Кæйдæр, дам, ауындзæнмæ фæцæйкодтой, уый та фæстæмæ хоры нæмгуытæ æппæрста – æрзайой, дам… Афтæмæй йæ ауындзынмæ, марынмæ кодтой…

Уый раджы уыдаид, æвæццæгæн ма адæм адæмы хуызæн куы уыдысты, уыцы дуджы – сæ мæлæты фæстæ дæр сомбоныл куы хъуыды кодтой, мæлæты цæстытæм дæр лæгау-лæджы цæстæй кæсын куы фæрæзтой… Ныр та? Ныр та, байтауын нын цы бантысы, ууыл дæр нал фæхъуыды кæнæм, фыдбылызы арт нæм куы сгуылф кæны, уæд æй ахуыссын кæныны бæсты цырендæр фæкæнæм, йæ цæхæр ын схъауæм…

Фæлæ, теуайы уаргъ, дам, афтæ нæ акæлдзæн, æмæ дзы хæрæгы уаргъ мауал баззайа – ис ма нæм лæджы хуызæн лæгтæ, лæгдзинад кæй удты тæлфы, ирон туг ма кæй тугдадзинты хæлбурцъ кæны! Æмæ уыцы лæджы хуызæн лæгтæй чидæртæ загътой, зæгъгæ, нæ саударджытæ тæригъæд сты ацы судзгæ уазалы, арвитæм сæ сæ хæдзармæ æмæ сын мах, куыд лæгтæ, афтæ сæ домæн кæронмæ акæнæм… Кад æмæ цыт ахæм лæгтæн, фæлæ уыцы фæндон фехъусгæйæ, калмы сæрыл цæхх æрызæрæгау, хæрдмæ чи фæхауд, æмæ ныйеудодой кодта, уыдонæн та цы схонæн ис… Кæд уыдон дæр тæригъæд кæнынц, уæд сæ цæмæн хъуамæ фæнда, искæй сылыстæг уазалы сийа, уый?

Знаджы хъæбул дæр ма амæлæд! Уæлдайдæр фыднадæй, нæмыны ныхмæ чи хъуамæ тох кæна, ахæмты къухæй!..

Сæ тæригъæдæй кæй зæрдæ не скъуыдтæ кæны, уый зæрдæ фæрчытæ фæхауæд! Цы ма уа æбуалгъдæр тæригъæд арвæй зæххы хсæн: мадæн амардтой йæ зæрдæйы уидаджы, цардæмбалæн – йæ удыхайы, рæзгæ хъæбултæн – сæ фыды, æфсымæрæн йæ – ныфсы мадызæнæджы!.. Ахæм дудгæбон чи сарæзта, уыдонæн æй закъон нæ, фæлæ Хуыцау дæр ма хъуамæ ныббара! Махæй алчи дæр хæсджын у, цæмæй йæ хайбавæрд бахæсса ацы тугтæригъæд æмæ худинаджы хъуыддаг аскъуыддзаг кæнынмæ. Фæлæ иу æнæзакъонон хъуыддаджы тыххæй æндæр æнæзакъонон хъуыддæгтæм сидын фыддæр фыдракæнд кæй у, уый дæр рох макæмæй уæд!

 Цыфæнды фыдракæнды тыххæй дæр фыдгæнæг хъуамæ æфхæрд баййафа, уыцы æфхæрд хъуамæ рахæсса тæрхондон, тæрхондонæн та хатдзæг, уынаффæ рахæссæн нæй æнæ экспертизæйæ. Экспертизæ хъуамæ æмразыгонд уа фæдагурæг органтæ æмæ æфхæрдбаййафджыты æхсæн. Æфхæрдбаййафджытæ иу эспертизæйы хатдзæгыл разы куынæ уой, уæд сын бар ис, цæмæй æрдомой æндæр экспертизæ. Куыд у ам та уавæр, равзæрстат æй, сахуыр æй кодта, алцы дæр сбæлвырд кодтат, рæстдзинадагурджытæ?..

Нæй гæнæн иу æнамонддзинады фæрцы æппæтнацион æнамонддзинад агурæн. Абон цы æмтъеры дунейы цæрæм, уый, топпыхосы боцкъайау, ныгуыппæввонг у, æнæуый дæр нæм се згæхæрд кæрдтæ цыргъ кæнынц фæйнæрдыгæй, мах та… Махæй та чидæртæ комкоммæ фыссынц, мах, дам, чи фæнды, уый, дам, схицау уæд, уый йедтæмæ, дам, разы стæм туг ныккæлыныл дæр…

Цы ма нæ хъæуы, хорз адæм, цæмæй нæ цæстытæ байгом кæнæм, нæ хъысмæты фæдисхъæр зæрдæйы хъустæй нæ, фæлæ зонды хъустæй фехъусæм æмæ нæ сывæллæтты сомбоныл ахъуыды кæнæм!..

Цавæрдæр суинаг чызг Ирыстоны цæгат хайы къухфыстытæ æмбырд кæны, цæмæй, дам, Бибылы фырт йæ бынатæй ацæуа… Ай цы диссæгтæ цæуы уæлион дунейы!.. Афтæ æнхъæлут, уыцы чызг йæхи зонд, йæхи зæрдæйы сидтмæ гæсгæ кæны афтæ?.. Цы ми кæнæм, цы аразынмæ хъавæм нæ тугæй æлхæд фыдыбæстæйæн, цы рсырдтам, цы хуыцауы æлгъыст фестæм!

Цалдæр боны интернеты зилдух кæны Ирыстоны лæгæвзæрст лæгты къорды сидт. Уый дæр Цæгат Ирыстонæй!.. Махæн, дам, Ирыстон цæгат æмæ хуссарыл нæ дих кæны, афтæмæй сын Республикæ Хуссар Ирыстон, Паддзахад Алани у «Цхинвал»… Сидынц (сæхæдæг æй «басидын» хонынц) Цхинвалы къухдариуæгадмæ, цæмæй адæмы ма хъыгдарой, цай бахæссын сæм бауадзой… Фыццаг уал уый, æмæ сыл кæд афтæ тынг тыхсынц, уæд сæм æрцыдаиккой æмæ сæхи цæстæй федтаиккой алцы дæр, диванон дам-думгæнджыты информацийæ пайда кæныны бæсты, дыккаг та уый, æмæ Цхинвалы къухдариуæггæнæг у Коцты Алан. Уыдон та сидынц «Тъоликъ æмæ Джагайы фыртмæ. Ома Хуссар Ирыстоныл нымайынц Цхинвалы, йæ Президент та сын у «Тъоликъ». Стæй Хуссар Ирыстоны иу хатт уæддæр чи уа, уый дæр зондзæн, Джагаевтæ иронау Дзæгъиатæ кæй сты…

Хатыр куы бакæниккой, фæлæ бафæрсын аипп ма уæд: Цкъаты идæдз ныр цалдæр азы дæлфадихсыд æмæ уыргæфтыд куы фæци рæстдзинад агурынæй, уæд иу хатт цæмæннæ искуы ралæууыдысты афтæ тыгуырæй æмæ афтæ карзæй Славикъмæ цæуылнæ «басидтысты»?.. Кæнæ, æнæхъæн дунейыл зындгонд зарæггæнæг Челдыты Вадимы сæрыл дунейы алы къуымты æцæгæлон адæм дæр куы растадысты, уæд ацы лæгæвзæрст лæгтæ иу хатт уæддæр цæмæннæ ратыгуыр сты уый тыххæй, цæмæннæ искуы сдзырдтой Вадимы сæрыл, йæ зæрдæрыст рынчын мады сæрыл? Науæд кæцæй æрхастой, нæ территоримæ гуырдзы фондз раны æрбатыдтой, уый?.. Фондз раны нæ, фæлæ нæ территорийæн йæ фылдæр змæлæн хай гуырдзыйы къухы куы уыд æмæ хæхтыл, хъæдтыл куы цыдыстæм, уæд цæмæннæ искуы ратыгуыр сты æмæ нæ цæмæннæ ссæрибар кодтой, Ирыстоны хуссайраг хайы фæсивæд цæгатаг хайы фезмæлæнтæ  хъулгъайæ куыд ссæрибар кодтой, афтæ?..

Зæрдæйæ цы аразай, намысы тæрхонмæ гæсгæ цы хъуыддаджы балæууай, уый æндæргъуызон вæййы, уым зæрдæхудт цæстытæ нæ фæкъахы… Змæст доны кæсаг ахсын кæй фæнды, искæй æнамонддзинады амонд ссарынмæ чи хъавы, ахæмты ссадвæдыл цæуын та фыдбылызмæ кæны, стырдæр фыдбылызтæм.

Æмæ, Хуыцау нæ бахизæт, фæлæ…

Фæлæ цы? Ницы, алæ, чи йæ æмбары, уымæн æй дзурын нæ хъæуы, чи йæ не мбары, уый йæ уæддæр нæ бамбардзæн, цалынмæ уæрдон афæлдæха æмæ йæ быны фæуа, уæдмæ…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.