фенгæйæ, Цæгат Ирыстоны цæрджытæй бирæ адæм æрбадзырдтой «Рæстдзинад»-ы редакцимæ, æрмæджыты автормæ, арфæйы ныхæстæ æрвыстой «Хурзæрин»-ы коллективмæ. Уыдон сты раздæры газеткæсджытæ: профессор Тахъазты Харум, журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ, æхсæнадон архайæг Гуылæрты Барис, ахуыргæджытæ Хуыбиаты Мæдинæ, Гасситы Фатимæ, Джусойты Ноннæ æмæ æндæртæ.

Зындгонд поэт, журналист Къадзаты Станислав та юбиляры тыххæй скодта мидисджын радиобакаст, ныр та цæттæ кæны ралæвæрд Цæгат Ирыстоны паддзахадон телеуынынадæй.

Кæд нæм газет нал хæццæ кæны, уæддæр æй чи уарзы, уыдон амæлттæ кæнынц. Йе ʻрмæджытæ йын интернеты, газеты сайтыл бакæсы журналист Гасанты Валери æмæ уый дæр æрвиты йæ арфæйы ныхæстæ:

«Хуссар Ирыстоны газет «Хурзæрин» у «Рæстдзинад»-ы кæстæр æфсымæр. Уый, нæуæдзæм æвирхъау азтæ нымайгæйæ, рацыд ноджы уæззаудæр фæндæгтыл. Уымæ гæсгæ, чи дзы фæкуыста, уыдоны банымайæн ис хъæбатыртыл. Ирон дзырд, нæ истори, нæ традицитæ цæмæй зонæм, уый тыххæй бирæ аразы газет. Алы хæдзармæ дæр цин æмæ ныфс хæссы йæ дзырдæй нæ юбиляр æмæ йæ хъару сæфт макуы уæд. Абон ын йæ 100 азы боныл куыд цин кæнæм, афтæ йын йæ 200 азы боныл ноджы фылдæр бацингæнджытæ куыд уа, ахæм арфæ нын Хуыцау ракæнæд. Газеты кусджытæн та мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæ».

Цалынмæ газет рафыссæн уыд, уæдмæ йæ æдзухдæр иста æмæ йын тынг зынаргъ уыд Джиголаты Иванæн. Уый фыссы:

«Газет «Хурзæрин» мæ хæлар у мæ сабибонтæй фæстæмæ. Нæ фæразын æнæ ирон газет. Иухатт Сухумы улæфыдтæн. Уым базонгæ дæн дыууæ лæгимæ. Иурæстæджы бацыдыстæм библиотекæмæ. Мæ зонгæтæ библиотекæйы кусæг чызгæн цыдæртæ адзырдтой. Уый ауад æмæ дыууæ стыр тыхтоны æрбахаста «Советон Ирыстон» (ныры «Хурзæрин») æмæ «Рæстдзинад»-ы газеттæ. Мæнæн уыдон фенын афтæ æхсызгон уыд, раст цымæ нæ бинонты ʻхсæн февзæрдтæн. Уæды заманы газет бæстæйы алы къуымтæм дæр рафыссæн уыд».

Бирæ фæрнæйдзаг традицитæ уыд «Хурзæрин» æмæ «Рæстдзинад»-ы иумæйаг куысты. Æрвылаздæр коллективтæ æмбæлдысты куы Хуссар, куы Цæгат хайы. Уымæн уыд стыр хъомылдадон æмæ патриотон нысаниуæг. Кусджытæ-иу хуыздæр базыдтой кæрæдзи, фидардæр кодта сæ хæлардзинад. Уый тыххæй мæнæ цы зæгъы газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис:

«Ахæм фембæлдтытæн канд æхсæнадон æмæ сфæлдыстадон æмгуыстады нысан нæй, фæлæ ма, сфæлдыстадон интеллигенцийы руаджы, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны дзыллæ, кæрæдзийыл æнувыддæр кæнынц. Ирыстоны дыууæ хайы иу æвзагæй дзурæг, фыдæлты иумæйаг æгъдау æххæстгæнæг, иу удварны хъуыдыйыл хæст адæм кæрæдзийы ‘хсæн цы хуызы бабæттой хæлардзинады тæгтæ, уый рабæрæг вæййы ахæм фембæлдтыты руаджы».

Абон кæд техникæйы дуг у, мыхуыры кад æмæ тираж бирæбæрцæй æрхаудысты, уæддæр ма сæ зæрдæйæ чи уарзы, ахæмтæ бирæ ис. Газетты, журналты кусджытæ дæр архайынц, цæмæй уыдоны фыдæнхъæл ма фæкæной, дарддæр хæссой мыхуыры традицитæ æмæ сын бузныг зæгъæм. Мæхи æмæ Цæгат Ирыстоны цæрджыты номæй зæрдæбын арфæ кæнын «Хурзæрин»-ы ме ʻмкусджытæн. Хуыцау нын ахæм арфæ ракæнæд æмæ газетæн йæ кæсджытæ фылдæрæй-фылдæр куыд кæной, ирон адæммæ та æрмæстдæр цины хабæрттæ хæссæг куыд уæм. Ирон мыхуыр куы уа, уæд цæрдзæн ирон æвзаг дæр.

Джусойты Нинæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.