7-æм октябры уагъд æрцыд 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы рабадт. Рабадтæн сæрдариуæг кодта РХИ-йы Президент. Йæ куысты хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ.

Рабадты дзырд цыд куыд арæзтцæуæг, афтæ арæзт чи фесты, уыцы объектты документаци рæстæгыл радтыны фæдыл. Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти куыд банысан кодта, афтæмæй хыгъдон документаци рæстæгыл лæвæрд кæй не ‘рцæуы, уымæ гæсгæ подрядон æмæ субподрядон организацитæн фæзынынц хæстæ, æмæ уый та вазыгджындæр кæны арæзтадон процессы æппæт хайадисджыты кæрæдзимæ ахастыты. Æмæ афтæ та хъуамæ ма уа. Уый карзæй æрдомдта, цæмæй аразджытæ дырысæй æххæст кæной сæ хæстæ. Рабадты куыд банысанчындæуыд, афтæмæй штабы раздæры рабадты цы хæстæ лæвæрд æрцыдысты, уыдоны æмвæзад уыд ныллæг.

Уый фæдыл Президент банысан кодта, зæгъгæ, мах аразæм нæ адæмæн, нæ сывæллæттæ æмæ уыдоны сывæллæттæн æмæ арæзтады процессмæ кæсын хъæуы бæрндзинады цæстæй, цæмæй цæрынæн хорз уавæртæ уа алы æмбæстагæн дæр.

Дарддæр уынаффæ цыд æндæр æмæ æндæр фарстыл – æмбæлон организациты балансмæ арæзтцæуæг объектты радтын, фæндагон коммуникациты аразын æмæ сæ хæрзарæзтады хыгъдон документаци аразын, афтæ ма къорд  объектты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уыдоныл.

РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр банысан кодта, Горькийы уынджы куыстытæ сфидаргонд æмгъуыдты кæй цæуынц, ам æвæрд æрцыдысты фæндагон нысæнттæ æмæ светофортæ. Фæскомцæдисы уынджы цы сис бетон аразынц, уымæн фесты йе ‘мбис. Кобылты Сергейы фырты уынджы æвæрд æрцыд асфальты фыццаг фæлтæр, Сталины уынджы та куыстытæ райдыдтой канализацион системæ цалцæг кæныны фæдыл.

Штабы рабадты ма дзырд цыд Мæскуыйы уынджы Æрыгон натуралистты республикон станцы районы 2017 азы Инвестпрограммæмæ газификаци æмæ доны хызæгты уадзыны фæдыл куыстыты проект бахæссын.

РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарстыл куыст цæуы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, газы, доны фæдыл арæзт æрцыдысты сметæтæ. Фарстыл уынаффæ цыд горæты мэр Æлборты Аланимæ æмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй ацы фадыг арæзт æрцæуа 2017 азы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ам бакæнинаг ис цыппар милуан сомы бæрц куыстытæ.

Рабадты уынаффæ цыд, горæты уынгты хæрзарæзтады фæдыл куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй. Сæрмагондæй – 8-æм июны æмæ Джиоты Аланы проспекты хицæн фадгуыты асфальт кæныны фæдыл куыстытыл контроль кæныны æнæмæнгхъæуындзинадыл. Ацы фарсты тыххæй арæз-тад æмæ автомобилон эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, асфальт ис æмæ куыстытæ æххæст æрцæудзысты æввахсдæр æмгъуыд-ты. Горæты уынгты хæрзарæзтадон куыстытæ æххæст кæныны рæстæджы цы дефекттæ раргомчындæуыд, уыдоны тыххæй Президент Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Эверест»-æн бахæс кодта, цæмæй цухдзинæдтæ æмæ згъуыдтæ иуварс æрцæуой къуырийы æмгъуыдмæ. Сæ куыстытæ цæсгомджынæй чи не ‘ххæст кæнынц, уыцы подрядон организаци-тæм ахасты уый фæндон бахаста, сæ ныхмæ санкцитæй спайда кæныны тыххæй.

Рабадты рæстæджы дзырдæуыд реабилитацион центримæ сывæл-лæтты рынчындоны территоримæ æввахс арæзтадтыл, цæмæй бæлвырд æрцæуой, зæронд арæзтадтæй сисын  кæй хъæуы, уыдон. Фарсты фæдыл Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджанов йæ хъуыды загъта æмæ фæндон бахаста, уыдонæн æрмæстдæр сæ иу хай сисыны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ам сты зæронд гараж æмæ пысулæхсæн æмæ, зæгъгæ, гаражы гæнæн ис сисын, фæлæ хорз уаид, цæмæй пысулæхсæн цалцæг æрцæуа æмæ дзы пайда цæуа, куыд æфтауцдон, афтæ.

Тыбылты Леонид куыд бацамыдта, афтæмæй проекты домæнтæ хъæуы хъахъхъæнын, æмæ документацимæ гæсгæ сисын хъæуы зæронд арæзтадты.

Рабадты хайадисджыты размæ хаст æрцыд горæты центры ног арæзт базары эксплуатацимæ радтыны фарст дæр. Горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитр куыд банысан кодта, афтæмæй базар цæттæ у эксплуатацимæ радтынмæ.

– Базар арæзт у 120 бынатæн. Уы-донæй 90 бынат сты хъæууонхæдзарадон продукци уæй кæнынæн, дзидза-æхсыры æмæ кæсаджы хайадты та ис 30 бынаты, – загъта Пухайы фырт. – Мах ма хъæуы базаргæнджытимæ бадзырдтæ саразын æмæ арендон фиддонтæ сбæлвырд кæнын.

Рабадты дзырд цыд, социалон нысаниуæджы объектты арæзтадтæ куыд цæуынц, ууыл дæр.

Президент æвæрццаг аргъ скодта Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны университеты арæзтады темптæн æмæ подрядон организацитæн бацамыдта, цæмæй æмгуыстад кæной, уæлдæр ахуыргæнæндоны ректоримæ.

Йæ рады ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, университеты комплекс эксплуатацимæ радтын хъæуы 2017 азы 1-æм августмæ, цæмæй сæхи бацæттæ кæной ног ахуыры азмæ.

Рабадты ма дзырдтой Синагур-Карзманы фæндаджы æмæ Инвестпрограммæмæ хаст æндæр объектты арæзтады фарстытыл дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.