Сӕрд уа, зымӕг, къӕвда уа ӕви хъызт, –

Нӕ хӕхбӕсты хӕдзари-хӕдзар зилыс.

Ирыстоны дӕ кады ном у хъуыст.

Хурзӕрин! Max уыцы дзырд куы фӕзӕгъӕм, куы фехъусӕм, уӕд нӕ цӕстыты раз сысты уалдзыгон сӕуӕхсиды ӕгъуыстаджы ныв: зӕрин хур урссӕр хӕхты фӕсчъылдымӕй йӕ сӕр сдардта ӕмӕ йыл байтыдта йӕ сырхзынг комулӕфт. Йӕ фыццаг тынтӕ расхъиудтой кӕмттӕ ӕмӕ быдыртӕм ӕмӕ ныррухс кодтой бӕстӕ. Цард йӕ дзыхыдзаг фӕхудт. Мӕргътӕ йыл гимны зарӕг ныцӕлхъ кодтой.

Хурзӕрин! Боны райдиан. Царды райдиан. Афтӕ уыд «Хурзӕрин»-ы райгуырд дӕр – азы райдианы. Ног царды сӕуӕхсидыл.

Уый уыд ӕхсай азы размӕ. Зымӕджы тӕккӕ карзыл. Январы фыццаг бон. Уӕд Ирыстоны арвыл ферттывта ног стъалы ӕмӕ фӕрухсдӕр, фӕхъармдӕр нӕ хӕхбӕсты. Уыцы ирд стъалы уыд газет «Хурзӕрин», абоны юбиляр «Советон Ирыстон». Уый ссыгъд Октябры стъӕлфӕнтӕй, «Правда»-йы фӕрнджын стъӕлфӕнтӕй ӕмӕ уӕдӕй абонмӕ цӕуы нӕ хӕхтӕ ӕмӕ нӕ фӕзты ӕмӕ Октябры рухс тынтӕй рухс кӕны Ирыстоны зӕхх. Ӕнусон ӕфхӕрд ӕмӕ талынг адӕмы райхъал кодта ног цардмӕ ӕмӕ сын се ‘ргом аздӕхта сӕуӕхсидмӕ. Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр райгуырд ног царды сӕуӕхсидыл, ног азы къӕсӕрыл. Уый уыдис 1924 азы 1-ӕм январы.

Ӕмӕ ӕцӕг арфӕйаг, хурыскастау фӕцис «Хурзӕрин» Ирыстонӕн. Ӕхсай азы дӕргъы уый хуры ӕрттиваг тынау бахизы алы ирон хӕдзары дуарӕй ӕмӕ йӕм бадзуры цины хабар, бахӕссы йӕм нӕ парти ӕмӕ хицауады арфӕйаг ныхас, дуджы комулӕфт. Ӕвӕццӕгӕн иунӕг ахӕм хӕдзар дӕр нӕ разындзӕн, уый фарны уазӕг кӕмӕн нӕ уыд, зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ кӕимӕ нӕ фӕныхас кодта, кӕимӕ нӕ ныхас кӕны. Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый у нӕ Нӕртон Ныхасы дзырддзӕугӕдӕр, зондджындӕр уынаффӕгӕнӕг.

Историон, сӕрбахъуыды рӕстӕджы фӕзынд «Хурзӕрин» нӕ фарны зӕхмӕ. Раздӕры талынг ӕмӕ фӕстӕзад, ӕнӕахуыргонд къуым ног цардмӕ куы райхъал, абетӕ ахуыр кӕнын куы райдыдта, йӕ дарддӕры хӕстӕ ӕмӕ йын фӕндӕгтӕ амонын куы хъуыд, раст уыцы рӕстӕджы. Ӕмӕ амыдта, ахуыр кодта – нӕ адӕмы фыццаг зиууон, фыццаг ахуыргӕнӕг. Сыгъди, рухс кодта ӕмӕ уал йӕ тӕмӕнмӕ фыццаг банымӕг нӕзы цырагъ ӕмӕ ссыгъта Ильичы цырагъ. Фыццаг уал дзывыры зарӕг раивта гутоны зарӕгӕй, стӕй та – трактор ӕмӕ комбайны зарӕгӕй…

Йӕ рацыды фыццаг бон газет йӕ раззаг уацы фыста: «Абон Хуссар Ирыстоны райгуырд ӕмӕ дунемӕ йӕхи равдыста газет «Хурзӕрин». «Хурзӕрин»-ы тынты рухсӕй хъуамӕ куырмытӕ сӕ цӕстытӕй ракӕсой, хъуамӕ феной ӕмӕ бамбарой: талынг, ӕнӕахуыр адӕймаг ног царды цӕрынӕн нал бӕззы».

Йӕ фыццаг акъахдзӕфтӕй фӕстӕмӕ уый ссис областы партион организацийы рахис цонг, йӕ хуыздӕр ӕмӕ ӕнувыддӕр фӕдисон. Уый йын фӕллойгӕнджытæм хаста йӕ политикон ӕмӕ идеологион-хъомыладон куысты фарстытӕ, марксизм-ленинизмы уӕлахизгӕнӕг хъуыдытӕ, парти ӕмӕ хицауады мидӕггагон ӕмӕ ӕддагон политикӕйы, экономикӕ ӕмӕ культурӕйы фарстытӕ. Газет карз тох расидтис ног царды ныхдурты ныхмӕ, уый ссис нӕ партийы, нӕ адӕмы коллективом трибунӕ, сӕ нӕргӕ хъӕлӕс, нӕ фӕллойадон ӕмӕ хӕстон уӕлахиздзинӕдты азфыссӕг. Уымӕн ӕмӕ йӕ фыццаг дамгъӕйӕ фӕстӕмӕ газет аразынц адӕм сӕхӕдӕг.

Галиуæй рахисæрдæм:ТУАТЫ Шота, ГУЫБЕТЫ Юри, ГÆДЖИТЫ Нинæ

«Советон Ирыстон» ӕнувыдӕй, большевикон ӕхсидгӕ дзырды руаджы Ирыстоны алы къуым, алы хӕдзармӕ дӕр хаста ног дуджы комулӕфт, фӕллойгӕнӕг адӕмы сфӕлдыстадон тыхтӕ цырын ӕмӕ разӕнгард кодта социализмы, коммунизмы материалон-техникон бындуртӕ сфидар кӕнынмӕ, ахъаз кодта коммунистон ахастыты рӕзтӕн, ног адӕймаг хъомыл кӕнынӕн, адӕмты хӕлардзинад, патриотизм ӕмӕ интернационализмы ӕнкъарӕнты ахастыл хъомыл кӕнынӕн.

Бирæ сты «Советон Ирыстон»-ы лӕггӕдтӕ колхозон арæзтады историон уӕлахизы, ног царды цыфыддӕр знӕгтӕ – кулӕкты ныхмæ тохы.

Колхозон арӕзтады фыццаг фидар къахдзӕфтӕ мӕгуыр зӕхкусджытӕн уыдысты иттӕг хорз разӕнгардгӕнӕг, коллективон хӕдзарады хуыздӕрдзинады ирд цӕвиттон. Ӕмӕ адӕм феггуырстой колхозмӕ. Область ссис иугуыр коллективизацийы къуым. Фаг у зӕгъынӕн уый дӕр, ӕмӕ ӕрмӕст 1936 азы нӕ колхозтӕй 36 кӕй систы Ӕппӕтцӕдисон Хъӕууонхӕдзарадон Равдысты хайадисджытӕ. Уый уыд ленинон кооперативон планы стыр уӕлахиз, областы парторганизацийы разамындӕй Ирыстоны хъӕуты Советон хицауады триумфалон уӕлахиз.

Хъӕууон хӕдзарады уӕлахиздзинӕд-ты ӕмрӕнхъ «Советон Ирыстон» стыр разӕнгардӕй фыста нӕ областы фыццаг сӕудӕджерадон куыстуӕттӕ ӕмӕ арӕзтадты тыххӕй, кусӕг къласы фыццаг минӕвӕртты тыххӕй. Ахӕмтӕ уыдысты Цхинвалы хъӕдкуысты комбинат, ГЭС, хырхӕйфадӕнтӕ, чъырсудзӕн завод, Гур-Цхинвалы ӕфсӕнвӕндаг, донхӕргӕнӕн къанаутӕ, фӕндӕгтӕ, цӕрӕн хӕдзӕрттӕ ӕмӕ административон-культурон уагдӕтты агъуыстытӕ. Уыдон уыдысты нӕ абоны хъомысджын сӕудӕджерад ӕмӕ арӕзтады фидар райдиантӕ, ныфсдӕттӕг бындур. Ныр махмӕ ис ахӕм стыр заводтæ ӕмӕ фабриктӕ, куыд уникалон куыстуат «Электровибромашинӕ», телэмалгӕнӕн, химикон заводтӕ, хъӕдкуысты комбинат, хуыйӕн ӕмӕ бигӕ дзаумӕтты фабрикӕтӕ, арӕзтадон ӕмӕ хӕлцадон куыстуӕттӕ. Газет ӕмцег кӕны ахӕм ахсджиагдӕр ӕмӕ стырдæр арӕзтадтыл, куыд нӕ адӕмы ӕнусон бӕллиц – Ручъы ӕфцӕгыл фӕндаг ӕмӕ тъунел айгӕрдын, Едысӕй Цхинвалмӕ донуадзӕн ӕмӕ ӕндӕртыл. Цалдӕр мӕйы размӕ нӕ адӕмыл айхъуыст цины хабар – фегом Ручъы тъунел. Уым та, ӕнӕдызӕрдыгӕй, уӕзгӕ у «Советон Ирыстон»-ы хайбавӕрд дӕр. Уый иудадзыг йӕ фӕрстыл ӕвдыста ӕмӕ ӕвдисы уыцы арӕзтады, областы буцдзинад – Къуайсайы ӕрзӕты куыстуаты, иннӕ куыстуӕтты фӕллойадон хъуыддӕгтӕ, раззагонты хъӕппӕрис, разӕнгард сӕ кӕны стырдӕр уӕлахиздзинӕдтӕм.

Гъе, æмӕ кӕд нӕ юбиляр йӕ 31-ӕм номыры фыста, зӕгъгӕ, «Цхинвалы нырма иу кӕркдон дӕр арӕзт не ʻрцыд. Цы агъуыстытӕ дзы ис, уыдон дӕр бонвыддӕрмӕ цӕуынц», кӕд 1929 азы областы партион организацийы Х-ӕм конференцийы тыххӕй йӕ хыгъды хъусын кодта, ома «Хуссар Ирыстоны ис ӕрмӕст иу машинӕты ӕмбалад ӕмӕ ӕрмӕст уалдзӕджы сырӕздзӕн иу колхоз. Ӕгасӕй нӕм ис 32 гутоны, 10 прицепы, 5 сыгъдӕггӕнӕны, 2 агрономы ӕмӕ иу зоотехник», Лехурагомы та, зӕгъ, иунӕг скъола дӕр нӕй, уӕд 1967 азы 25-ӕм августы та ССР Цӕдисы Сӕйраг Советы Президиумы Указ хъусын кодта, зӕгъгӕ, «Хӕдзарадон ӕмӕ культурон арӕзтады кухыбафтгӕ ӕнтыстыты тыххӕй Гуырдзыстоны ССР Хуссар Ирыстоны автономон область хорзӕхджын ӕрцӕуӕд  Ленины орденӕй». Ныртӕккӕ нӕ областы хӕдзарадтӕ ифтонг сты нырыккон хъомысджын техникӕйӕ.

Галиуæй рахисæрдæм:ДЖИДЖДЖОЙТЫ Михаил,

БАГАТЫ Феликс, НАРТЫХТЫ Григол, ДЫГЪУЫЗТЫ Григол

Чысыл не сты «Советон Ирыстон»-ы хӕрзтӕ нӕ культурӕйы рӕзтӕн. Уый уыдис нӕ адӕмы фыццаг ахуыргӕнӕг. Уый сын амыдта кӕсын ӕмӕ фыссын. Уый фӕрцы бакастысты фыццаг хатт Къостайы, нӕ зынгӕ ирон фысджыты ӕнӕмӕлгӕ уацмыстӕ, тӕлмӕцтӕ ӕфсымӕрон адӕмты литературӕтӕй. Уый фӕрцы бауарзтой Пушкин ӕмӕ Руставелийы, Шевченко ӕмӕ Бернсы. Уый хӕцыд нӕ ӕрыгон советон литературӕйы авдӕны хъӕдыл. Газет йӕ иу номыры сидтис: «Алы ирон хӕдзары дӕр хъуамӕ уа нӕ уарзон ирон поэт, мӕгуыр адӕмӕн йӕхи чи снывонд кодта, мӕгуыр адӕмы тыххӕй йӕ цӕрӕнбон тохӕн чи арвыста, – Къостайы «Ирон фӕндыр» ӕмӕ ӕндӕр чингуытӕ». Уыцы ирон чингуытӕ абон канд алы ирон хӕдзары не сты, фӕлӕ сты нӕ Райгуырӕн бӕстӕйы иннӕ ӕфсымӕрон адӕмты хӕдзӕртты, суанг фӕсарӕнты дӕр. Къоста та, Кавказы хӕхтау, барджынӕй слӕууыд адӕймагады стырдӕр лӕгты фарсмӕ. Нӕ ирон фысджытӕй та ахӕм стӕм разындзӕн, йæ фӕндаг «Советон Ирыстон»-ыл чи нӕ ракодта. Уый мыхуыр кодта Темырболаты, Нигеры, Коцойты Арсены. Къубалты Алыксандры, Беджызаты Чермен ӕмӕ Хъуылаты Созырыхъойы, Ӕрнигон ӕмӕ Дзадтиаты Алыксандры, Гаглойты Рутены, иннæ фысджыты. Бирӕтæ уыдонӕй ӕндӕр ӕмӕ æндæр рӕстӕджыты уыдысты газеты редактортӕ. куыстой йæ редакцийы. Ӕмӕ абон дæр уый нӕ адӕммӕ хӕссы нӕ фысджыты поэтикон, нывӕфтыдон дзырд. Уый у нӕ литературӕ, аивад, ӕмткӕй нӕ культурӕйы уадфидиуӕг.

«Советон Ирыстон» иудадзыг ӕвдыста ӕмӕ ӕвдисы нӕ адӕмон ахуырад, медицинӕ, культурон уагдӕттӕ, физкультурӕ ӕмӕ спорты рӕзт ӕмӕ уыдоны куыст. Ныртӕккӕ та йæ сӕйраг темӕ у партийы XXVI съезды, СЦКП ЦК Пленумты уынаффӕтӕ, астӕуккаг иумиагахуырадон ӕмӕ профессионалон скъолайы реформӕ сӕххӕст кӕнын.

Стыр куыст кодта ӕмӕ кӕны газет зӕронд, аппаринаг ӕгъдӕуттæ, дины мӕнгуырнындзинӕдтӕ ныддӕлдзиныг кӕныны фӕдыл, ног ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бӕрӕгбонтӕ, традицитӕ сфидар кӕныныл.

Сӕрмагонд темӕ уыд «Советон Ирыстон»-ӕн сылгоймаджы уавӕры тыххӕй фарст. Ног цард расидтис нӕлгоймагимӕ сылгоймаджы ӕмбардзинад. Фӕлӕ уый кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ цыдис. Газет ахӕмты ныхмӕ аздӕхта йӕ сатирӕйы ӕхсидав, йӕхицӕн фарсхӕцджытӕ, уацхӕсджытӕ агуырдта ӕмӕ ссардта сылгоймӕгтӕн сӕхицӕй. Ныммыхуыр кодта областы ЦӔК-ы уынаффӕ, зӕгъгӕ, ирӕд ивд цӕуы йӕ цахӕмфӕнды хуызы дӕр. Ӕмӕ райхъал сты ног цардмӕ хӕххон сылгоймӕгтӕ, сӕ лӕгты æмрӕнхъ систы ног царды активон архайджытӕ.

Советон адӕмау, ӕппӕт коммунисттау, «Советон Ирыстон»-ӕн дӕр стыр фӕлварӕн уыдис Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст. Салдатау, уый кӕддӕриддӕр уыдис фронты раззаг хаххыл – тохы быдыры ӕмӕ фӕсчъылдымы дӕр. Цал ӕмӕ цал хӕстоны йӕ дардтой сӕ риуы дзыппы ӕмӕ йӕ ныххӕццӕ кодтой рейхстаджы онг! Уый Советон салдаты разӕнгард кодта цыфыддӕр знагыл уӕлахизмӕ, ӕвдыста нӕ хӕстонты хъайтардзинад, мыхуыр кодта Совинформбюройы хъусынгӕнинӕгтӕ. Газет уыд фӕсчъылдымы фыццаг фӕдисон, фыццаг партизан ӕмӕ мастисӕг. Уый фӕллойгӕнджыты разӕнгард кодта фӕллойадон ӕнтыстытӕм, фронтӕн ӕххуысмӕ. Ӕмӕ уыдон дӕр фӕстаг къӕбӕр, фӕстаг цъындайы онг лӕвӕрдтой ӕфсадӕн, Стыр Уӕлахизӕн. Ӕнӕауӕрдон тох кодта газет диверсанттӕ, шпионтӕ, гадзрахатӕй цӕуджыты ныхмӕ. Уымӕн фӕсчъылдым дӕр уыдис фронт. Газетӕн йӕхи кусджытӕй бирӕтӕ сӕ сис раивтой джебогъӕй ӕмӕ хъӕбатырӕй тох кодтой тугкалӕн хӕсты быдырты. Бирӕтӕ уыдонӕй сӕ цард нывондӕн ӕрхастой Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрвӕлтау. Ахӕмтӕ сты Сиукъаты Къоста, Гаглойты Серги, Хуриты Димитр, Тыджыты Ефим ӕмӕ ӕндӕртӕ. Чи сӕ ӕрыздӕхт, уыдон та ӕрхастой уӕлахиздзауы хорзӕхтӕ – ордентӕ ӕмӕ майдантӕ. Уӕдӕ афтӕ адӕмы Стыр Уӕлахизмӕ дӕр  салдат-хӕстоны хайбавӕрд бахаста «Советон Ирыстон».

Фӕцис хӕст. Коммунистон партийы разамынды фӕрцы нӕ адæм уыцы стырдӕр ӕмӕ тугкалӕндӕр хӕстӕй рацыдысты уӕлахизӕй. Ӕнӕуынон фашизмы пъӕззыйӕ фервӕзын кодтой Европӕйы адӕмты. Райдыдта ӕндидзӕн рӕстӕг. Ӕмӕ та «Советон Ирыстон» дӕр ӕрӕвнӕлдта сабырадон  куыстмӕ. Иӕ зиууӕттӕй йӕм минтӕ нал ӕрыздӕхт тохы быдырӕй, фӕлӕ сын сӕ бынӕттӕ бацахстой сӕ ӕрыгон фӕдонтӕ. Уыдон арӕзтадон, ӕндидзынгӕнӕн зиуы дӕр «Советон Ирыстон», ӕрвылхаттау, уыд фыццаг зиууон. Ацы рӕстӕджы йӕ сӕйраг темӕтӕ уыдысты колхозон быдыртӕ, фермӕтӕ ӕмӕ дыргъдӕтты бӕркад, ног арӕзтадтӕ – Къуайсайы ӕрзӕткъахӕн куыстуат ӕмӕ уырдӕм сосӕвӕндаг, Уанаты къанау ӕмӕ ӕндӕртӕ, фӕллойгӕнджыты коммунистон ӕмӕ интернационалон хъомылад, нӕ адӕмы хъазуатон фӕллой, уыдон нӕ бӕстӕйы европӕйаг хайы хӕстнад адӕмтӕн цы ӕфсымӕрон ӕххуыс кодтой, уый. Газет сидтис нӕ фæсивӕдмӕ, цӕмӕй цыдаиккой ӕмӕ активон хайад райстаиккой бӕстӕйы пырхгонд хӕдзарад ӕндидзын кӕныны, стырдӕр арӕзтӕдты. Ӕмӕ цыдысты, хайад истой. Уымӕн ирд ӕвдисӕн у Нӕузӕххытӕ басӕттын, цыран хъаруджынӕй фӕллой кодтой нӕ областы сӕдӕгай минӕвӕрттӕ. «Советон Ирыстон» йӕ фӕрстыл ӕвдыста уыдон фӕллойадон хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сын нӕ рох кӕны се  сгуыхтдзинад.

Галиуæй рахисæрдæм: БЕППИТЫ Дуня, АБАЙТЫ Хансиат, УЫРЫГАТЫ Эльзæ

«Советон Ирыстон»-ы цытджын юбилейы рӕстӕджы мах буц ӕмӕ сӕрыстырӕй арфӕйы ӕнкъарӕнтимӕ мысӕм газеты раздӕры кусджыты, цардмæ йын фӕндаг чи радта, йæ комы йын ирон мæлгъæвзаг чи ныссагъта, йæ уæнгты йын тых чи бауагъта, уыцы хистӕр æмбæлтты ном. Ахæмтӕ сты ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕджыты газеты редактортӕ Плиты Арон, Беджызаты Чермен, Уалыты Димитр, Гасситы Исмел, Годжыцаты Ясон, Зассеты Филипп, Голоты Владимир, Цхуырбаты Никъала, Джиоты Соломан, Куымӕридтаты Александр.

Газеты куысты бирӕ тых ӕмӕ хъару бахардз кодтой йӕ раздӕры кусджытӕ Гӕджиты Степан, Плиты Лавер, Джиоты Никъала, Гаглойты Аким, Григол, Дзуццаты Димитр, Хъуылымбегты Маня, Къудухты Гиуӕрги, Тасойты Баграт, Гуыцмæзты Захар, Джиоты Насти, Баскъаты Ирæ, Гӕджиты Иракъли, Туаты Дуня, Хуыбылты Никъала, Гафез, Дзугаты Гиуæрги, Асаты Реуаз, Мæргъиты Къоста, Гæбулты Мелитон, Мулдарты Таймураз, Харебаты Леонид ӕмӕ æндæртæ.

Уыдонӕй бирӕтӕ абон дæр сты газеты активон уацхæсджытӕ, сӕ хъӕздыг фӕлтӕрддзинад рӕдауӕй дӕттынц редакцийы ӕрыгондӕр кусджытæн. Бирӕтӕ сæ не ‘хсӕн нал сты, фӕлӕ сӕ рухс нӕмттӕ, сӕ ӕрмдзӕф баззайдзысты газеты фӕрстыл.

Абон, газет йӕ 60 азы юбилей куы нысан кӕны, уӕд зӕгъӕн ис уый, ӕмӕ йӕ кусджыты ныры фӕлтӕр, йӕ тыхтыл ӕнӕауӕрдгӕйӕ, кӕй дарддӕр кӕны мыхуыры ленинон традицитӕ.

Ныртӕккӕ редакцийы кусынц республикӕйы сгуыхт журналисттӕ, культурӕйы сгуыхт кусджытӕ, йӕ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм кусджытӕ. Уыдоны фӕлтӕрддзинадыл æнцой кæнгӕйæ, газеты традицитӕ дарддӕр кӕнынмӕ сӕ фӕллойы хай хӕссынц фӕсивӕд.

Нӕ газетыл сӕххӕст 60 азы. Царды мидæг уыцы кары адӕймаг вӕййы йæ тӕккӕ хъаруйыл. Ӕмӕ «Советон Ирыстон» дӕр ис раст уыцы кары. Уал азы дæргъы уый йæхимӕ райста, ӕнувыдӕй йын чи лӕггад кодта, бындур ын чи æрӕвӕрдта, дарддӕр ын чи лæггад кӕны, уыдон сфӕлдыстадон тыхтӕ, зонынӕдтӕ æмæ фӕлтӕрддзинад.

«Советон Ирыстон» нысан кӕны йӕ 60 азы бон. Ӕхсайаздзыд бацӕуы йӕ тӕккӕ кары, йӕ хурхӕтӕны, йӕ зонд ӕмӕ йӕ тыхы. Йӕ тӕккӕ сфӕлдыстадон тыхы бацыд «Советон Ирыстон». Йӕ рацӕугӕ фӕндагыл нӕ цæст куы ахӕссӕм, уӕд ӕй мах иудадзыгдӕр уынӕм царды, социалистон арӕзтады гуылфӕнты, фӕллой-гӕнӕг адӕмы разӕй. Уыд сӕ разӕнгардгӕнӕг, сӕ организатор. Сӕ фыццаг ахуыр-гӕнӕг, сӕ фыццаг фӕдисон. Ӕмӕ уымӕн кӕсӕм афтӕ райгондӕй ССР Цӕдисы Сӕйраг Советы Президиумы 1974 азы 7 февралы уынаффӕйы дӕр:

«Хуссар Ирыстоны автономон областы фӕллойгӕнджыты коммунистон хъомылады, уыдон хӕдзарадон ӕмӕ культурон арӕзтады хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ мобилизаци кӕныны фӕдыл ахадӕн куысты тыххӕй областон газет «Советон Ирыстон» хорзӕхджын ӕрцӕуӕд «Кады нысан»-ы орденӕй».

Ирыстоны абон ӕмӕ ноджы рухсдӕр фидӕнӕй сӕрыстыр уӕвгӕйӕ, нӕ областы журналисттӕ, газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы кусджытæ» сӕ курдиат, сӕ тыхтыл нӕ бацауӕрддзысты, цӕмӕй арф ӕмӕ ирдӕй ӕвдисой кусӕг кълас, зӕхкусӕгад ӕмӕ адӕмон интеллигенцийы хъазуатон куыст нӕ социалистон Райгуырӕн бӕстӕйы дарддӕры дидинрафтыды сӕраппонд.

КОЗАТЫ Исидор, 1984 аз.

Уац мыхуыр цæуы

                                                                                                                                                                                                                                             Фæцыбыргондæй

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.