Национ бангы хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодтой хорзæхтæй, Бангон кусæджы боны цытæн.

Паддзахадон хорзæхтæ – кады грамотатæ, грамотатæ æмæ бузныджы фыстæджытæ райстой Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннадийы къухæй æхсæз кусæджы.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы бангон фадыг фæстаг азты фæ-хуыздæр кодта куысты методтæ æмæ технологитæ.

«Бангон уагдæттæ сты паддзахады финансон системæйы ахсджиаг хай, кæцыйы куыстыл баст у æмбæстæгты æмæ æхсæнады фæрныгад. Банысан кæнын хъæуы, лæггæдтæ кæй хуыздæр кæнынц: æхца æвæрджытæ, амалиуæггæнджытæн арæзт цæуынц хуыздæр уавæртæ, рæзы фидыны системæ. Фидæн азы нæм махмæ æнхъæлмæ кæсынц серьезон хæстæ 2022-2025 азты социалон-экономикон рæзты программæ реализаци кæныны контексты, æмæ мæ ныфс ис, дарддæр дæр уæ куыст кæй уыдзæн æнтыстджын æмæ фæстиуæгджын», – загъта Бекъойты Геннади.

Йæ рады Национ бангы сæрдар Джиоты Жаннæ куыд баны-сан кодта, афтæмæй ацы аз банг йæ разы цы хæстæ æрæвæрдта, уыдон æххæст кæй æрцæудзысты æххæст гуырахстæй, æмæ ма загъта, зæгъгæ, коллектив цæт-тæ у дарддæр дæр сæ хæстæ æххæст кæнынмæ, куысты методтæ уæрæх æмæ хуыздæр кæнгæйæ.

Бангон кусджытæн цæсгомджын куысты тыххæй бузныджы ныхæстæ зæгъгæйæ, Хицауады сæргълæууæг раарфæ кодта æрбалæугæ Ног азы бæрæгбоны цытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта дарддæры æнтыстытæ профессионалон архайды.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.