Цæмæн уарзынц адæм сæ «Хурзæрин»-ы

Ирон адӕм хӕрзӕгкурӕггаг цыдысты хӕрзӕджы, лӕппуйы райгуырды тыххӕй, уымӕн ӕмӕ cæ царды уый нымадтой иууыл стырдӕр хӕрзиуӕгыл. Хӕрзӕгкурӕггаг та цыдысты ӕрмӕстдӕр ноггуырдӕн йӕ ныййарджытӕм, йӕ ӕввахсдӕр хиуӕттӕм. Хӕрзӕгкурӕггаг та хӕрзӕджы хиуӕттӕ лӕвӕрдтой цъындатӕ, йӕ къух кӕй цас арӕзта, уыйбӕрц ӕхца, уӕлдзарм худ, иууыл фылдӕр та уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк.

Газет «Хурзӕрин»-ы фӕзындыл Чеселтгомы цӕрӕг адӕм цы хуызӕн цинимӕ сӕмбӕлдысты, хъӕуӕй хъӕумӕ хӕрзӕгкурӕггаг куыд цыдысты, хӕрзӕгкурӕггаг-иу сӕм чи фӕцис, уымӕн тохъыл, уӕныг, хъама ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ лӕвӕрттӕ куыд кодтой, газеты хабӕрттӕ сын чи бакӕса, ахӕм лӕг агурӕг сыхӕй сыхмӕ, хъӕуӕй хъӕумӕ куыд цыдысты къордтӕ-чыртӕй, газеты хабӕрттӕ бакӕсынмӕ чи арӕхст, уыцы иугай адӕймӕгтӕ сӕм хуыцауы ӕмсӕр куыд систы, уый-иу арӕх дзырдта уыцы комӕй газеты рагондӕр уацхӕсджытӕй иу – Къӕбысты Гари. Уый Цӕгат Ирыстоны каст фӕцис ахуыргӕнджыты дыууӕазон курсытӕ, ахуыргӕнӕгӕй куыста сӕхи хъӕуы ӕмӕ-иу ӕм ӕндӕр хъӕутӕй къордгӕйттӕй ӕрцыдысты газеты фыст хабӕрттӕм байхъусыны тыххӕй, науӕд-та иу ӕй ахуыдтой сӕхимӕ, цӕмӕй, бынатмӕ йӕм ӕрцӕуыны фадат кӕмӕн нӕй йе ‘нӕниздзинад, науӕд та ӕндӕр исты аххосаджы тыххӕй, уыдон дӕр ӕм байхъусой.

Уӕдӕй фӕстӕмæ ирон адӕм уарзынц газет «Хурзӕрин»-ы. Ныр, йӕ хабӕрттӕм ын байхъусыны тыххӕй хӕдзари-хӕдзар, хъӕуӕй хъӕумӕ ничиуал цӕуы, Ирон адӕмы ӕхсӕн ӕнахуырдзинад скуынӕг кӕныныл архайджытӕй газет йӕхӕдӕг ссис иууыл активондӕр ӕмæ ныр, газет бакӕсын чи нӕ зоны, Ирыстоны иу ахӕм адӕймаг дӕр, ӕвӕццӕгӕн, нал разындзӕн. Уарзгӕ та йӕ кӕнынц, йӕ фыццаг фӕзынды рӕстӕджы йӕ куыд уарзтой, ныр дӕр афтӕ, науӕд та ноджы тынгдӕр. Ӕцӕг, ацы тыхст ӕмӕ уырыд рӕстӕджы газет ӕнцонӕй нал ӕфты хъӕутӕм, йӕ агурӕг та, кӕддӕрау, хъӕуӕй хъӕумӕ ӕмӕ ноджы дарддӕрты куыд цӕуынц адӕм, уый тыххӕй мын иу зӕронд ус ахӕм хабар радзырдта:

– Мӕ хо ӕмӕ ме ‘фсымӕр цæрынц Знауыры районы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр хъӕуты. Нæ хӕдзары рагӕи фӕстӕмӕ иууыл стырдӕр хӕзнайыл нымад уыдис газет «Хурзӕрин». Max ма къаннӕджытӕ куы уыдыстӕм, уӕд-иу бинонтӕ ӕнӕрхъӕцæй ӕнхъӕлмӕ кастысты постхӕссӕджы ӕрбацыдмӕ, газет-иу нӕм куы хъуамӕ ӕрбахастаид, уыцы бон. Алчи нӕ йӕ цард ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕтты куы сарӕзта, уӕддӕр нӕ ӕнӕ газетрафысгӕ никуы ничи фӕцис, фӕлӕ ныр мӕ хо ӕмӕ ме ‘фсымӕр цӕрынц кӕрӕдзимӕ дард хъӕуты. Нал сӕм ӕфты газет, фӕлӕ ӕнӕ газет та сӕ бон нӕу ӕмӕ уырдыгӕй рараст вӕййынц рӕстæгӕй рӕстӕгмӕ мӕнмæ мӕ газеттӕ мын ахӕссыны тыххӕй.

«Хурзӕрин»-ы, ног хабӕрттæ сæм кӕй хӕццæ кӕны, канд уый тыххӕй нӕ уарзынц адӕм, фӕлӕ сын бирӕ хӕрзиуджыты кӕй бацыд ӕмӕ цӕуы, уый тыххӕй дӕр.

Иу рӕстӕджы мӕ кусынмӕ арвыстой Ленингоры районы иу дард хъӕумӕ астазон скъоламӕ ахуыргӕнӕгӕй. Ӕфснайӕгӕй дзы куыста хӕрз ӕвзонг идӕдз ус. Сывӕллӕттӕ йын уыдис ӕхсӕз, хӕрз къаннӕджытӕ. Ӕз бацымыдис кодтон, йӕ сидзӕртӕн хицауадӕй ӕххуыс цас исы, уымæ. Ницы, дам, исын, хъæусоветы сӕрдарæй, дам, хъæуы бæлвырдгæнæн, мæ сывæллæтты фыд мард кæй у, уый тыххӕй. Уый та мын ахæм бæлвырдгæнæн нæ дæтты, зæгъгæ (хъæусовет дæрддзæф хъæуы уыдис).

– Никуы йын загътай, дæ сывæллæтты фыд кæй нал ис, уый? – бафарстон ӕй.

– Хисты уыдис йӕхæдæг æмæ йын ӕй мӕ зӕгъын цӕмæн хъæуы?  – ӕнкъардӕй афтæ бакодта ус æмæ ма йӕ дзырдмӕ бафтыдта: – уæддæр мын нӕ дӕтты.

Ацы хабар газетмæ фехъусын кодтон. Уый афтæ сархайдта æмæ идӕдз усӕн снысан кодтой, хицауадӕй йӕ сывӕллӕттæм цы æмбӕлд, уый. Цас арфæтæ-иу фæкодта газетӕн!

Ахӕм хӕрзиуджыты бирæтæн бацыд «Хурзӕрин». Ныр йӕ фыццаг номыры рацыдыл ӕххӕст кæны 80 азы. Стай азы лӕггад кӕны, чи йæ уарзы, уыцы адӕмӕн ӕмӕ кæрæдзийӕн ноджы бирӕ азты цы фæлӕггад кӕной, уый амонд сæ уæд!

КЪÆБЫСТЫ Зауыр,
газет «Хурзæрин», 2004 азы 1 январь

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.