Сывæллæтты духовон-хæрзæгъдауон хъомылады тыххæй программæйы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны Паддзахадон телекомпани «Ир» сарæзта хистæркъласон ахуыргæнинæгтæн хиирхæфсæн-ахуыргæнæн телепроект «Кæфхъуындар», кæцы уагъд цæудзæнис мадæлон æвзагыл. Сывæллæттæ ацы командон хъазты хайад райсдзысты ног 2021 азы. Уый у хъазт-пантомима, ома, командæты уæнгтæ æнæдзургæйæ мимикæ æмæ буары хæйтты пластикæмæ гæсгæ хъуамæ базоной фарстыты дзуаппытæ, уыимæ  ма фидар кæны ассоциативон хъуыдыкæнынад дæр.

Ацы телепроекты къухдариуæггæнæг у радио «Ир»-ы директор Цхуырбаты Алан. Уый нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй телепроект «Кæфхъуындар» уагъд цыдис уый размæ дæр æмæ тынг фæцыдис телекæсджыты зæрдæмæ. «Ацы телепроект бацæттæ кодтам раджы, цалдæр азы размæ æмæ кусгæ та кæны сывæллæтты духовон-хæрзæгъдауон хъомылады тыххæй программæйы фæлгæтты. «Кæфхъуындар» реализацигонд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады æххуысы руаджы.

Телепроекты ис дыууын алæвæрды бæрц, алкæцы алæвæрд дæр дзы цæудзæнис æртын минуты бæрц. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах ацы проект аразæм, куыд телеуынынадон афтæ, фæлæ ма йæ сæвæрдзыстæм социалон хызæгты дæр. Уымæн æмæ уый размæйы проектмæ дæр кастысты Уæрæсейы Федераци æмæ фæсарæнты чи цæры, уыцы ирæттæ æмæ-иу нæм фыстой, зæгъгæ, у тынг хорз проект. Уæд техникон æгъдауæй уыд лæмæгъдæр арæзт, фæлæ ныр уыцы фарстытæ уыдзысты хуыздæр.  Мах фæндыд, цæмæй нæ хъуыддагмæ æрæвнæлдтаиккам сентябрæй, марты мæйы нын куы рахицæн кодтаиккой æхцайы фæрæзтæ, уæд. Планмæ гæсгæ ныртæккæ хъуамæ уагътаиккам ацы конкурсон телепроект, фæлæ нын æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ фæкъуылымпы ис, тынг нæ бахъыгдæрдта ацы пандеми дæр.

Бынтон æрæджы нын фехъусын кодтой, зæгъгæ, нын нæ проектæн рахицæн кодтой æхцайы фæрæзтæ æмæ нæ бон у нæ куыстмæ æрæвналын. Фæлæ ацы проекты хъазты хайадисджытæ хъуамæ уой хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ æмæ уыдон, куыд зонæм, афтæмæй нырма сæ ахуырмæ нæ рахызтысты. Нæ хицауады уынаффæмæ гæсгæ æндæр æмæ æндæр мадзæлттæм массон æгъдауæй цæуыны бар нæй. Ацы тæссаг низ тынг апарахат ис махмæ дæр ацы фæззæгæй æмæ мах нæхимæ уыцы хæс нæ райстам, раст зæгъгæйæ та нæ ныфс нæ бахастам æмæ æртымбыл кодтаиккам сывæллæтты. Уымæ гæсгæ йæ аргъæвтам ног азмæ, исын райдайдзысты февраль-марты æмæ æрæвналдзыстæм нæ куыстмæ.

Мах, сфæлдыстадон къорд цæттæ стæм, æрмæг дæр у цæттæ, студийæн нæ цы хъуыдис, уыдон дæр æрцыдысты заказгонд. Телепроекты командæйы сконды сты Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы кусджытæ. Проекты хайад исдзысты ног адæм, уымæй размæ дзы чи архайдтой, уыдонæй дæр дзы чидæртæ баззайдзысты, фæхуыдтам ма нывгæнджыты дæр, цæмæй нæ алæвæрд цымыдисондæр уа. Сæйраг у, цæмæй нæ республикæйы пандемийы уавæр уа, стабилон æмæ нæм инфекци мауал парахат кæна, æндæр мах архайдзыстæм, цæмæй нæ рæзгæ фæсивæдæн уа сæхи кæм аирхæфсой æмæ зонындзинæдтæ кæм райсой, ахæм мадзæлттæ саразыныл», – банысан кодта Цхуырбаты Алан. Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй республикæйы æппæт скъолатæн дæр фехъусын кодтой ацы телепроекты тыххæй æмæ йæ хайадисæг ахуыргæнинæгтæ рагацау райдыдтой сæхи цæттæ кæнын командон хъазтмæ. «Ацы проект нын хъуамæ уа цымыдисондæр. Кæд программæ хистæркъласонты æмвæзадæн у арæзт, уæддæр мах бафæндыд æмæ ма йæм популяризацийы нысанæн æрбахуыдтам фæсивæдæй дæр. Ацы телепроект сæйраджыдæр арæзт цæуы æмæ ахъаз у мадæлон æвзаг, культурæ æмæ аивады райрæзт æмæ бахъахъхъæныны тыххæй, афтæ ма курдиатджын фæсивæды фарсмæ æрбалæууын æмæ сæ размæ ракæныны хъуыддаджы», – загъта радио «Ир»-ы директор.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.