Ӕппӕт дунейы ахӕм тыхст дуг ныллӕууыдис, ӕмӕ бандӕвта адӕмы царды ӕппӕт  къабæзтыл дӕр. Нӕ республикӕйы дӕр ист цӕуынц алыгъуызон мадзӕлттӕ, цӕмӕй нӕм ма фӕзына коронавирусӕй рынчынтӕ ӕмӕ не ‘мбӕстӕгтыл къаддӕр бандава ацы кризис. Нал ис ӕнцойад паддзахадон уагдӕттӕн, профилон службӕтӕн, кӕ-цытӕ архайынц адӕмы царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныныл ӕмӕ сын хъахъхъӕнынц се ‘нӕниздзинад.

Куыд зонӕм, афтӕмӕй карантинон мадзӕлттӕ стыр зиан хæссынц амалиуæггæнджытæн æмæ хицауадон уагдæтты чи нæ кусы, уыцы категорийы æмбæстæгтæн. Уымæ гæсгæ, апрелы мæйы райдианы базарады объекттæ, автомашинæтæ цалцæггæнæн æрмадзтæ, ательетæ æмæ ма æндæр ахæм куыстуæттæ æхгæд куы æрцыдысты, уæд стыр зындзинæдтæ райдыдтой æвзарын нæ республикæйы цæрджытæ. Кæцыдæр амалиуæггæнджытæ райдыдтой сæ продукцийы аргъыл уæлæмæ хæцын. Зæгъæм, æрæджы нæ горæты цы торнетæ ис, уыдонæй кæцыдæртæ кæрдзыны аргъыл схæцыдысты 25 сомæй 30 сомы он. Ацы уавæрмæ нæ бæстæйы къухдариуæгад дæр йæ хъус æрдардта æмæ тагъд рæстæджы æмбæлон службæтæ ауагътой рейдон мадзæлттæ æмæ торнейы аргъ фæстæмæ æрхаудта 25 соммæ.

Нæ бæстæйы Президент Бибылты Ана-толи ма бахæс кодта æмбæлон службæ-тæн, цæмæй карантины рæстæджы ма фæзынаргъдæр уой æндæр æнæмæнгхъæуæг товартæ дæр. Уый фæдыл регулярон æгъдауæй уагъд цæуынц рейдон мадзæлттæ базарадон объекттыл. Амалиуæггæнджыты фæдзæхсынц, цæмæй таможнæйы фиддонтæ бафидыны фæстæ товарты аргъмæ ма æфтауой 20 процентæй фылдæр, æмæ медицинон препараттæм та – 10 процентæй фылдæр. Фæткхалджытæ ивар æрцæ-уынц административон кодексы фæлгæтты.

Ныридæгæн уавæр нывыл кæнын райдыдта. Баконд æрцыдысты бирæ магазинтæ æмæ куыстуæттæ. Ӕрмæст æхгæд сты хиирхæфсæн центртæ, спортивон залтæ æмæ хæрæндæттæ. Уыимæ ма иумæ хицауад æххуыс кæны æвæрæз бинонтæн дæр. Нæ республикæйы ныридæгæн дæр кусы сæрмагонд программæ, кæцыйы фæрцы цыбыркъух цӕрджытӕ æххуыс исынц хицауадæй. Уымæй уæлдай ма республикæйы уæвынад кæнынц алыгъуызон хæрзаудæн фондтæ æмæ уыдон дæр адресон æххуыс кæнынц æвæрæз бинонтæн, сидзæр сывæллæттæн, хæсты ветерантæн. Баххуыс сын кæнынц хæлцадон продукттæй æмæ алыгъуызон æнæмæнгхъæуæг товартæй. Ӕрæджы та æвæрæз бинонты сывæллæтты сифтонг кодтой æнæаргъ интернетæй, цæмæй ахуыры процессæй фæсте ма баззайой.   

Нæ горæты Мидхъуыддæгты управленийы æнæххæст кары сывæллæтты инспектортæ дæр та азылдысты, хыгъды сæм цы æнахъом сывæллæттæ лæууынц, уыдоныл. Сывæллæттæ карантины рæстæджы нæдæр скъолатæм цæуынц, нæдæр рæвдауæндæттæм æмæ сæм хъус дарын та æнæмæнг хъæуы.

Гæбæраты бинонтæн ис авд сывæллоны æмæ сæ инспектортæ баййæфтой сæ уроктæ ахуыр кæнгæйæ. Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы сæргълæууæг Гатайты Лалийы  ныхæстæм гæсгæ, ацы бинонтæн хицауад хæдзар куы радта, уæд сæ цард хорзæрдæм фæивта.

«Мад æмæ фыд бæстонæй æрæвнæлдтой сæ сывæллæтты хъомыл кæнынмæ, сæ раздæры антиæхсæнадон цард дæр ферох кодтой æмæ ма ныр, æгæрыстæмæй, сæ сывæллæттæм сæ уроктæ ахуыр кæнынмæ дæр фæкæсынц. Ныййарджытæ хорзæрдæм куы фæивынц, уæд махæн дæр æхсызгон вæййы. Иуæй – ныййарджытæм нæ зæрдæ нал фехсайы, иннæмæй та – сывæллæттæ вæййынц æмбæлон хъусдарды бын æмæ сомбон суыдзысты нæ бæстæйæн аккаг гоймæгтæ», – банысан кодта Гатайты Лали.

Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты нæ республикæйæ ахуыр кæнынц бирæ студенттæ æмæ курсанттæ. Уыдонæн сæ бæрæг хай коронавирусы пандемийы фæстиуæгæн æрыздæхтысты Хуссар Ирыстонмæ, фæлæ ма дзы бынаты баззадысты Хъахъхъæнынады æмæ Мидхъуыддæгты министрадты курсанттæ, кæцытæ ныры онг дæр ахуыр кæнынц дистанцион æгъдауæй ахуыргæнæн уагдæтты территориты. Уæрæсейы карантинон мадзæлттæ кæй адарддæр кодтой, уый фæстиуæгæн УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу фæндон рахаста, цæмæй ссæрибар кæной æппæт æфсæддон курсантты ацы ахуыры азы, уымæн æмæ рæстæг æмæ уавæртæ нал ис ахуыры процесс æмбæлон æмвæзадыл адарддæр кæнынæн. Уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг æфсæддон курсанттæ здæхын райдыдтой фæстæмæ сæ райгуырæн бæстæмæ. Нæ республикæйы къухдариуæгад сын сарæзта æппæт уавæртæ, цæмæй æдасæй æрхæццæ уой бынатмæ. Кæд дзы искæмæ зæрдæхсайгæ симптомтæ ис, уæд уыдон нырма баззайдзысты Уæрæсейы территорийыл сæ адзæбæхы афонмæ. Чи æрыздæха, уыдон ам бынаты хъуамæ уой карантины 14 боны дæргъы. Бынӕттӕ сын рахицӕн кодтой Дзауы ӕмӕ горӕт Цхинвалы рынчындӕтты, ӕмӕ карантины рӕстӕджы уыдзысты дохтырты хъусдарды бын.

Мидхъуыддæгты министрады курсанттæ та баззайдзысты сæ ахуыргæнæндæтты территориты æмæ адарддæр кæндзысты сæ ахуыр дистанцион æгъдауæй. Эпидемиологон уавæр ацы ахуыргæнæн уагдæтты у стабилон æмæ ахуырдзаутӕн бынаты баззайын у хуыздæр.

Карантинон мадзæлтты фæстиуæгæн автомашинæты змæлд дæр фæкъаддæр ис нæ республикæйы фæндæгтыл. Уымæ нæ кæсгæйæ, милицийы фæндагон змæлды æдасдзинады инспектортæ уадзынц рейдон мадзæлттæ куыд горæт Цхинвалы, афтæ районты дæр. Кæд, раздæрмæ абаргæйæ, фæткхалæн цаутæ фæкъаддæр сты, уæд-дæр не ‘мбæстæгтæй бирæтæ нæ сæттынц æмæ та сæ бауромынц нозтджынæй автома-шинæ скъæргæйæ. Уымæй уæлдай ма шофыртæн арæх сæ бары гæххæттытæ дæр семæ нæ вæййынц, светофоры сырх рухсыл аскъæрынц, сæ машинæтæ, бар кæм нæй, ахæм рæтты бауромынц. Æнахъом сывæллæттæм дæр сæ ныййарджытæ радтынц машинæтæ æмæ афтæмæй бахауынц авариты.

Нæ паддзахады арæнтæ дæр æхгæд кæй сты, уый фæстиуæгæн нæм алыгъуызон товартæ æмæ арæзтадон æрмæджытæ æрласыны уавæртæ бæрæг фæзындæр сты. Уæзласæн машинæты размæ ацæуынц милицийы кусджытæ æмæ семæ æрцæуынц бынатмæ, ома, магазинтӕм. Шофыртæн æддæмæ рахизыны бар нæй æмæ машинæты гуыффæтӕ куы раафтид вæййынц, уæд та сæ милицийы кусджытæ афæндараст кæнынц паддзахадон арæнты онг. Фæстаг 10 боны ахæм уæзласæн машинæты колоннæтимæ ацыдысты 300 хатты бæрц. Афтӕ ма милицийы кусджытӕ ӕххуыс кӕнынц Ӕнӕниздзинад хъахъхъхъæныны министрадӕн, цӕмӕй рынчындӕтты ӕххӕст кӕной санитарон нормӕтӕ ӕмӕ зӕрдӕхсайгӕ ӕмбӕстӕгтӕ хиизоляцийы режим ма халой.

Нæ республикæйы территорийыл цы æфсæддонтæ ис, уыдоныл дæр бандæвтой коронавирусы ныхмæ райсгӕ мадзæлттæ. Горæт Цхинвалы милицийы патрулон-постон службæйы кусджытӕ, нӕ республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы 4-ӕм базӕйы службӕгӕнджытӕ иумӕ уадзын райдыдтой ӕфсӕддон патруль. Ацы рейдон мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц  23-ӕм апрелӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ сӕ нысан у, цӕмӕй карантины рӕстӕджы ӕфсӕддонты ‘рдыгӕй дӕр хӕлд ма цӕуой дохтырты домӕнтӕ ӕмӕ хиизоляцийы режим.  

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.