КОЗАТЫ Исидор

 

ХУРЗÆРИНÆН

Сӕрд уа, зымӕг, къӕвда уа ӕви хъызт, –

Нӕ хӕхбӕсты хӕдзари-хӕдзар зилыс.

Ирыстоны дӕ кады ном у хъуыст,

Дӕ фарны дзыхӕй фарны хабар сидыс.

 

Ды амайыс фӕллойы кады цырт,

Ирыстонӕн йӕ азфыссӕг дӕ абон.

Ӕмӕ нӕры дӕ тохмӕсидӕг дзырд,

Нӕ хӕхты тауыс цинуац ӕмӕ амонд.

 

Нӕ быдырты – хъӕздыг тыллӕджы ‘фсин,

Нӕ заводты нӕ рухс фидӕн ӕхсидыс.

Ды бакӕныс нӕ уӕлахизтыл цин,

Нӕ хъӕнтӕм та дӕ цыргъ сисӕй ӕвзидыс.

 

Ӕрвылбон дӕр ирон лӕгмӕ хуынд дӕ,

Ӕмӕ йын у, нӕртон зӕрдӕйау, растдзур.

Ӕхсай азы цыты уазӕг уыдтӕ,

Ӕнустӕм дын кӕндзыстӕм мах «ӕгас цу!».

 

 

ХЪУЫЛАТЫ Созырыхъо

 

«ХУРЗÆРИН»

Талынг, мæйдар æхсæв сусæг хуыснæгау

Тар кæмттæй айста йæхи…

Хæхтæ сæууон рухсмæ рагон æфсæдтау,

Арвмæ ивазынц сæхи.

 

«Хурзæрин», «Хурзæрин», – сæрвæтæй зары,

Цингæнгæ хохаг фыййау.

‘Гас дуне уымæн йæ зæрдæ æмбары,

Зарæгыл не ‘вæры фау…

 

Бирæ зындзинæдтæ, бирæ фыдбонтæ

Равдыста махæн нæ дуг,

Знагимæ тохы æрвыстам нæ бонтæ,

Барыл лæвæрдтам нæ туг.

 

«Хурзæрин»! Абон фыдæхсæв фæтæрдзæн,

Махæн та байсдзæн нæ мæт…

«Хурзæрин»-ы фæстæ хур дæр скæсдзæн!..

Цæйут, йæ фæндаг уæд раст!

 

КОЗАТЫ Павел

 

«ХУРЗÆРИН» – НÆ ТАВÆГ»

Фæцис нæ амондæн дæ райгуырд,

Дæ фæзынд цин уыди, цы ма хъуыд!

Цæгатæй, Хуссарæй нæ тавыс,

Дæ хæрзтæ ныл рæдауæй тауыс.

Иронæн рухс бæллиц куы фæдæ,

Дæ хæрзтæ ‘рдзæтæ сты, сæдæтæ.

Ды махæн уарзын кæныс не ‘взаг,

Цæмæй ныл ма фæтых уа не знаг.

Хъыгтæ куыд нæ федтай дæ азты,

Зынты куыд нæ уыдтæ фыдмасты,

Уæддæр нын фидар уыдтæ, кадджын,

Æстæй хъæуæг æмæ ныуарджын.

Нæ зæхх цъæх пиллон арт куы уагъта,

Дæ фарн-иу мах уæддæр куыд тавта!

Кæныс нæ ‘нгомдзинад, æмзондмæ.

Нæ зонд, нæ иудзинад – бæрзондмæ.

Нæхи дæ фенд, дæ номыл хъарæм,

Дæ ныфсæй мах дывæр ныфс арæм.

Нæуæдз дыл рацыди ныр азтæй,

Дæ хорз æсбарæн нæй тæрæзтæй,

Уæдæ хурзæрин дæ, тав нæ,

Дæ хъармæй райгæ уæм мыггагмæ.

 

ХАРЕБАТЫ Леонид

 

АРФÆЙАГÆН – АРФÆ

Ды дæ мæнæн сыгъдæг зæрин,

Мæ буц газет, мæ «Хурзæрин».

 

Хуссар Ирæн – йæ фидиуæг,

Æмæ ноджы – йæ дидинæг!

 

Зилыс хъæугай Иры зæххыл,

Кæддæриддæр боны цъæхтыл,

 

Алы ирон хæдзарæн дæр

Ды бахойыс йæ рудзгуытæ…

Бахæссыс æм фæччийыдзаг

Ирон дзырдæн йæ фæрдгуытæ

 

Сыгъзæрин дæ – сыгъдæг зæрин,

Мæ уды цин, мæ «Хурзæрин»!

 

Иры зæххыл, лæппу-лæгау,

Ды батыдтай нæуæдз азы…

Фæлæ уæддæр дæ къабæзты,

Размæ цæугæ, дæ туг хъазы!

 

Дæуæй буц у дæ Иры зæхх

Æмæ йын ныр дæ ныхас зæгъ

Афон дын у, Иры бæстæ,

Баиу кæнай дæ къабæзтæ!

 

Ды дæ махæн сыгъдæг зæрин,

Дæ ныхас зæгъ, нæ «Хурзæрин»

Бакæндзæн нын ыстыр æххуыс

Нæ ныфсы лæг – Стыр Уырыс!

 

Уæд айвазис дæ къабæзтæ,

Нæ «Хурзæрин», хъæуæй-хъæумæ…

Мæрдтыл бафтид нæ сау фыдгул

Мах куы фена иубон-иумæ!

 

Ды та нын цу, нæ «Хурзæрин»,

Домбай цыдæй ноджы размæ!

Æмæ ‘хсидæт дæ къабæзтæ,

Иры зæххыл – азæй азмæ!

 

Ды дæ махæн сыгъдæг зæрин

Нæ удлæууæн, нæ «Хурзæрин!»

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.